Ирон аивадæн — зæрдиаг лæггадгæнæг

0
136

Ирон аивад æмæ культурæйы фарныл йæ рæсугъд зæрдæйы аив æнкъарæнтæй, æрвылбоны зæрдиаг куыстæй хорзæхтæ чи ‘фтауы, уыцы арфæйаг адæймæгтæй иу у Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы директор, зындгонд хореограф КЪУБАЛТЫ Таймуразы фырт Эльбрус.
Йæ фæндаг аивады алæмæты дунемæ райдыдта ирон кафтæй. Уымæ тырнындзинад æмæ йын йæ сусæгдзинæдтæ базоныны хорзæх йæ зæрдæйы йе ‘взонгæй фæстæмæ цæры. Рахизфарсы районы Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодта, уыцы рæстæг разæнгардæй цыд Ногдзауты хæдзары кафджыты къордмæ. Йæ аивадон разамонæг æмæ суинаг курдиатджын фæсивæдыл ам цæстуарзон аудæг уыд дæсны хореограф Малиты Анатоли.
Астæуккаг скъола Эльбрус æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд райдыдта кафын Адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы. Ам ыл хи æфсымæртау зæрдиагæй аудыдтой ацы аивадон артдзæсты дæсныдæр кафджытæ: Хъаныхъуаты Тамерлан, Булацаты Таймураз, Козаты Зелим, Кънаттаты Еруслан æмæ дæсны хореограф Барахъты Юри. Сæ узæлдæн сын Эльбрус дæр сфæлдыстадон уагæй хиуыл архайдæй зæрдиаг æхсызгон дзуапп лæвæрдта.
Курдиатджын кæфæджы арæхстдзинад фæцыд Барахъты Юрийы зæрдæмæ, æмæ йæ фæндонæй ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы Аивæдты училищæйы сæрмагонд хореографийы хайады (ныртæккæ — Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл Аивæдты колледж). Ам йæ ахуыр æвзæр нæ цыд, йе сфæлдыстадон гæнæнтæ дзы бонæйбон фылдæр æмæ хуыздæр кодтой. Фæлæ Эльбрус æмбæрста, адæмон кафт æмæ хореографийы аивады йæ, æнæмæнг, уæлдæр ахуырад райсын кæй хъæуы. Училищæ каст куы фæци, уæд дарддæр ацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы Культурæйы паддзахадон институтмæ æмæ йæ æнтыстджынæй 1988 азы каст фæци.
Курдиатджын кафæг æмæ арæхстджын хореограф Къубалты Эльбрус Ирыстонмæ куы æрбаздæхт, уæд фæстæмæ бацыд Паддзахадон ансамбль «Алан»-мæ. Фыццаг дзы уыд кафæг, фæстæдæр та йæ снысан кодтой хореограф-репетиторæй. Уыцы рæстæг йемæ ма хореограф-репетиторæй ансамблы куыста УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Касаты Хъасболат. Дыууæ арæхстджын хореографы Эльбрус æмæ Хъасболат уыдысты сфæлдыстадон уагæй кæрæдзиимæ æнгом баст. Касайы-фырт кафæг чызджытимæ куыста, Эльбрус та уыд лæппу-кафджытæн разамонæг.
Адæмон кафты сусæгдзинæдтæ, куыд ахуыргæнæг-хореограф, афтæ Эльбрус фæсивæдæн иттæг лæмбынæг амыдта. Цыфæнды зын хореографион композицийыл, кæнæ этюдыл дæр-иу куы куыста семæ, уæддæр дзы никуы ничи фехъуыстаид æнæууылд, тызмæг, æнæрхъуыды ныхас. Алкæд дæр Эльбрус æнкъардта, йæ бæрны цы кафджытæ ис, уыдоны зæрдæты сфæлдыстадон цæхæр ссудзыны хъуыддаджы бæрнондзинад йæхи æмæ фæсивæдæй домдта, цæмæй сæхицæн репетициты рæстæг ма тæригъæд кæной, алчидæр сæ уа ансамблы кад æмæ фарныл æфтауæг кафты дæсны.
Дæсны хореограф æмæ кафæджы сфæлдыстадон фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинад ирдæй фæбæрæг сты Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл Аивæдты колледжы хореографийы хайады рухстауæн архайд æмæ паддзахадон театр «Арвайдæн»-ы сфæлдыстадон æнтыстытыл. Ацы зындгонд артдзæстыты Эльбрус кæд къорд азы йеддæмæ нæ бакуыста, уæддæр уыцы рæстæг йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ æхсызгонæй æрымысынц.
