Дзывгъисы дзуар тыхджын у!

0
87

Советон дуджы чи райгуырд, скъола æмæ уæлдæр ахуырад уыцы заман чи райста, уыдоны фылдæр хай атеисттæ сты. Æууæндынц æви нæ, уый ныр зын раиртасæн у. Нæ цæуынц аргъуанмæ, мæзджытмæ, ирон бæрæгбæтты æртæ чъирийæ ссарынц нæхи ирон Хуыцау æмæ йе сконд зæдты нæмттæ. Дзуары бонты ацæуынц кувæндæттæм, уымæн æмæ сын уый æууæндыны фарста нæу, фæлæ — традици. Æмæ сын чидæр æрхъуыды кодта ном дæр — «традиционалисттæ».
Куырттаты ком дæр, Ирыстоны иннæ кæмттау, хъæздыг у кувæндæттæй. Се ‘хсæн хицæн бынат ахсы Дзывгъисы дзуары кувæндон. Историктæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæзынд æвддæсæм æнусы. Раджы дæр æмæ ныр дæр йæ рæзты чи фæцæуы, уыдон æрлæууынц, сæхи, сæ бинонты йыл бафæдзæхсынц æмæ мысайнаг сæвæрынц. Ирæтты этнографи æмæ мифологийы дзырдуаты загъд ис: «Йæ бæрæгбон вæййы Джеоргуыбайы фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Бæрæгбон ахæссы иу къуыри. Фыццаг афтæ уыд, æмæ-иу куывд куы иу хъæу скодта, куы — иннæ хъæу. Равзæрстой-иу дыууæ адæймаджы — куывды фысымтæ. Уыдонæй-иу алчидæр радих кодта фæйнæ фысы, гал, дзуллаг ссад, хъæбæрхор бæгæны кæнынæн. Бæрæгбонмæ бацæттæ кæнын æнцон нæ уыд, æмæ ма-иу сын æххуыс кодтой цалдæр адæймаджы. Нæлгоймæгтæ хастой суг, фыхтой бæгæны, дзидза, сылгоймæгтæ кодтой хойраджы кой. Уыцы куыстытæ цыдысты кувæндонмæ хæстæг хæдзæртты. Æхсæны куывд-иу райдыдта дзуары лæджы куывдæй. Дзуары лæг-иу куы скуывта, уæд-иу фынгыл æрбадтысты. Фæсивæд кафыдысты, зарыдысты, се ‘хсæнæй-иу равзæрстой цалдæр адæймаджы, æмæ уыдон æгъдауы фæткмæ кастысты. Уыцы бон-иу æппынкъаддæр кафыд æртæфондзы-
ссæдз, цыппарфондзыссæдз адæймаджы. Лæппу-фæсивæд-иу хистæртæй бар ракуырдтой æмæ бæхтыл хъазыдысты, хуыздæр арæхстдзинад чи равдыста, уымæн-иу хистæртæ раарфæ кодтой, дзуары лæгтæ-иу сын нуазæнтæ рарвыстой. Дзывгъисы
Уастырджийы бæрæгбон-иу кæддæриддæр ацыд æгъдауыл. Фæизæрырдæм, уæд-иу хъазт баурæдтой æмæ адæм сæ хæдзæрттæм здæхтысты. Дард хъæутæй чи æрбацыд, уыдон-иу æхсæвы сæ фысымтæм баззадысты. Фысымтæ-иу сæ сбуц кодтой, æхсæв-бонмæ-иу фæкафыдысты, фæзарыдысты. Къуырийы бон-иу куы ‘рхæццæ, уæд-иу скодтой Дзывгъисы Уастырджийы æрвитæн куывд. Ныр дæр Дзывгъисы Уастырджийы бæрæгбон скæнынц иумæйаг куывд. Адæм фæбадынц, фæзарынц, фæкафынц.
Æрæджы, Фыййайагдоны уæвгæйæ, нæ фæндаг Дзывгъисы кувæндоныл акодтам, дыццæджы дзы уыдзæн куывд, æмæ нæ фæндыд дзуары лæг Елхъанаты Хъазыбегимæ аныхас кæнын. Хъазыбег йæ бынаты уыд — кувæндоны фынджы сæргъы къæлæтджыны бадт, кæй æртæ чъирийы куывта, уыдон та нæ зонгæтæ разындысты — Горæтгæрон районы райпойы сæргълæууæг Хуыбаты Валя, йæ цардæмбал Дзгойты Хасан æмæ сæ хæстæджытæ æртæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах дæр фынгыл сбадын кодтой, æмæ Хъазыбеджы диссаджы мидисджын куывдтытæм байхъуыстам. Фæлæ куывды сæр цы уыдис, уый базонын нæ куыд нæ фæндыд, æмæ нын цыма Валя нæ хъуыды бамбæрста, афтæ радзырдта:
— Æз дæр советон дуджы адæймаг дæн æмæ, æвæццæгæн, мæ уырнындзинад бынтон фидар нæ уыд. Хасанимæ нæ цард куы баиу кодтам, уæд, куыд алы æрыгон бинонтæ, афтæ бæллыдыстæм сабимæ. Фараст азы фæцардыстæм ахæм бæллиццимæ. Æмæ мын иу сылгоймаг бацамыдта, табу йын уæд, Дзывгъисы дзуармæ, дам, фæцу æмæ йæм зæрдиагæй бакув. Æцæгæйдæр, аластам, æгъдау куыд амоны, афтæ, æртæ кæрдзыны, кусæрттаг, бæгæны… Нæ куывдтытæ уæларвон тыхтæм фехъуыстысты æмæ, уæ фарн бирæ, фараст мæйы фæстæ дунейы рухсмæ фæзынд нæ чызг. Уæд ногæй ссыдыстæм дзуары бынмæ æмæ ам ард бахордтон, зæгъын, дын дæ номыл æрвылаз кусарт кæндзыстæм, зæрдиагæй дæм кувдзыстæм.
Рæстæг цыди, æмæ иу аз хъуыддæгтæ сбирæ сты. Афтæ рауад, æмæ Дзывгъисмæ не ссыдыстæм. Иу æхсæв мæ фыны уынын цыдæр æнахуыр гæды, лæбурдта мæм, цъæррæмыхстытæ мæ кодта. Мæ фырдиссагæй фехъал дæн. Райсомæй мæ фын мæ хойæн радзырдтон. Уымæ цыдæр зонындзинæдтæ уыдис, æмæ мын афтæ, цавæрдæр зæды зæрдæхудты, дам, бацыдтæ. Уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыд, Дзывгъисмæ кæй нæ фæцыдыстæм, уый. Уæдæй нырмæ ныр 31 азы дæргъы æрбацæуæм ацы зæдбадæн бынатмæ. Елхъанаты бинонтимæ нын æнгом баст-
дзинад ис. Хъазыбег нæ бафæдзæхсы Дзывгъисы Лæгты дзуарыл, æмæ нын æххуыс кæны.
Хуыбаты Валя уæззау зонды хицау у. Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй хъуыдытæ материалон сты, уæларвмæ цы арвитай, уый дыл хъуыддагæй æрцæудзæн. Æмæ кæд Валя æууæнды, рæсугъд хъуыдытæ космосы тыгъдадмæ арвиты, уæд ыл, æнæмæнг, рæсугъд хъуыддæгтæй сæмбæлынц.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here