Хæцдзысты Олимпиаг хъæзтыты

0
88

Олимпиаг хъæзтыты бындурæвæрджытæ ацы ерыстæй адæмтæм сидтысты сабырдзинадмæ. Сæ хъуыды уыди тугкалæн хæстытæ спортивон ныхмæлæудæй баивын. Хъыгагæн, ныры рæстæг дунеон олимпиаг змæлды сæргълæу-джытæй ферох, уыцы арф æмæ адæймагуарзон ныстуан. Æндæр куыд бамбарæн ис, абон Уæрæсе æмæ Белоруссийы спортсменты фæндæгтæ Олимпиаг хъæзтытæм алы ’фсæнттæй æхгæнгæ чи кæны, уыцы æдзæсгом спортивон разамонджыты.

Ацы аз дыууæ мæйы фæстæ Парижы цы 33 Олимпиаг хъæзтытæ цæудзысты, уырдæм лицензи рамбулыныл цы мингай спортсментæ ерыс кодтой, уыдоны ’хсæн уыдысты Ирыстоны минæвæрттæ дæр.
Раздæрау ацы хатт дæр балцæг рамбулыныл нæ республикæйæ цы спортсментæ архайдтой, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты уæгъдибар хъæбысхæсты богæлттæ. Уæрæсейы номæй хæцæг богæлттæй лицензитæ æппæты фыццæгтимæ райстой спорты сгуыхт мастертæ Сидахъаты Зауырбег æмæ Найфонты Артур. Хъыгагæн, сæ дыууæ дæр, Уæрæсейы командæйы уæвгæйæ, хъуамæ Парижы ерысты архайой æнæ паддзахадон тырысайæ.
Нæ богæлттæ ма цалдæрæй олимпиаг лицензитæ рамбылдтой æндæр бæстæты номæй хæцгæйæ. Сæхи сæрæнæй равдыстой: Салхъазанты Таймураз (Словаки), Цæболты Хетæг (Серби) æмæ Уалыты Чермен (Албани). Се ‘ртæ дæр хæцынц 74 кг онг уæзы. Ацы уæзы Парижы уыдонæй уæлдай хъуамæ хæца дунейы 3 хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Сидахъаты Зауырбег дæр.
Нæ ацы цыппар богалы иу уæзы кæй хæцдзысты, уый цымыдисаг у. Сæ иу у сындзыхъæуккаг лæппу Салхъазанты Таймураз. Уый уæгъдибар хъæбысхæстыл фæцалх кодта йæ фыды ’фсымæр, тренер Салхъазанты Олег. Фæстæдæр Дзæуджыхъæуы иуцасдæр йемæ куыста Хæллаты Вячеслав, 17-аздзыдæй фæстæмæ та йæ тренер у Дедегкаты Хъазыбег. Нæ номдзыд тренер Таймуразы тыххæй зæгъы: «Фыццаджыдæр, мæ зæрдæмæ фæцыд,
хæрзæгъдау æмæ æнæзивæг кæй уыд, уый тыххæй. Уыцы миниуджытæ йæм ис абоны онг дæр. Уæрæсейы ерысты архайгæйæ, ссис фæсивæды ’хсæн нæ бæстæйы чемпион. Уый фæстæ та 1-аг бынат рамбылдта 23 азы карæн фæсивæды дунеон чемпионаты. Словакийы спортивон кад хъахъхъæнгæйæ, ссис Европæйы 4 хатты чемпион, дунеон чемпионаты та бацахста 2-аг бынат. Ныр нæ нысан у Олимпиаг хъæзтыты фесгуыхын, æмæ уымæ йæхи цæттæ кæны нæхимæ, Ирыстоны».Таймураз йæ бацæттæгæнæг тренертæй у тынг бузныг: «Кæд мын исты бантыст мæ спортивон фæндагыл цæугæйæ, уæд – мæ тренерты фæрцы. Æз се ’ппæты узæлд дæр хатын абоны онг дæр. Словакийы номæй ерысты архайгæйæ, мæ фарсмæ вæййы бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Эрик Цап æмæ уый æппæт дæр аразы, цæмæй къуылымпы ма кæнæм, уымæн. Мæнæн æхсызгон у, мæ уæзы (74 кг онг) Ирыстонæй цыппарæй кæй ерыс кæндзыстæм, уый. Кæд цыппар бæстæйы номæй хæцдзыстæм, уæддæр нæ хъуыдытæ баст сты нæ рай-гуырæн Ирыстон æмæ нæ уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы кадджын ном-имæ. Не ‘ппæт тыхтæй дæр тырндзыстæм нæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæтæ барухс кæнынмæ. Уый тыххæй та нæ хъуамæ исчи суа Олимпиаг хъæзтыты уæлахиз-дзау».
Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ сагсур фæсивæды минæвæрттæ цыппарæй дæр Олимпиаг хъæзтыты хæрзиуджытæй хорзæхджын куыд суой.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here