Уæздан æмæ зæрдæхæлар адæймаг, йæ равзæрст дæснайадыл æнувыд хистæр, ирон аивады зæрдиаг зиууон Къубалты Эльбрус йæ царды фылдæр хай нæ бæстæ æмæ республикæйы номдзыд хореографион ансамбль «Алан»-æн снывонд кодта, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. 2009-2011 азты уыд йæ аивадон разамонæг. Фыццаджыдæр, йæ нысан уыд, йæ размæ ам цы аивадон разамонджытæ уыд, уыдон дзы цы бирæ арфæйаг æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон ма фесафын, фидар сæ кæнгæйæ, ног царды тых сын раттын, курдиатджын кафджытæ æмæ музыкантты фæлтæртæн сæ куыст æмæ сценикон архайды фадæттæ фæнывылдæр кæнын. Аивадон куысты фидар æгъдау, сфæлдыстадон уаг фидар кæныныл Эльбрус архайдта иудадзыгдæр. Цæмæй ансамблы кафджытæ æмæ музыканттæн сæ концертон уæлæдарæс аив уа, сæ гастролон балцыты, куыд нæ бæстæйы горæттæм, афтæ фæсарæнтæм, тыхст ма æййафой, уый тыххæй-иу Эльбрусæн зæрдиаг æххуыс кодтой: РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, уæды рæстæджы нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы Финансты министрады хайады хицау Ситохаты Маринæ.
УФ-йы сгуыхт, РЦИ-Алани æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйы адæмон артист Къубалты Эльбрусы размæ цард æвæры кæддæриддæр зын, фæлæ арфæйаг хæстæ. Се ‘ххæст кæнгæйæ, алкæддæр вæййы бæстон зонд, фæразондзинад æмæ бирæвæрсыг практикон æмæ теоретикон зонындзинæдтæй хайджын. Сæ бындуры та ис аивад æмæ культурæмæ æгæрон уарзт æмæ йын хорзы цæуынмæ тырнындзинад. Уый афтæ кæй у, уый ирдæй рабæрæг, РЦИ-Аланийы Культурæйы министр куы уыд, уыцы азты дæр. Йæ цæстуарзон цæстæнгас, арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдты хорзæхтæ æнкъардтой канд нæ зындгонд аивадон коллективтæ нæ, фæлæ республикæйы районтæ æмæ хъæуты культурæ æмæ аивады артдзæстытæ. Уыцы рæстæджыты Цæгат Ирыстон, Мæскуы æмæ нæ бæстæйы æндæр горæтты кад æмæ радимæ бæрæггонд æрцыдысты номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы 155 азы æмæ паддзахадон ансамбль «Алан»-ы юбилейон бæрæгбонтæ. Арæзт æрцыд адæмон хихъæппæрисадон сфæлдыстады республикон фестиваль «Иры фарн». Уазæгуаты нæм цыдысты æмæ æнтыстджынæй сæ концерттæй аивадуарзджыты зæрдæтæ-иу барухс кодтой нæ бæстæйы зындгонд вокалон æмæ хореографион ансамблтæ, номдзыд зарæггæнджытæ, кино æмæ театры актертæ.
Нæ кадджын юбиляр Къубалты Эльбрус 2022 азы нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы директорæй. Йæ бæрны ис æнгом, куыстуарзаг æмæ сфæлдыстадон фæндтæй æххæст курдиатджын коллектив. Ис дзы адæмон инструментты оркестр «Ирыстон», вокалон къордтæ «Фидæн» æмæ «Уацамонгæ». Сæ аивадон куыст дзы æнтыстджынæй кæнынц РЦИ-Аланийы адæмон æмæ сгуыхт артисттæ Дауыраты Эдуард, Хуыбаты Зæринæ, Нартыхты Ланæ, Хадыхъаты Аллæ, Ходы Олег, æрыгон курдиатджын вокалисттæ Сидахъаты Азæмæт, Хъуысаты Сослан, музыкæиртасæг Бидыхты Еленæ…
Филармонийы аивадон къордтæ ныртæккæ кусынц Металлургты культурæйы раздæры галуаны. Ис дзы концерттæ æмæ кинотæ æвдисæн уæрæх зал, кусæн æмæ репетицигæнæн бæстыхæйттæ, уæлæдарæсивæн æмæ хи аивгæнæн уæрæх, рухс уæттæ. Цæмæй ахæм уавæрты кусой филармонийы аивадон коллективтæ, фылдæр аивадуарзджытæ сæ концерттæм цæуа, ууыл иудадзыгдæр архайы Къубалты Эльбрус. Филармонийы аивадон къордтæ концерттæ фæдæттынц республикæйы районты астæуккаг ахуырад æмæ аивадон скъолаты, колледжтæ æмæ культурæйы хæдзæртты. Гастролты ацæуынц Цæгат Кавказы республикæтæ æмæ æфсымæрон Хуссар Ирыстонмæ. Сæ курдиат равдисынц Дзæуджыхъæу æмæ Цæгат Ирыстоны дзыллон бæрæгбонты, сфæлдыстадон изæртæ æмæ фембæлдтыты.
Ирон аивад æмæ культурæйы сыгъдæгзæрдæ зиууон, нæ республикæйы уæлдæр хорзæх «Ирыстоны намысæн»-ы майданхæссæг Къубалты Эльбрус ацы бонты бæрæг кæны йæ юбилей. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ йæ бæрнон, фæлæ арфæйаг куысты!

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here