Дунеон равдыст-форум «Уæрæсе» кæронмæ æрхæццæ. Уыцы цауимæ бастæй Мæскуыйы Адæмон хæдзарады æнтыст-дзинæдты æппæтуæрæсеон центры цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уым бахыгътой форумы рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ, арфæтæ ракодтой равдысты зæрдиагдæр архайжытæн.
Æппæт уæрæсейаг регионты минæвæрттæ кæдæм æрбамбырд сты, уыцы фембæлды Цæгат Ирыстонæй архайдта Уæрæсейы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Игорь Барсков. Уымæй уæлдай, уым уыдысты Цæгат Ирыстоны Экономикон рæзты министрад, Равдыстытæ æмæ презентациты республикон фонд æмæ æндæр организациты специалисттæ.
Æмбырды раныхас кодта форум цæттæгæнæг комитеты сæрдар, УФ-йы Президенты Администрацийы Разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко. Уый куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2023 азы ноябрæй нырмæ дунеон равдысты экспозицитæ бабæрæг кодтой 18 милуан адæймагæй фылдæр. «Уыцы адæм цымыдисæй зонгæ кодтой не стыр Фыдыбæстæйы регионты истори, абоны цард æмæ æнтыстдзинæдтимæ, сæ дарддæры райрæзты нысантимæ», — бафиппайдта Президенты Администрацийы бæрнон кусæг.
Сергей Кириенко æппæт регионты минæвæрттæн дæр арфæ ракодта, равдыстмæ бæрнон цæстæй кæй акастысты, форумы программæйы мадзæлттæ зæрдæмæдзæугæ кæй рауадысты, уый тыххæй. Уыимæ, хуыздæрты хуыздæртæн саккаг кодтой арфæйы фыстæджытæ форум цæттæгæнæг комитеты номæй.
Ахæм арфæ æмæ сæрмагонд хæрзиуæг райсгæйæ, Игорь Барсков республикæйы номæй бузныг загъта форум «Уæрæсе»-йы дирекцийы кусджытæн, цæгатирыстойнаг экспозицийы ахадгæ архайдæн æппæт фадæттæ дæр кæй арæзтой, уый тыххæй. Игорь Барсков сæрмагондæй фæбæрæг кодта, нæ республикæйы стендты нывылдзинадыл чи бакуыста, уыцы регионалон профилон ведомствæты разамонджытæ æмæ специалистты дæр. Афтæ, арфæйы фыстæджытæ райстой УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады, Равдыстытæ æмæ презентациты республикон фонд æмæ иннæ организациты кусджытæ дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй дунеон равдыст-форум «Уæрæсе» йæ куыст райдыдта 2023 азы 4 ноябры. Бæстæйы 89 регионы, паддзахадон корпорацитæ æмæ æхсæнадон организациты эскпозицитæ æрбынæттон сты Адæмон æнтыстдзинæдты æппæтуæрæсеон центры павильонты. Аст мæйы дæргъы адæмæн уыд цымыдисаг æмæ хъæздыг æрмæджытимæ базонгæ уæвыны фадат: презентацитæ, мастер-класстæ, фембæлдтытæ регионты зындгонддæр адæмимæ, конкурстæ, викторинæтæ, концерттæ, армукъатæ æмæ æндæр мадзæлттæй уæрæх спайда кодтой фысымтæ.
Цæгат Ирыстоны стендтæ куыстой 75-æм павильоны. Нæ бирæ æмзæххонтæ, стæй æндæр уæрæсейаг регионтæй уазджытæ зонгæ кодтой республикæйы эскпозициимæ. Уыимæ, уæлдай фылдæр адæм 75-æм павильонмæ саккаг кодтой 2023 азы 7 декабры — уæд форумы уыд РЦИ-Аланийы бон. Уыцы стыр павильоны фæзуæттæ уыцы бон лæвæрд уыдысты Ирыстоны боны архайджытæ æмæ уазджытæн (æрмæст культурон программæйы архайæг артисттæ уыдысты сæдæйæ фылдæр). Æмæ бæрæгбон фæрæстмæ — ууыл æмхъуыды уыдысты, уыцы бон форум чи бабæрæг кодта, æппæт уыцы адæм.
Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы куысты иннæ бонты дæр нæ республикæйы эскпозицийы цыдис иудадзыгон архайд: фембæлдтытæ спортсментæ æмæ артисттимæ, ахуыргæнджытæ æмæ иннæ къабæзты сгуыхт минæвæрттимæ, бæстæзонæн кинонывтæ æмæ презентацитæ, ирон æрмдæсныты куыстыты армукъатæ æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ, нæ экспозицийы арæзт æрцыдысты цалдæр тематикон декадæйы дæр: «Наукæ æмæ ахуырад», «Агропромышленнон комплекс», «Культурæ», «Спорт», «Туризм», «Фæсивæдон политикæ» æмæ æндæртæ. Уæлдай цымыдисаг ма уый уыд, æмæ форумы уазджыты ‘хсæн, хæлттæ сæппаргæйæ, уæрст æрцыдысты 11 туристон балцæджы Цæгат Ирыстонмæ. Ахæм хæрзиуæг райста дунеон равдысты 15-милуанон уазæг дæр.
Иу ныхасæй, дунеон равдыст-форум «Уæрæсе» рауад хъомысджын æмæ зæрдæмæдзæугæ, йæхимæ раздæхта бæстæйы цæрджыты ‘ргом, ныфсы хос фæцис, нæ уарзон Фыдыбæстæйы дарддæры райрæзтыл æнувыд чи у, æппæт уыцы адæмæн…
СЛАНТЫ Аслан