Армыдзаг адæмы хæрзгæнæг

0
278

Всеволод Миллер, Андрей Шегрен æмæ Абайты Васо сты, ирон æвзаг иртасынады уæхскуæзæй чи бафыдæбон кодта, уыцы ахуыргæндтæ. Уæрæсейаг æвзагиртасæг, историк, этнограф, уæрæсейаг академион кавказиртасынады бындурæвæрæг Андрей Михаилы фырт Шегрены райгуырды 230 азы бон æрæджы сбæрæг кодта ахуыргæндты æхсæнад.

Цы хæрзты бацыд йæ рæстæджы нæ адæмæн Ирыстонæй дард уæвæг финнаг лæппу, уый ног фæлтæртæн зæрдылдарыны аккаг у. Стæй канд зæрдыл нæ, фæлæ йын цыт кæнынæн дæр. Цымыдисаг у йæ цардвæндаг, райгуырд Финляндийы Ситкалайы хъæуы. Скъола, гимназ æмæ Абоссаг университеты ахуыр кæнгæйæ, фидæны ахуыргонды зæрдæйы ссыгътой фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ цæхæр, бындуронæй кодта рухстауæн куыст дæр. Университет каст фæуынæй дыууæ азы фæстæдæр Раск Расмус Кристианы ахуырдзау æрбацыд Бетъырбухмæ. Уым диссагæй ницы ис, 1820 азы Финлянди уыд Уæрæсейаг империйы сконды æмæ фидæны ахуыргондæн йæ наукон архайд кæм райдыдта, уыцы горæт уыд Бетъырбух, куыста Румянцевы библиотекæйы. Цыппар азмæ сси Уæрæсейы наукæты академийы уæнг-уацхæссæг, чысыл фæстæдæр – историйы адъютант, стæй та историон-филологон хайады ординарон академик.
XIX æнусы 30-æм азты райдыдта ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ ахуыр кæнын, суанг ма Кавказмæ экспедицийы дæр ссыд. Йæ иртæстыты балцы хатдзæг – ирон кириллицæйы алфавит æмæ, 1844 азы «Осетинская грамматика с кратким словарем осетино-российским и российско-осетинским», зæгъгæ, цы чиныг рауагъта мыхуыры, уый.
Ахуыргонды уыцы куыстыты фæрцы наукæ бæстон базонгæ ирон æвзаджы равзæрдимæ, мырты хъуысынад æмæ рæнхъæвæрдимæ, дунейы иннæ ‘взæгты ‘хсæн ссардта йæ бынат. «Уæрæсейы академийы кавказиртасынады академик Андрей Михаилы фырт Шегрен ирон æвзагæн ратта алырдæм фæндаг æмæ зæрдæйы ахаст, стæй йын йæ закъæттæ сбæлвырд кæнынæй йæхицæн самадта цырт, цалынмæ ‘взаг уа, уæдмæ», – фыста Шегрены ирон грамматикæйы тыххæй газет «Закавказский вестник». Фæстæдæр, 1848 азы йын ирон æвзагыл рацыд чиныг «Псалтырь».
Шегрены размæ ирон адæмы культурæ иртæстой Миллер, Потоцкий æмæ Клапрот. Финнаг иртасæг Андрей Шегрен йæ куыст райдыдта национ æгъдæуттæй, цæмæй æцæгæлон æмæ зын æвзаг бамбара, уый тыххæй ахуыр кæнын райдыдта адæмон сфæлдыстад æмæ дины фыстытæ. Дзæуджыхъæуы тæлмацгæнджытæ – Калачы дины семинары рауагъдонтæ Зыхъуаты Тасо æмæ Шио Двалишвилийы ‘ххуысæй райдыдта уыдæттыл кусын. Мæйы фæстæ бамбæрста, йæ куыстæн ахъаззаг бындур кæй ис, цы зонындзинæдтæ йæм фæзынд, уыдонæн аргъ кæй нæй. 1837 азмæ йæ ирон грамматикæйæн æрмæджыты иу хай уыд цæттæ. «Сывæллонау цин кæнын», – фыста этнограф, æмбæрста, йæ разы абарстыты филологийы «алмаси» кæй ис.
