Хуыцауысконд ахуыргæнæг

0
301

Бирæ алыхуызон ныхæстæ кæнынц Къора-Урсдоны бæрзонд фахсыл æвæрд Хур-Хоры Уастырджийы кувæндоныл. Табу йæхицæн. Йæ равзæрды тыххæй, чи зæгъы, Къорайы рахизфарс Урсдоны доны сæрмæ ис гом айнæг къæдзæх, æмæ, дам, уыцы къæдзæхы сæрæй Хур-Хоры фахсмæ уæйгуытæ схæцыдысты кæрæдзи ныхмæ. Æмæ цæгатæй хуссармæ фехстой, мæнæ дæлдæр цы дуры кой кæнæм, уый. Уастырджи уым фестад, хъамайæ дур æрцавта, æмæ дзы цы къæртт æрхауд, уый сыл фехста Урсдоны сæрты куыдзæппарæн былмæ.

Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Хъарман-Сындзыхъæуы. Гыццылæй æлыгæй цыдæр сурæттæ кодтон. Цыппæрæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд æлыгæй скодтон Пушкин æмæ Лермонтовы. Иу ахæмы нæм нæ кæртмæ Гасынты Георги æрбацыд æмæ мæ сразæнгард кодта, мæ куыстытæ фенгæйæ. Бузныг ын. Рухсаг уæд зындгонд нывгæнæг Едзиты Сослæнбег, йæ фырт Руслан мах скъолайы черчени-нывкæнынады ахуыргæнæгæй куыста. Æлыгæй кæй скодтон, уый куы федта, уæд афтæ: «Æз зæгъдзынæн мæ фыдæн, æмæ дæ ахуыр кæндзæн, куыд скъоладзау, афтæ». Уыцы бонæй фæстæмæ урокты фæстæ Едзиты кæртмæ згъордтон. Сослæнбег мæ ахуыр кодта йæ дæсныйадыл.
Сослæнбег кувæг лæг нæ уыд, не ‘ууæндыд Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Йæ æрмадз конд уыдис кæрты дуаргæрон, уæлындзсæр амад, куыд хохаг хæдзар, афтæ. Иубон уым уæлындзы сæрыл цыдæртæ архайы, афтæ сыхаг куырыхон хистæртæ – Езеты Микъала, Æбиты Хъарамас, Кацанты Леуан æмæ Сечъынаты Хъарамос æрбацæйцæуынц сыхы бæрæгбонмæ Гогатæм. Сослæнбеджы комкоммæ куы æрбаввахс сты, уæд сæм уæлындзы сæрæй дзуры, цæй Хуыцау, цæй бæрæгбон, кæм ис уыцы Хуыцау, зæгъгæ.
Сослæнбег йæ куыст бакодта, æрхызт, æхсæвæр скодта æмæ йæ сынтæгмæ уатмæ ацыд. Райсомæй бинонтæ райхъал сты, фæлæ Сослæнбег нæ зыны. Йæ бинойнаг Гума кæрты разил-базил кæны, агуры йæ сæрыхицауы, фæлæ – дзæгъæлы, æмæ сылгоймаг фæгуырысхо. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп йæ хъусты къæрцц-къæрцц кæны. Уыцы цырынæй фæмидæг Сослæнбеджы хуыссæн уатмæ, Сослæнбег хуыссы. Гума сындæггай бацыд сынтæгмæ æма уыны, лæг фынæй кæны, не змæлы. Фæдзырдтой дохтыртæм, сæ ныхас уыдис, низæй йæм ницы ис, зæгъгæ. Ацыдысты.
Æртыккаг бон, æмбисæхсæвы, Сослæнбег кæм хуыссыд, уыцы дуар байгом, æмæ дзы æрбазынд урс бæхы сæр бæрцытимæ, йæ дзыларыл хæцы урс-урсид зачъеджын лæг. Сослæнбег йæ сынтæджы рабадт, æмæ йæм лæг дзуры: «Ды цæмæй зоныс, Хуыцау ис æви нæй? Хуыцауæй хатыр ракур, кæд ма дын ныххатыр кæна, уæд».
Афтæ дуар ахгæдта, Сослæнбег та фæстæмæ ахауд, куыд хуыссыд, афтæ. Райсомæй раджы лæг фестад æмæ кæрты разил-базил кæны, цыма ницы уыдис, афтæ. Бинонтæ фæфæдис сты, сых æрбамбырд, цинæн кæрон нал ис. Сослæнбег хиуæттæм, сыхбæстæм фæдзырдта, кусарт акодта, стыр хатыр ракуырдта Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæй æмæ райдыдта кувын. Рæстæг цæуы, Сослæнбеджы цыдæр фæнды, тыхсы, иу ран нал лæууы. Иуцасдæры фæстæ йæм чидæр æрбадзырдта: «Уастырджийы скульптурон фæлгонц Хур-Хоры кувæндоны сараз». Хъуыды сæрæй нал цух кæны. Иубон йæхи бацæттæ кодта дзæбугæй, арцæй, æмæ араст Хур-Хоры бæрзонд фахсмæ, кувæндонмæ. Федта ацы дынджыр бæрзонд, фæтæн дур, æвзары дзы къæртт раппарын, фæлæ дур цæхæр калы, цъула дæр нæ кæны. Сослæнбег, æндæр дур кæд ссарин, зæгъгæ, зилы къуылдымтыл, фæхстыл, иу ран, иннæ ран, фæлæ – ницы. Фæлладæй фæстæмæ разылд дурмæ, дзæбугæй кæй хоста, уымæ, йæ уæраджы сæртыл æрхауд, дзæбуг ныззыввытт кодта дурыл, – дурæй гыццыл къæртт фæхауд. Сослæнбег, мæ цæстытыл истытæ ахъазыд, зæгъгæ, рæвдз фестад, дзæбуг йæ къухмæ æрбаскъæфта, æмæ дур æрцавта дзæбуджы фындзæй. Къæртт дзы фæхауд. Мæнæ диссаг, зæгъгæ, арц фæдардта дурмæ, æмæ та дзæбуджы цæфæй дынджырдæр къæртт рахауд. Риуы æгънæджытæ байгом кодта, цъæх арвмæ йæхи сарæзта æмæ табу кæны, кувы не скæнæг Иунæг Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, зæдтæ æмæ дауджытæм. Æрсабыр, хъуыдыты аныгъуылд, стæй зæгъы, дуры цæгат æмæ хуссарварс дæр басгарон, зæгъгæ. Йæ алыварс зилы дзæбугимæ. Дуры рахиз фарсмæ куы бацыд, уæд йæхиуыл дæр нал æууæнды. Уастырджийы карды цæф куы федта дуры рахиз фарсыл, уæд мæнæ цыргъ кардæй картоф куыд алыг кæнай, афтæ – лæгъз. Карды фистоны цæф абон дæр бæрæг дары, зыны.
Иубон кувæндоны дуры алыварс сыгъдæг кæнæм бæрзонд кæрдæг æмæ бæлæсты къалиутæй. Куыст куы фестæм, уæд Сослæнбег дуры æнцой йæхи æруагъта, мæ улæфт суадзон, зæгъгæ, мæм дзуры: «Таймураз, мæ хъару уый бæрц нал амоны, райсом цы бон уыдзæн, уымæн базонæн нæй, æмæ дын фидарæй фæдзæхсын мæнæ Хур-Хоры Уастырджийы кувæндон, табу йæхицæн. Ма йæ ныууадз дзæгъæл, дæ цæст æм дар, æфснай йæ, сыгъдæг æй дар».
Уыцы бонæй абоны онг æххæст кæнын Сослæнбеджы фæдзæхст. Дурмæ цæмæй фос ма цæуой, уарынтæй ма хæла, уымæ гæсгæ сарæзтон æхгæдсæр сарагонд, йæ алыварс та – бæрзонд быру. Арæзтадон æрмæгæй мын чи баххуыс кодта, уыдонæн сæ цæрæнбон бирæ уæд, Уастырджийы уазæг уæнт.
1962 азы мæм Хур-Хоры кувæндоны æвзæрст куывды лæгтæ, Магаты Коля æмæ Айларты Аслæнбег фæдзырдтой. Æз æвæстиатæй сæ уæлхъусмæ схæццæ дæн кувæндонмæ. Бæласы бын стъолыл æвæрд дынджыр дуры къæртт, йæ иу фарс – лæгъз иннæ – тымбылдзæф. Æз æм фæракæс-бакæс кодтон, стæй йæ рахастой, карды цæфы фæд цы дурыл баззад, уырдæм, æмæ йæ, цыма, ныхасгæ кæнынц, йæ бынаты йыл хæцынц. Æмæ йæ бынаты сбадт.
– Мæнæ диссаг, цæмæн ма йæ рахæсс-бахæсс кæнут, æз æй бæлвырд зонын, ацы дуры къæртт Уастырджийы карды цæфæй кæй у, уый. Табу йæхицæн. Фæстæмæ йæ куы схастой, уæд Коля, куыд хистæр, афтæ зæгъы:
– Мах ацы дур бирæ рæстæг фæцагуырдтам æмæ йæ ссардтам, кæм æрхауд, уым зæххы бын, чысыл ма æндæрг дардта, æмæ йæм æркæс лæмбынæг, мах фæнды, дæхи къухæй дзы Уастырджийы уæлбæхыл куы саразис, уый». Æз æм фæракæс-бакæс кодтон, æмæ сразы дæн сæ курдиатыл. Сарæзтон скульптурон барельеф. Уастырджи уæлбæхæй мары залиаг калм. Абон дæр ис кувæн бæласы бын æвæрд, мæнæ, уæлдæр афтæ кæмæй загътой, уæйгуытæ йæ дæлимонтыл ныззыввытт кодтой, зæгъгæ, уыцы дур. Сарæзтон хид кувæндонмæ бахизæны къанауы сæрты. Махъоты Барис йæхи автокранæй аласта хæтæлтæ æмæ сæ сæвæрдта къанауы доны цæуæны. Уастырджийы уазæг уæд. Ацы ран та йын баххуыс кодта Алагиры фæндæгты арæзтадон управленийы хицауад грейдерæй. 2013 азы сарæзтон ног композици Уастырджи уæлбæхыл, куыд автор, афтæ. Ацы ран мын стыр æххуыс бакодта академик, скульптор, архитектор Суанты Сергей. Скульптурæ æвæрд æрцыдис бæрзонд постаментыл Сындзыхъæуы Уастырджийы кувæндоны. Уымæн йæ макет та, Уастырджи уæлбæхыл, æвæрд æрцыд 2023 азы ноябры мæйы, Джеоргуыбайы бæрæгбоны Хур-Хоры кувæндоны.

Мæрзаты Таймураз,
Беслæны ветеранты советы сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here