Плиты Иссæйы цыртдзæвæн

0
108

Советон Цæдисы дыууæ хатты æмæ Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Иссæйы радон цыртдзæвæн сæвæрдтой мангойлаг зæххыл.
Улан-Баторы Плиты Иссæйы номыл 49-æм скъоламæ бацæуæны раз кæй сæвæрдтой, Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы фонды президент Дзанайты Зауыр, Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Манголы Алексей Евсиков æмæ минæварады æфсæддон атташе, инæлар-майор Павел Петрунин адæмы хонынц не ‘мзæххоны уыцы цыртдзæвæн официалон уагæй байгом кæныны фæдыл ацы азы 1 сентябры саразинаг кадджын æмбырды архайынмæ. Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг Дзбойты Арсен цы бюсты автор у, уый сарæзтой Къæбулты æфсымæрты аивадон тайынкæнынады студийы.
Проекты зæрдиагæй архайдтой Уæрæсейы Генералон прокуроры хæдивæг, сæйраг æфсæддон прокурор Валерий Петров, бæстæйы Федерацийы Советы уæнг Мамсыраты Таймураз æмæ æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «ЮСМ Менеджмент»-ы генералон директоры уынаффæгæнæг Бытъæты Валери.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Советон Цæдисы Сырх æфсад Манголы Адæмон Республикæйæн кæй баххуыс кодта, уый кадæн 2017 аз сыхаг бæстæйы Номарæн комплексы байгом кодтой Плиты Иссæйы бюст (сарæзта йæ зындгонд ирыстойнаг скульптор Хайты Ибрагим), 2020 аз та амынд скъолайæн радтой хъуыстгонд æфсæддон разамонæджы ном.
Йæ заманы Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыры ном раттой Советон Цæдисы генералиссимус И. Сталинæн, Советон Цæдисы Маршæлтæ К. Ворошилов, Г. Жуков, И. Конев æмæ В. Судецæн, стæй Ирыстонæй рацæуæг инæлар Плиты Иссæйæн.
Манголы зæххыл æрцæуæг историон цауæн ис стыр ахадындзинад. Незаманты (ома, XIII æнусы) егъау мангойлаг-тæтæйраг æфсады æрдонгтæ быдырæй нæ рагфыдæлты хохаг кæмттæм кæд ацæуын кодтой, уæддæр аланты ныфсхастдзинад нæ басаст. Цалдæр æнусы фæстæ, Дыккаг дунеон хæсты кæрон, ирон адæмы намысджын минæвар Плиты Иссæ, иумæйаг советон-мангойлаг æфсадæн разамынд дæтгæйæ, япойнаг æфсадæй мангойлаг æмæ китайаг адæмты ссæрибар кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахаста. Нæ адæм сабырдзинад кæй уарзынц, æмæ ныл знаг кæй нæ фæуæлахиз уыдзæн, уый Плиты Иссæйы намысджын ном дзыллæты зæрдыл лæууын кæнæд!

ДЗАНАЙТЫ Зæринæ,
Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы фонды æххæстгæнæг директор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here