Историйы гуыргъахъхъ фæндæгтыл…

0
55

Цæгат Ирыстоны автономон облæсть
1924 азы 7 июны «Автономон Хæххон Социалистон Советон республикæйы фехалыны тыххæй» Æппæтуæрæсеон центрон æххæстгæнæг комитеты Декреты бындурыл, Хæххон республикæйы скондмæ чи хауд, уыдон фæхицæнтæ кодтой, æмæ дзы алкæмæй дæр, йæ национ миниуæгмæ гæсгæ, рауад хæдбар автономон облæсть.
1924 азы 1 августы Хæххон ЦИК-ы Президиумы уынаффæйæ Хæххон АССР-йы разамынддæттæг оргæнтæ хæлд æрцыдысты, сæ бæсты фæзынд автономон облæстты ревкомтæ. Ирон облæсты ревкомы сæрдарæй фидаргонд æрцыд Мамсыры-фырт, йæ хæдивæгæй — Тæкъойы-фырт.
1924 азы 21 июлæй 2 октябры ног сарæзт автономон облæстты ‘хсæн арæнтæ фидаргонд æрцыдысты.
1924 азы 17 октябры Цæгат Ирыстоны автономон облæсть, Мæхъæлы автономон облæсть, Сунжæйаг хъазахъхъæгты зылд, Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсе-Черкесты, Цæцæн æмæ Черкесты (Адыгейы) автономон облæсттæ, стæй Хуссар-Скæсæйнаг облæсть — се ‘ппæты дæр баиу кодтой, æмæ арæзт æрцыд Цæгаткавказаг край. Уый аххæссыд Цæгат Кавказы æппæт фæзуатыл, Дагестаны АССР-йы æмæ Хъалмыхъы автономон облæстæй фæстæмæ.
Цæгат Ирыстоны автономийы сарæзт кæронмæ ахæццæ, 1925 азы 25-29 январы Дзæуджыхъæуы йæ куыст чи кодта, Советты уыцы 1-æм съезды уынаффæйæ. Ревком фехæлдтой, æмæ йæ бæсты æвзæрст æрцыд Фæллойгæнджытæ, сырхгвардионтæ æмæ салдæтты депутатты Цæгат Ирыстоны Центрон æххæстгæнæг комитет — Цæгат Ирыстоны автономон облæсты паддзахадон хицаудзинады сæйраг оргæн. Облæххæстгæнæн комитеты сæрдартæ 1925-1937 азты уыдысты: Борыхъуаты Хъ., Саламты Н., Къæбойты М., Къорнаты М., Абайты С.

Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæ
1924 азы арæзт чи æрцыд, Цæгаткавказаг уыцы край 1934 азы дыууæ дихы фæкодтой, æмæ рауад Азовы-Сауденджызон край (йæ центр Ростовы) æмæ скæсæйнаг — Цæгаткавказаг край (йæ центр раздæр уыд Пятигорск, уый фæстæ та йæ 1936 азы январы раивтой Дзæуджыхъæумæ). Цæгаткавказаг крайы сконды баззадысты ныры Стъараполы крайы æппæт зæххытæ, стæй Цæгат Кавказы æппæт автономон облæсттæ: Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсейы, Черкесты, Цæгат Ирыстоны, Цæцæн-Мæхъæлы.
1924 азы 5-6 июлы уыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Советы 7-æм æнæрадон съезд. Уым фидаргонд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Конституци. Закъонæвæрынадон бындурыл уый бæлвырд кодта нæ республикæйы паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзт, йæ фæзуат, хицаудзинады уæлдæр оргæнтæ, паддзахадон æмæ бынæттон хицаудзинады оргæнтæ, сфидар кодта республикæйы паддзахадон герб æмæ тырыса.
1938 азы 6 июны Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ацыдысты æвзæрстытæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советмæ. Депутатты фыццаг корпусы уыд 38 адæймаджы. Сæ хæдфæс
тæ та июлы Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советы фыццаг сессийы арæзт æрцыд ЦИАССР-йы Сæйраг Советы Президиум.

