Сæйрагдæр – адæмы царды хæрзхъæддзинад

0
261

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты дыууын фарæстæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæ, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Æмбырды размæ депутаттæ, иу минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой се ‘мкусæг, Парламенты депутат Токаты Людмилæйы рухс ном. Зындгонд политик æмæ æхсæнадон арха-
йæг Токаты Людмилæ уыд цыппæрæм, фæндзæм, æхсæзæм æмæ ныры, æвдæм, равзæрст Парламенты депутат, ахста дзы бæрзонд бынæттæ. Алы рæстæджыты уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг, Парламенты наукæ, ахуы-
рад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар, советы уæнг. Йæ фæстаг бонтæм дæр архайдта Парламенты советы æмбырдты, уыимæ – цæугæ æмбырдты республикæйы районтæм дæр, конференциты, алыхуызон дзыллон мадзæлтты. Разамынд лæвæрдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æххæстгæнæг комитетæн. Алкæддæр уыд адæмы ‘хсæн, адæмæн баххуыс кæнын нымадта йе стырдæр хæс æмæ амондыл. Куыст уыд йæ царды фæрæз. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй Токаты Людмилæйы цард у Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ йыл иузæрдиондзинады хуыздæр цæвиттон.
Депутаттæ байхъуыстой æмæ дыккаг бакасты закъонтæ сфидар кодтой, Парламенты закъонад, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчес-
ты Аслан æмæ социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ кæй бавдыстой, уыцы закъонты проекттæ. Уыдон баст уыдысты, уынаффæ хæссыны хъæлæсы бар кæмæн ис, æвзарæн къамисты уыцы уæнгтæн сæ куысты уæлæмхасæн зæрдæдарæнтимæ, бирæсывæллонджын бинонтæн, стæй сидзæрæй кæнæ æвæгæсæгæй баззайæг сывæлæттæн социалон уæлæмхасæн æх-
хуысы мадзæлттимæ æмæ, сывæллон хæссынмæ чи райста, уыцы адæймæгтæн сæ бафысты уагæвæрд æмæ йæ бæрцимæ.
Реуазты Ларисæ ма ныхас кодта «2023 азы Рес-публикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл.
Куыд загъта, афтæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз æнгом баст у национ æдасдзинадимæ æмæ у паддзахадон политикæйы сæйрагдæр нысан. Æмæ уыцы æдасдзинад аразгæ у медицинон æххуысы хæрзхъæддзинадæй æмæ, йæ нысантæм гæсгæ дзы куыд пайдагонд цæуы, уымæй. Закъон депутаттæ сфидар кодтой дыккаг бакасты.
Депутаттæ равзæрстой, республикæйы Хицауад фыццаг бакасты æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, къорд уыцы закъоны проекттæ. Сæ иу – «2024 азмæ æмæ 2025-2026 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова. Куыд загъта, афтæмæй 2024 азы республикон бюджеты сæйраг бæрæггæнæнтæ сты ахæм: æфтиæгтæ – 48,846,7 милуан сомы, хæрдзтæ – 49,842,3 мил-уан сомы, бюджеты кадавар – 995,6 милуан сомы. Æмæ министры хæдивæг ранымадта республикон бюджеты сæйрагдæр
хæрдзтæ: сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæн, стæй дзы чи фæцæф, уыдонæн æххуыс; республикæйы министрадтæ цы проекттæ æххæст кæнынц, уыдон кæронмæ ахæццæ кæнынæн æххуыс; льготæтæй пайдагæнæг адæймæгтæн дзæбæхгæнæн хостæ æлхæнын; Уæрæсейы Федерацийы ног субъекттæн æххуыс кæнын; автоколоннæ-1210 лизингы фæрцы цы транспорт балхæдта, уымæн фидыны тыххæй субсидитæ дæттын æмæ афтæ дарддæр.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстайы ахсджиагдзинад нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
Оксанæ Карова ма ныхас кодта «2023 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы бюджет республикæ сæххæст кодта бюджетон закъонæвæрынады æппæт домæнтæм гæсгæ. Афæ-дзы дæргъы йæм фондз хатты хаст æрцыд ивддзинæдтæ, æмæ се ‘ппæты тыххæй дæр министры хæдивæг бæстон æрныхас кодта.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодтой респуб-ликæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал, стæй Хæдарцаты Аслæнбег. Йæ раныхасы Хъæлыцты Инал загъта, республикон бюджет 98 процентæй кæй æрцыд æххæстгонд, æмæ бафиппайдта, ахсджиагдæр кæй сты нымæцтæ нæ, фæлæ адæмы царды хæрзхъæддзинад. «Уый та хуыздæр уæд кæндзæн, æмæ æппæт мадзæлттæ дæр адæмы цардыл хуыздæрæрдæм куы бæрæг кæной, уæд», – загъта палатæйы сæрдар.
Раныхæсты фæдыл фарстытæ уыд Тускъаты Таймураз æмæ депутат Цæгæраты Русланмæ. Афтæмæй, закъоны проект фыццаг бакасты фидаргонд æрцыд.
Депутаттæ байхъуыстой, 2023 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæсивæдон парламент куыд бакуыста, уый фæдыл йæ Сæрдар Аслæмырзаты Азæмæты дзуаппон раныхасмæ. Уый бæстон æрдзырдта, ивгъуыд аз Фæсивæдон парламенты уæнгтæ республикæйы Парламентимæ, Цæгат Кавказы рес-публикæты, стæй Донецкы Адæмон
Республикæйы закъонæвæрынадон оргæнтимæ, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон æмæ фæсивæдон организацитимæ, Фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитетимæ куыд куыстой, цавæр фарстатæ лыг кодтой, се ‘мгуыстадæн цавæр фæстиуджытæ уыд, æппæт уыдæттыл.
Раныхасы фæстæ Тус-къаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй депутатæн йæ архайды мидис у, чи йæ равзæрста, уыцы адæмæн лæггад кæнын. Æмæ уыцы куыст æххæст кæныны хъуыддаджы Парламенты депутаттæ сæ кæстæр æмгуыстгæнджытæн сæ фарсмæ балæууын æмæ сын баххуыс кæнынмæ алкæддæр сты цæттæ.
Раныхасы фæдыл депутаттæ сфидар кодтой Парламенты уынаффæ.
Уымæй уæлдай, Парламенты уынаффæты проект-тæ хаст æрцыдысты, уымæй размæйы æмбырдты рæстæг депутаттæ цы раныхæстæ æмæ цы фарстатæм байхъуыстой, уыдоны фæдыл.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here