2014 азы ирон мыггæгты форумы бындурыл равзæрд ног æхсæнадон змæлд «Иудзинад». Йæ куысты сæйраг нысан у, ирондзинадмæ цыдæриддæр хауы: æвзаг, æгъдау, æфсарм, ирон бæрæгбæтты фæтк, уыцы фарстатыл кусын, адæмы рæгъмæ сæ рæсугъдæй хæссын æмæ æвдисын. 18 майы æхсæнадон змæлдыл сæххæст дæс азы. Уыдонæй аст азы хистæркъласон лæппутæ æмæ чызджыты ‘хсæн аразынц æркаст «Ирон дæн æз».
Фæлтæртæ куыд ивынц, афтæ ивы сæ зондахаст дæр. Бирæтæ фæзæгъынц, æвзаг æмæ æгъдæуттæ сæфынц, зæгъгæ. Змæлды хъæппæрис дæр уый тыххæй у, цæмæй, фæлтæртæ куыд цæуынц, афтæ дзы архайд уа. Нæ ныхас у координатор æмæ конкурсæн дзуаппдæттæг Туаты Аланимæ.
— Æгъдауæй дæр, бæрæгбæттæй, сæ мыггаджы равзæрдæй, кусæнгæрзтæй, стæй аивадимæ баст куы уой, уæд сæ зонд æмæ зæрдæйы баззайдзысты, ома, дарддæр цы хæссой, уый уыдзæн, — зæгъы Алан.
Районты æркастытæ куы цыдысты, уæд дæр дзы рабæрæг бирæ курдиатджын æмæ арæхстджын фæсивæд. Æркасты аразджытæ бузныг сты, чи сæ бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæй, уымæн æмæ скъоладзау йæ ахуыргæнæджы зондахаст хæссы. Сæ фæндонмæ гæсгæ, жюрийы уæнгтæ дæр сты ахуырад æмæ аивадимæ баст адæймæгтæ, сæ сæргъы — зонад æмæ ахуырады къабазы фæлтæрдджын кусæг Мамытты Гермæн. Змæлдæн ацы иумæйаг архайды хорз æххуыс у нæ республикæйы Ахуырады министрад дæр.
Фæсивæды галуан «Электрон»-ы ацыд конкурсы кæронбæттæн. Архайдтой дзы хуыздæртæй хуыздæртæ: Боциты Каринæ Къостайыхъæуæй, Гаситы Мæдинæ Олгинскæйæ, Цъебойты Миленæ Дур-Дуры 2-æм скъолайæ, црайуаг Абайты Дианæ, Гуйты Миленæ Советон хъæуæй, Тыбылты Аннæ Цхинвалæй, Цыдаты Данæ
Дзæуджыхъæуы 30-æм скъолайæ, Бететы Альбинæ Елхоты 1-æм скъола æмæ Цгъойты Дианæ Джызæлы санаторон скъола-интернатæй. Кадджын уавæры конкурс гом кæнгæйæ, йæ амонæг Налдыхъуаты Зæлинæ ракуырдта уазджытæй, цæмæй, иу минут æдзæмæй лæугæйæ, ссарой, конкурсæн æмæ змæлдæн бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт лæггад чи кодта, уыцы Токты Валодяйы ном.
Чызджытæ, сценæмæ хизгæйæ, кастысты ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ, дыккаг домæнмæ гæсгæ сæ радзурын хъуыд сæ мыггæгты тыххæй, йæ равзæрд, мыггагæн кад æмæ намыс чи кæны, уыдоны фæдыл æмæ сæ бинонтыл. Æркасты аразджытæ хуымæтæджы нæ бахастой мыггæгты тыххæй ногдзинад. Туаты Алан æй куыд æмбарын кæны, афтæмæй сывæллон хъуамæ зона, ирон цæмæй у æмæ ирондзинад цæй мидæг ис, уый. Æмæ йæ архайджытæ тынг биноныгæй бакуыстой сæ мыггаджы равзæрды тыххæй домæнимæ, сбæрæг кодтой сæ историтæ не замантæй абоны онг.
Мидисджын æмæ цымыдисаг цаутæй хъæздыг радзырдтæ бацæттæ кодта Абайты Дианæ, йæ мыггаджы тыххæй презентаци равдисгæйæ. Цгъойты Дианæ бацæттæ кодта мæсыг æмæ йæ мыггаджы бæлас. Чызджытæ дыууæйæ дæр равдыстой сæ мыггæгты зындгонд минæвæртты. Тыбылты Аннæ радзырдта сæ мыггаджы дзуæрттимæ баст таурæгътæ. Гуйты Миленæ та сæрыстыр у йæ дадатæй, Фыдыбæсты Стыр хæсты архайджытæй. Цыдаты Данæ йæ мыггаджы миниуæг равдыста ирон æмбисондæй: «Цыдатæн сæ изæры бас райсомæй дæр фыцгæ кæны».
Чызджытæн бацæттæ кодтой билеттæ, æмæ сæ хъуыд радзурын ирон æгъдæуттæ (авдæнбæттæн, мыдыкъус, Мады-Майрæмы тыххæй), уæдæ сæ хорз зонын хъуыд ирон хæдзары зæронд дзаума æмæ хæринæгтæ дæр. Фарстатæ уыдысты дыууадæсæй фылдæр.
Хъотайты Сæлимæт æркастмæ бацæттæ кодта гимназ «Альбион»-ы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Тыбылты Аннæйы. Сæлимæт нын куыд радзырдта, афтæмæй æркасты архайынц фыццаг хатт. Тынг сын баххуыс кодтой Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусджытæ дæр. Музейты агуырдтой зæронд мигæнæнтæ, æмæ сæ афтæмæй Аннæ сахуыр кодта. Рагон хæринæгты тыххæй та сын радзырдта Галуанты Земæ.
Жюрийы уæнгтæ Мамытты Тамерлан, Гæзайты Зоя, Хетæгкаты Оксанæ, Нæкуысаты Иринæ, Хуырымты Илонæ æмæ Сидахъаты Анжелæ тынг лæмбынæгæй хъуыстой алы архайæгмæ дæр æмæ сбæрæг кодтой уæлахиздзауты. Фыццаг бынат саккаг кодтой Абайты Дианæйæн, дыккаг — Боциты Каринæйæн, æртыккаг бынатмæ рацыд Гаситы Мæдинæ. Уæлахиздзаутæ систы, чи сæ бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджытæ дæр — Челдыты Мæдинæ, Цхуырбаты Зарæ æмæ Хъараты Фатимæ. Се ‘ппæты дæр схорзæхджын кодтой æхцайы призтæй фæйнæ 20, 15 æмæ 10 мин сомæй, зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ грамотæтæй.
Æркасты домæнтæм гæсгæ ма фæуæлахизуæвæгæн, уæлдæр ахуырадмæ бацæугæйæ, фондз азы дæргъы фиддзысты стипенди 5 мин сомы. Арфæ кæнæм уæлахиздзаутæн. Æхсæнадон змæлдæн дæр нæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстдзинæдтæ.
МАМИАТЫ Лолитæ