Цæгат Ирыстон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг
Хæстон цаутæ Цæгат Ирыстоны уыд 1942 азы 25 июлæй 1943 азы январмæ. Фашистты пълан «Эдельвейс»-мæ гæсгæ знаджы фæндыд, фыццаджыдæр, Цæгат Кавказ бацахсын, уый фæстæ та — Фæскавказ. Гитлеронтæ бамбырд кодтой стыр тыхтæ: 176 мин салдат æмæ афицеры, 1130 танчы, 4520 сармадзан æмæ минææхсæны, 1 мины бæрц хæдтæхджытæ.
Знаджы ныхмæ хъæбатырæй хæцыдысты Цæгат-кавказаг фронты æфсæдтæ. 1942 азы 8 августы арæзт æрцыд Фæскавказы фронты Цæгатаг æфсæдтæ, разамынд сын лæвæрдта инæлар Иван Масленников. Знаджы тыхтæ уыдысты бирæ фылдæр, æмæ 23-25 ав-густы фашисттæ ныббырстой Мæздæгмæ.
19-27 сентябры цыдысты карз тохтæ Елхот бацахсыныл. Фашистты ныхмæ хъæбатырæй хæцыдысты 151 æмæ 317-æм æхсæн дивизиты æфсæддонтæ, стæй 84 æмæ 131-æм денджызон æхсæн бригадтæ.
25 октябры Налцыччы районæй немыц сæ танктæ ракодтой Орджоникидзейы ‘рдæм.
29 октябрæй 1 ноябрмæ знаг бацахста Цыкола, Дигора, Дур-Дур, Æрыдон æмæ Алагир.
3-10 ноябры Дзæуджыхъæуы бынмæ бацайдагъ карз тох. Фашистты йæм 2-2,5 километрæй фылдæр нал хъуыд. Фæлæ Советон Æфсады хæйттæ бынæттон цæрджыты æххуысæй знаджы баурæдтой æмæ йæ горæтмæ нæ бауагътой.
6 ноябры райдыдта Советон Æфсады контрныббырст, æмæ 11 ноябры немыцæй байстой Джызæл. Орджоникидзейы бынмæ знаг фæци бæрзæйсаст. Дарддæр та фашистон лæбурджытæй ссыгъдæг кодтой Суадаг, Бирæгъзæнг, Ногхъæу, Хъæдгæрон, Алагир, Æрыдон, Дигора, Црау, Ход, Сындзыхъæу, Хъарман, Урсдон, Дур-Дур, Красногор, Николаевскы станицæ, Сырх-Дыгур, Цыкола. 1943 азы 3 январмæ Цæгат
Ирыстон æнæхъæнæй дæр гитлеронтæй уыд сæрибар.
79 ирыстойнаг хæстоны систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ. Дыууæ хатты хъæбатыртæ та систы æфсады инæлар Плиты Иссæ æмæ инæлар-майор Иван Фесин. Не ‘мзæххонтæй 12 систы æртæ къæпхæны Намысы ордены æххæст кавалертæ, 52 та — инæлартæ æмæ адмиралтæ.
1945 азы 24 июны Мæскуыйы Сырх фæзы Уæлахизы парады архайдтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, инæлар-лейтенант Плиты Иссæ, Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар-майор Мамсыраты Хаджумар, Советон Цæдисы Хъæбатыр, инæлар-майор Карсанаты Хъазыбег æмæ иннæтæ.
2007 азы 8 октябры Дзæуджыхъæуæн лæвæрд æрцыд Хæстон намысы горæты ном.

Республикæйы разамонджытæ 1924-2024 азты
1924 азы 7 июлы Цæгат Ирыстоны автономон облæсть арæзт куы ‘рцыд, уæд Большевикты Уæрæсейаг Коммунистон парти (РКП (б))-ы обкомы сæрдар ссис Тæкъоты Алийы фырт Симон. Уый фæстæ, 1927-1936 азты, Цæгат Ирыстоны автономон облæсты обкомы сæргъы уыдысты: Борыхъуаты Хъазыбег, Михаил Питковский, Морис Белоцкий (Черный), Давид Демиховский, Бутаты Хъазыбег.
1936 азы 5 декабры Цæгат Ирыстоны автономон облæсты бæсты арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Рес-публикæ. 1936 азæй 1953 азмæ обкомы фыццаг секретартæ уыдысты: Генрих Маурер, Коккаты Федор, Василий Лемаев, Никитæ Иванов, Николай Мазин æмæ 1944 азы апрелæй 1953 азы ноябрмæ — Хъулаты Хъуыбады.
1952 азы октябры Большевикты Æппæтцæдисон Коммунистон парти (ВКП(б))-йы Цæгат Ирыстоны обком йæ ном раивта æмæ ссис СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обком. Фыццаг секретартæ уыдысты: Æгкацаты Владимир (1953 азы ноябрæй 1961 азы августмæ), Хъæбæлоты Билар (1961 азы августæй 1982 азы январмæ), Владимир Одинцов (1982 азы январæй 1988 азы ноябрмæ), Дзасохты Алыксандр (1988 азы ноябрæй 1990 азы февралмæ).
Галазты Æхсарбег уыд партийы Цæгат Ирыстоны республикон комитеты фыццаг секретарь 1990 азы февралæй 1991 азы августмæ; уый хæдфæстæ та 1994 азы январмæ уыд ЦИАССР-йы Сæйраг Советы Президиумы Сæрдар.
1993 азы 19 ноябры ист æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстоны Президенты бынат сфидар кæныны тыххæй» РЦИ-Аланийы Закъон, 1993 азы 26 ноябры та — «Республикæ Цæгат Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй» Закъон. 1994 азы 16 январы Цæгат Ирыстоны фыццаг Президентæй æвзæрст æрцыд Галазты Æхсарбег, æмæ уыцы бынат ахста 1997 азы декабрмæ.
1998 азы январæй 2005 азы маймæ РЦИ-Аланийы Президент уыд Дзасохты Алыксандр.
2005 аз РЦИ-Аланийы Президенты бынат ивд æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы бынатæй. Республикæйы фыццаг Сæргълæууæг уыд Мамсыраты Таймураз (2005 азы июнæй 2015 азы июнмæ). Æгъуызарты Тамерлан республикæйы сæргъы уыд 2015 азы июнæй 2016 азы февралмæ, Битарты Вячеслав — 2016 азы февралæй 2021 азы апрелмæ, Сергей Меняйло та — 2021 азы апрелæй абоны онг.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here