Шегрены фыццаградон хæс уыд финнаг-угораг æвзæгтæ дарддæр ахуыр кæнын, фæлæ куыд фыста, афтæмæй кавказаг адæмты культурæ иртасын сси йæ царды мидис. «…Ныр мын Кавказы æппæт адæмты ‘взæгтæ æмбæлгæ уагыл æрбахъæбыс кæнын уаид æгæр ныфсхаст æмæ къæйных хъуыддаг», – фыста Андрей Михаилы фырт. Цас арфдæр куыста ирон æвзаг иртасыныл, уыйас æй тынгдæр уырныдта – «æнæгуырысхойæ, Кавказы ‘взæгтæй ахсджиагдæр у, Европæ æмæ Азийы егъау индоевропæйаг къорды сæйрагдæр æвзæгтимæ йæ бастдзинад». Фæлæ хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнын йæ къухы нæ бафтыд, дыгурон æвзагыл æрмæджытæ йæм фаг кæй нæ уыд, уый аххосæй. Сфæнд кодта æрмæгыл бынаты бакусын, йæ балц зæрдæйы фæндиаг нæ рауад. Иуæй йын тæлмацгæнæг нæ уыд, иннæмæй йæ æвæстиатæй хъуыд Калакмæ ацæуын. Уый тыххæй Стыр-Дыгурæй æфцæгыл ахызт горæт Онмæ. Фæндагыл баййæфта стыр зындзинæдтæ, кæд ын æххуысгæнджытæ ирæттæй уыд, уæддæр. Цыфæнды уæд, уæддæр бахæццæ Калакмæ, уырдыгæй Дзæуджыхъæуыл ацыд Екатериноград æмæ Георгиевскмæ, стæй Пятигорскмæ, 1837 азы кæрон Стъараполыл ацыд Бетъырбухмæ. Афтæ фæцис Андрей Шегрены кавказаг эпопея.
Æппынфæстаг, Ирыстонмæ сыхъуыст, Бетъырбухы мыхуыры кæй рацыд, рагæй кæмæ ‘нхъæлмæ кастысты, уыцы ирон грамматикæйы чиныг. Уыцы аз æй ныммыхуыр кодтой йæхи тæлмацæй немыцаг æвзагыл дæр. Нæ адæмы культурон царды уый уыд стыр цау, чиныг арæзт уыд дыууæ хайæ. Фыццаджы, 560 сыфыл разныхасы фæстæ уыдысты ирон æвзаджы бæстон иртæстытæ фонетикæйæ синтаксисы онг. Дыккаг хайы та – дзырдуæттæ.
Йæ «Грамматикæ» Уæрæсе æмæ Европæйы зонадон дунейы бацахста зынгæ бынат. Иуæй, чиныджы авторы ном айхъуыст, сси Бетъырбухы Императорон академийы наукæты академик, иннæмæй та абарстыты филологийы Вольнейы номыл конкурсы йæ авторæн лæвæрд æрцыд сыгъзæрин майдан. Ирон æвзаджы чиныджы тыххæй Шегрен хорзæхджын æрцыд Данебергы 3-æм къæпхæны орденæй, ахуыргондæн æй радта Данийы къарол йæхæдæг.
Зындгонд гуырдзиаг ахуыргонд П.Иоселиани Шегрены чиныджы сарæзт абарста Прометейы сгуыхтдзинадимæ, йæ авторы та рахуыдта «æгас Кавказы историон цæсгом», йæ арфæйаг куыст та – «адæмон хъайтар æмæ æппæт ирæтты хæрзгæнæг». «Грамматикæ»-йы рауагъд стыр ахъаз фæцис ирон интеллигенцийы райгуырдæн. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы чиныг райхъал кодта курдиатджын ирон адæмы тыхтæ. Ирон æвзагыл цæуын райдыдтой аргъуыды чингуытæ, Шегрен та Бетъырбухæй дæр йæ цæст дардта Ирыстонмæ, ирæттæм. Нæ рæстæджы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу хæссы, нæ адæмæн стыр хæрзты чи бацыд, уыцы æцæгæлон-хион ахуыргонды ном.

Æрмæг бацæттæ кодта
Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here