Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты уыд радон совет — ацы хатт Кировы районы. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты, район размæ куыд цæуы, цавæр æнтыстытæ æмæ къуылымпытæ йæм ис, фидæнмæ йæ размæ цы нысантæ лæууы, æппæт уыцы фарстатæм.
— Депутаттæ амæй размæ дæр цыдысты Кировы районы алыхуызон объекттæм, бæрæг кодтой, алы ран дæр уавæр куыд у, тыхст цæмæй æййафынц, уыдæттæ, æмæ ныр афон æрцыд уыцы куыстæн хатдзæгтæ скæнынæн, — æмбырд гом кæнгæйæ, загъта Тускъаты Таймураз.
Кировы районы экономикон рæзты уавæр æмæ гæнæнты тыххæй ныхас кодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Куыд загъта, афтæмæй экономикæйы размæцыдæн ахъаз у финанстæй дæсны æмæ хæдзардзинæй пайда кæнын. Йæ раныхасы уый йе ‘ргом аздæхта бынæттон бюджет фидар кæныны мадзæлттæм, хæрдзтæй сæ комкоммæ нысантæм гæсгæ пайда кæныны хъуыддагмæ, бюджетон инвестицитæ æмæ, район цы æфстæуттæ дары, уыдон фидыны фарстатæм. Ацы аз сæ размæ цы хæстæ лæууы, уыдоны ‘хсæн Тауитты Алыксандр ранымадта хъалонты базæ рапарахат кæнын, хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг рацаразын, инвестортæ се ‘ргом районмæ фылдæр цæмæй здахой, ахæм уавæртæ дзы аразын æмæ æндæртæ.
Социалон политикæйы фарстатæ Кировы районы куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Куыд загъта, афтæмæй адæмы царды уавæртыл дзурæг у социалон нывылдзинад. Æппæты фыццаг та — адæмæн куыст ис æви нæй, уый. «Хыгъды чи ис, æгуыст адæмы уыцы нымæц Кировы районы у 1 500-мæ хæстæг. Æрмæст фарон адæмæн куыст дæттыны районы центрмæ куыстагур æрбацыд 600 адæймагæй фылдæр, куысты дзы æрлæууыд 200 адæймаджы бæрц», — загъта депутат. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фарста алыг кæнынæн ахъаз уыдзæн хиуынаффæйады бынæттон администраци æмæ куыстдæтджыты æнгомдæр куыст.
Фарстатæ ис ахуырады къабазы дæр. Районы скъолаты нæ фаг кæнынц истори, хими, биологи, математикæ æмæ англисаг æвзаджы ахуыргæнджытæ. Уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй дæс рауагъдонæн раттой, сæ ахуыр фæуыны фæстæ кусынмæ районмæ фæстæмæ куыд æрыздæхой, уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынмæ бардæттæг ахæм гæххæтт. Афтæ, нæй фаг медицинон кусджытæ дæр. Дæсныдзинадыл дзурæг категори кæмæ ис, ахæм дохтыртæ та ивгъуыд аз уыдысты æрмæстдæр 30 проценты. Реуазты Ларисæ ма ныхас кодта социалон æххуыс, сывæллæтты скъолайы агъоммæйы ахуырад æмæ æндæр фарстатыл.
Кировы районы муниципалон сконды социалон-экономикон рæзт æмæ национ проекттæ районы æххæст кæныны фæдыл раныхас кодта районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег. Куыд загъта, афтæмæй, бынæттон хицаудзинадæн йæ размæ цы нысантæ лæууы, уыдонæн ис æнтыстджынæй сæххæстгæнæн дæсны финансон политикæйы руаджы. «2023 азы нæм бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 665 135 мин сомы, хæрдзтæ — 661 009 мин сомы. 2022 азимæ абаргæйæ, районы хи æфтиæгтæ ивгъуыд аз сырæзыдысты 104,5 проценты. Хæрдзтæн сæ фылдæр баст уыдысты фæндæгты арæзтадимæ, ахуырад, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ социалон политикæйы æндæр фарстатимæ.
Раныхасы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Джиоты Георги, Реуазты Ларисæ æмæ Черчесты Асланмæ.
Уымæй уæлдай ма советы уæнгтæ байхъуыстой, Кировы районы муниципалон сконды бюджетон процессы Цæстдарæн-нымайæн палатæ куыд архайы, уый фæдыл районы цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæг Таймазты Хазбийы хъусынгæнинагмæ.
Уыцы бон ма Тускъаты Таймураз фембæлд районы амалхъом адæймæгтимæ. Ныхас цыд амалхъомтæн паддзахадон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттыл, туризм районы райрæзын кæныныл, фосдарынад æмæ кæсагдарынадмæ фылдæр æргом аздахын æмæ æндæр фарстатыл. Сæ архайдæн, сæ фарстатæ алыг кæнынæн закъонæвæрынадон æгъдауæй цы æххуыс хъæуы, уымæй Парламенты Сæрдар зæрдæ бавæрдта, стæй сын арфæ ракодта, районы социалон фарстатæ лыг кæнынмæ сæ бавæрæн кæй хæссынц æмæ, бынæттон цæрджытæн бахъуаджы кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй, сæ хуыздæрты та схорзæхджын кодта РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæттытæй, се ‘хсæн — арæзтадон къабазы хиамалхъомгæнæг Мир Халилов, хойраг, стæй арæзтадон æрмæджытæ уæй кæныны къабазы хиамалхъомгæнæг — Дойаты Еленæ æмæ СПК «Де-Густо»-йы æххæстгæнæг директор Хъуылымбегты Жаннæ.
Фосдарынады куыстгæнæг, амалхъом Хъыбызты Сергейы та Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта йæ хæдзарады. Зæхкусæг-фермерон хæдзарад æрбынат кодта Змейкæйæ 1,5 километры æддæдæр. Æрыгон фермер стурвосы куыст кæнын куы райдыдта, уæд æм уыд 16 сæры, ныртæккæ та сты 47. Дары дуцгæ хъуццытæ, суткæмæ дзы иуæй æрдуцы 25 литры æхсыр, ахсы цыхтытæ. «Агростартап»-мæ гæсгæ, 2021 азы Сергей рамбылдта грант. Ныр фæнд кæны йæ куыст ноджы рапарахатдæр кæнын. Уый тыххæй та хъæуы ног грант, æмæ ууыл уыд йæ ныхас Парламенты Сæрдаримæ.
Кировы районмæ йæ кусæг балцы рæстæг ма Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Кæрдзыны амбулатори æмæ Елхоты 3-æм астæуккаг скъола. Кæронбæттæны уацхæсджыты фарстытæн дзуаппытæ радта æмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ скодта.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