Сæрмагонд хæстон операцийы архайджытæ уæгъд кæнынц ног горæттæ æмæ хъæутæ. Волонтертæ æмæ Уæрæсейы регионты цæрджытæ сæм кæй æрвитынц, уыдоныл ма бафтыд: арæзтадон æрмæджытæ хæстонты хъæуынц блиндажтæ аразынæн. Ирыстонæй æндæр рæтты цæрæг адæймæгтæ дæр се ‘ххуысы хай хæссынц иумæйаг хъуыддагмæ. Цы хуызы, уый нæ уацхæссæг базыдта, горæт Волгодонскы æмæ йæ алфамбылай районты цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ.
Авдеевка, Лисичанск, Работино – æдæппæтæй цыппæрдæс дæлхайады æрвитынц æххуыс Волгодонскы Цымлянскы районы «Помощь мобилизованным»-ы къорд сæрмагонд хæстон операцийы хæстонтæн. Дыууæрдæм бастдзинады фæрцы фадат ис æппæт æнæмæнгхъæугæ фæрæзтæ къухæй-къухмæ дæттынæн.
Сæрмагонд хæстон операцийы архайджытæ не ‘мзæххон рæдаукъух Фатимæйы чъиритæм æнхъæлмæ фæкæсынц. Иуæй – хæрзад, иннæмæй – æфсæдынæн иууыл хуыздæр амал. Къæбæргæнæджы стырдæр цин – хæстонты бузныджы ныхæстæ, фæхæццæ йæм вæййынц бастдзинады фæрцы.
– Хатыр дæ курын, нырмæ дæм кæй нæ бадзырдтон, уый тыххæй. Æнæвдæлон уыдыстæм, ныр къæвдатæ райдыдтой, æмæ рæстæг дæр фæзынд. Бузныг дæ хуынæй! Ирон чъиритæ диссаджы хæрзад сты, ныронг сæ чи нæ зыдта, уыдон дæр сæ тынг бауарзтой. Алы адæмыхæттытимæ иумæ хæцæм. Лæппутæн дæ бацамыдтон, загътон сын, мæ мады хорз æмбал Фатимæ сæ кæй рарвиты,– зæгъы, телефонæй йæм цы арфæйы хъусынгæнинаг æрбарвыста дагестайнаг лæппу Халид Эмеев, уым.
Цал ахæм видеофыстæджы æрбацыд хæстонтæй, уый йæхæдæг дæр нæ хъуыды кæны. Ныфсы хос ын сты, дæттынц ын цæрынæн хъару. Сæ ныхасы кæрон та алкæд бафтауынц, хæст куы фæуа, уæд дæм уæлахизимæ ссæудзыстæм, æмæ ныл дæ чъиритæй фæйнæ хайы байуардзынæ, зæгъгæ.
Хъаныхъуаты-Ивженко Фатимæ – Фыййаджыбылæй рацæугæ, ныр – хутор Парамоновойы цæрæг. Цыппор æртæ азы размæ йæ фæскомцæдисон путевкæмæ гæсгæ арвыстой Волгодонскы арæзтадмæ, куыста бæрзонд уæзæгтæ исæн краныл. Ирыстойнаг чызг ам ссардта йæ амонд, ирондзинадыл ахуыр кодта йæ кæстæрты. Хъысмæт ыл нæ бацауæрста, æвирхъауæй фæмард йæ хъæбул, æрæджы та – йæ мой дæр. Низæфхæрд сылгоймаг нæ фæтасыд зындзинæдтæн, кæд йæ зæрдæ слæмæгъ, уæддæр. Хæрзаудæн мадзалы йын ис æххуысгæнджытæ, йæ фарсмæ сты йæ чызг Аленæ æмæ йæ хъæбулы хъæбул Матвей.
Фатимæ иунæг ирыстойнаг нæу хæрзаудæн къорды – йæ арфæйаг хъуыддаджы йемæ æмдзу кæнынц йе ‘мкъласонтæ Тотраты Владислав, Хестанты Эммæ æмæ Хъæлæгкаты Риммæ, стæй йæ хотæ – Ленæ æмæ Ритæ.
– Мæ дагестайнаг æмбал Гульжанат Эмеева мын арæх æрбаласы цыхт, гæнæн-амалæй урсаг фæхæццæ кæнынц Ирыстонæй дæр, уæддæр та хæдзарон цыхтæй хæрзаддæр рауайынц чъиритæ. Æнæ уыдонæй мын зын уаид утæппæт чъиритæ сцæттæ кæнын нæ хæстонтæн. Уæлдай тынгдæр фыдджынтæ бауарзтой, æмæ сын сæ фылдæр архайын арвитын,– зæгъы Фатимæ.
Сæрмагонд хæстон операцийæн йæ райдайæнæй нырмæ хæстон уавæрты æнæмæнгхъæугæ аппаратурæ, кусæнгæрзтæ æмæ дзаумæттæ бынатыл сæмбæлын кæнынц Романовскы станицæйы хъазахъхъаг атаман Сергей Медведев, хæстоны мад Татьянæ Шепелева æмæ æдзард хæстон хъæбатыры мад Татьянæ Скляренко. Къорды уæнгты æрхъуыдыгонд «хъæццултæй» разыйæ баззадысты нæ хæстонтæ, сæ фæрцы сæ знагæн зын у, цы ран сты, уый раиртасын.
Зын сахат кæрæдзи фарсмæ ‘рбалæууыдысты æмæ сæ тыхтæ уæлахизмæ сарæзтой алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, се ‘ххуысы хай æнæрынцойæ хæссынц, адæмы сæрибардзинад æмæ дунейы сабырдзинадыл чи тох кæны, уыцы хæстонтæн. Кувынц æмæ курынц, цæмæй хæст фæуа уæлахизимæ, æмæ нæ хæстонтæ сæрæгасæй сæмбæлой сæ хæдзæрттыл.
Хуыбиаты Ларисæ














