Борис Скитский æмæ Кавказ

0
51

Ацы аз нæ республикæ цы æртæ ахсджиаг историон цауы бæрæг кæны, уыдонмæ æнæбафтаугæ, стæй æнæрымысгæ нæй ноджыдæр ма иу зæрдылдарæн цау: ацы аз зындгонд ахуыргонд, рухстауæг, курдиатджын æмæ дæсны ахуыргæнæг Борис СКИТСКИЙЫ райгуырдыл сæххæст 140 азы.
Борис Скитский райгуырд Полтавæйы. Йæ фыд уыд ахуыргæнæг, æмæ, чи зоны, лæппу дæр уымæ гæсгæ равзæрста ацы дæсныйад. Киевы университеты историко-филологон факультет 1907 азы æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд иу ссæдз азы бакуыста Украинæйы алы ахуыргæнæндæтты. Стæй йæ царды æрцыд цæхгæр ивддзинæдтæ, æмæ йæ хъысмæт æркодта Цæгат Ирыстонмæ.
Советон хицаудзинад Терчы облæсты куы æрфидар, уæд ахуырады советон системæ æрфидар кæныны тыххæй национ автономон республикæты аразын райдыдтой уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Сæ фыццæгтæй иу уыд Хæххон педагогон институт (ныры Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет). Йæ нысан уыд Цæгат Кавказы национ республикæтæ æмæ облæстты скъолатæн ахуыргæнджытæ цæттæ кæнын.
Ахуыргонд адæм бирæ нæ уыд, уымæ гæсгæ, тынг хъуыдысты дæсны ахуыргæнджытæ. Æмæ сæ райдыдтой цæттæ кæнын. Уый тыххæй 1924 азы педагогон институты ирон æвзаджы кафедрæйы профессорæй нысангонд æрцыд Æлборты Барис, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы профессорæй та — Леонид Семенов. Алыхуызон ахуыргæнæн дисциплинæтæ амыдтой Абайты И., Æвсарæгаты В., Гæдиаты М., Дзагуырты С., Е. Короленко, С. Кудрявцев, Д. Павлов, В. Пожидаев, И. Щеблыкин. Кавказзонынады хайадмæ та ирон адæмы антропологийы фæдыл лекцитæ кæсынмæ æрбахуыдтой, уыцы аз Одессæйæ Ирыстонмæ сыздæхæг медицинон наукæты доктор, профессор Мысыкаты Мæхæмæты.
1924 азы декабры педагогон ахуырады УСФСР-йы Адæмон комиссарады наукон-методикон къамис æмæ Адæмон ахуырады цæгаткавказаг управлени рахастой уынаффæ уæрæсейаг ахуыргæндтæй æмæ æхсæнадон архайджытæй равзарын минæвæрттæ æмæ сæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты ахуыргæнджытæ снысан кæнын. Се ‘хсæн уыд Борис Скитский дæр. Ирыстонмæ сæ æрбахоныны хъæппæрис равдыста 1924 азы Хæххон педагогон институты директор Æлборты Барис. Дыууæ Барисы уыдысты хорз зонгæ, афтæмæй 1925 азы Скитский æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Уыйадыл, Ирыстонмæ йе ‘рцыдæй йæ фæстаг бонтæм йæ цард снывонд кодта цæгаткавказаг адæмты, фыццаджыдæр, ирæтты истори æмæ культурæ ахуыр кæныныл.
Цæгат Ирыстоны педагогон институты Борис Скитский йæ куыст райдыдта æрдззонынадон-историон факультеты ССР Цæдисы адæмты историйы кафедрæ саразынæй, æмæ йын разамынд лæвæрдта 25 азæй фылдæр, пенсимæ цалынмæ нæ рацыд, уæдмæ. Уый бæрц азты дæргъы зонадон æмæ рухстауæн куыст кæнгæйæ, Борис Скитский Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы иннæ регионтæн бацæттæ кодта историйы ахуыргæнджытæ æмæ наукон кусджытæ дæсгæйттæ, уыцы-иу рæстæг ахуыргæнæджы æмæ наукон куыст иумæ кæнгæйæ. Бирæ азты дæргъы уыд Цæгат Кавказы историйы, экономикæйы, æвзаг æмæ литературæйы наукон-иртасæн институты наукон кусæг æмæ историйы хайады сæргълæууæг. 1926 азы ссис доцент, 1936 азы та йын лæвæрд æрцыд профессоры ном.
