Ног фæндаг — скъоламæ

0
62

Бирæ хорз ивддзинæдтæ цæуы царды. Зæгъæм, æнæбафиппайгæ нæй, нæ фæндæгтæ аив æмæ æнцонвадатджын кæй кæнынц, уый. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, фæндаг цард кæй у, хоны нæ дард æмæ хæстæг рæттæм.
Нывыл арæзт фæндæгты фæрцы æнцонвадатдæр кæны адæмы цард, сæ
куыст. Уыцы æхсызгондзинад сæмбæлд Æрхонкæйы станицæйы Октябрьская-йы уынджы цæрджытыл. Бирæ азты сын цы фæндаг лæггад кодта, уый заууатмæ æрцыд, фистæгæй цæуджытæ, стæй, алыхуызон транспортæй чи пайда кæны, уыдон зындзинæдтæ æвзæрстой. Куыд цæуынц цалцæджы куыстытæ, уый фенынмæ абалц кодтам хъазахъхъаг станицæмæ. Арæзтадон куыстуат «Дорстрой»-ы специалисттæ биноныг архайынц, цæмæй ног фæндаг бирæ азты цæрджытæн къуылымпытæ ма æвзарын кæна, ууыл.
Фæндæгтæ аразæг куыстуаты разамонæг Бирæгъты Ростислав нын радзырдта цалцæджы куыстыты фæдыл бæлвырд хабæрттæ.
— Горæтгæрон районы бынæттон администраци нын бахæс кодта, æмæ куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Ног фæндаджы дæргъ — 750 метры, йæ уæрх та — 6 метры, афтæмæй йæ ногæй рацараздзыстæм. Ахсджиаг у, уымæн æмæ цæуы астæуккаг скъолайы цурмæ. Кæрæдзиуыл бæтты Æрхонкæйы иннæ уынгтæ дæр. Бацархайдзыстæм, цæмæй фылдæр азты балæггад кæна адæмæн. Ног фæндаг уыдзæн лæгъз, дзуапп дæтдзæн æппæт техникон æмæ æдасдзинады домæнтæн дæр. Кусæм æппæты хуыздæр арæзтадон æрмæгæй. Нырыккон техникæ фадат дæтты æнæкъуылымпыйæ архайынæн, уымæ гæсгæ куыстытæ фæуыдзыстæм æмгъуыдæй раздæр, — зæгъы Ростислав.
53 азы — æнусы æмбис. Уый бæрц аразы фæндæгтæ Бирæгъты Ростислав. Йæ куыст зоны иттæг хорз, йе ‘ргом здахы алы лыстæг хъуыддагмæ дæр. Бæрнон разамонæгæн стыр кад ис йе ‘мкусджыты ‘хсæн.
Куыд нын загъта, уымæ гæсгæ куыстуатæн йæхи кæрты ис, хуыр æмæ змис чи аразы, ахæм дурыссæн завод, уæдæ сæхимæ аразынц хæрзхъæд асфальт дæр. Фæндæгты арæзтады цы техникæ ис, уыдонæй экскаваторыл арæхстджынæй кусы æрыгон лæппу Бæззаты Ахмæт. Ныртæккæ уал фидæны фæндагæн бындур цæттæ кæнынц.
— Архайæм иумæйаг хъарутæй, фыццаджыдæр, куысты хæрзхъæддзинадыл, æмæ нын нæ размæ цы æмгъуыдтæ сæвæрдтой, уыдон сæххæст кæндзыстæм. Арфæйы ныхæстæ фехъусын æхсызгон вæййы адæмæй. Нæ фыдæбонæн аргъгæнæг ис, — зæгъы Ахмæт.
Æнæмæнг, ацы фæндаджы арæзтад хорзæрдæм фæзындзæн бынæттон цæрджыты цардыуагыл.

ГУГКАТЫ Жаннæ
Къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here