Йæ раздæры куыстытæ фылдæр баст уыдысты, Украинæйы историимæ. Фæлæ куыдфæстæмæ йæ тынгæй-тынгдæр йæхимæ æлвæста социалон-политикон, национ æмæ культурон æгъдауæй бирæвæрсыг æмæ цымыдис Кавказ. Йæ наукон архайды стыр бынат ахста ирон адæмы равзæрд. Скифтæ-сæрмæттæ-алантимæ ирæттæ иу адæм кæй сты, уыцы хъуыдыйæн историон æгъдауæй Скитский уыд йæ бындурæвæрæг. Куыд историон ахсджиагдæр гуырæн, уыцы хуызы стыр аргъ кодта нарты кадджытæн. Хæсты азты фæстæ политикон конъюнктурæ цæхгæр аивта, мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæм æргом здахын, адæмæн сæ ивгъуыдмæ кæсын идеологон цензортæ нымадтой националистон фæзындтытæ æмæ феодалон фæстæзад митыл. Фæлæ суанг уыцы карз рæстæг дæр, ирон адæмы рагон истори ахуыр кæнгæйæ, Скитский пайда кодта нарты кадджытæй. Нарты кадджытæ бæлвырдæй æвдисынц, ирон адæмæн сæ миддуне, се ‘нкъарæнтæ, æфсæндуджы куыд æмæ цы уавæрты цардысты, цæуыл æууæндыдысты, æппæт уыдæттæ, — фыста ахуыргонд. Уыдон сты археологийы æнæдзургæ æвдисæнтæ, стæй баззадысты гæххæттыл фыстæй дæр, уымæ гæсгæ сын аргъ нæй», — фыста уый.
Йæ наукон куыстытæ æмæ сфæлдыстадон бынтæ сты тынг бирæ. Фæлæ йæ иртасæнты æппæты тынгдæр йе ‘ргом здæхта Ирыстоны феодалон цардарæзты фарстатæм. Се ‘ргом сæм здæхтой уымæй размæйы ахуыргæндтæ дæр ма — Максим Ковалевский, Владимир Пфафф, Николай Дубровин, Леонид Лавров æмæ иннæтæ. Фæлæ сæм се ‘ппæтæй фылдæр бавæрæн бахаста Скитский.
Ирыстоны феодалон ахастдзинæдты темæ уый адарддæр кодта «Рагон замантæй 1867 азмæ ирон адæмы историйы очеркты». Ацы наукон фæллой Скитский йæхæдæг нымадта йе стырдæр æнтыстыл. Чиныг рухс федта 1947 азы æмæ Ирыстоны наукон, культурон царды ссис стыр цау.
Ацы фарстатæ адарддæр сты монографи «Цæгат Ирыстоны АССР-йы истори»-йы, 1959 азы йæ мыхуыры рауагъта ССР Цæдисы Наукæты академи. Бакуыста йыл ахуыргæндты стыр къорд, йæ рауадзыны размæ се ‘хсæн цыд бирæ ныхас Ирыстоны истори æмæ йæ адæмыл. 1955 азы майы та Орджоникидзейы арæзт æрцыд наукон конференци. Архайдтой дзы æппæт бæстæйы зындгонддæр кавказиртасджытæ. Уыдон стыр аргъ скодтой монографийы авторты бирæазыккон куыстæн. Уыцы автортæ уыдысты Борис Скитскийы ахуыргæнинæгтæ æмæ йе ‘мкусджытæ — Абайты Васо, Ардасенты Хадзыбатыр, В.Гальцев, Дзанайты Аким, Хъулаты Созырыхъо, Леонид Семенов, Тотойты Михал.
Æнæмæнг, ирон интеллигенци, ирон адæммæ Борис Скитскийы ном у тынг бæрзонд æвæрд. Уый бæрæг у, Блиты Марк цы ныхæстæ ныффыста, уыдонæй дæр — абарста йæ Василий Татищевимæ, ома, уырыссаг истори базонынмæ Татищев цы бавæрæн бахаста, ахæм бавæрæн бахаста Скитский ирон адæмы истори æмæ культурæйы зонынадмæ.
Борис Скитскийы ном бæрзонд æвæрд уыд канд ахуыргæндты ‘хсæн нæ, фæлæ хицауады ‘хсæн дæр: дыууæ хатты æвзæрст уыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советы депутатæй, лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы наукæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном, хорзæхджын уыд Ленины дыууæ орденæй æмæ æндæр паддзахадон бæрзонд хæрзиуджытæй.
Йæ царды фæстаг азтæ ахуыргонд арвыста Цæгат Ирыстонæй иуцасдæр æддæдæр: 1953-1959 цард æмæ куыста Пятигорскы. Фæлæ йæ уд, йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ алкæддæр уыдысты Ирыстоны. Стыр кадджынæй йын 1959 азы июны сбæрæг кодтой йæ 75 азы юбилей. Уæд, уыцы рæстæг дæр, уыд тынг рынчын æмæ цалдæр мæйы фæстæ декабры йæ цардæй ахицæн. Фæлæ йæ амæлыны фæстæ зындгонд ахуыргонд уæддæр сыздæхт, йæ царды кæронмæ дæр зондæй, хъаруйæ кæмæн фæлæггад кодта, йæ уыцы уарзон Ирыстонмæ. Уый уыд нæ республикæйы наукон интеллигенцийы хъæппæрис. Борис Скитскийы стыр кадимæ бавæрдтой Ирон аргъуаны кæрты Хетæгкаты Къостайы ингæнмæ хæстæг, æмæ уый у æппæты ирддæр æвдисæн, йæ ном ирон адæмæй рох кæй никуы уыдзæн, уымæн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here