РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг ГОБЕТЫ Ибрагим ратта Уæрæсейы Арæзтады министрады Арфæйы фыстæджытæ Цæгат Ирыстоны арæзтадон æмæ цæрæнуатон-коммуналон къабазы пресс-службæты разамонджытæ Янæ ВОЙТОВА æмæ ГУЫЦМÆЗТЫ Аннæйæн.
28-30 июны Мæскуыйы уыдис бæстæйы арæзтадон æмæ цæрæнуатон-коммуналон министрадты пресс-службæты разамонджыты фембæлд. Сæ хуыздæртæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Арæзтадон министрады хæрзиуджытæ, уыдонимæ — Цæгат Ирыстоны минæвæрттæн дæр.
Уæрæсейы Федерацийы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирэк Файзуллины Арфæйы фыс-тæджытæй хорзæхджын æрцыдысты:
— РЦИ-Аланийы Арæзтад æмæ архитектурæйы æхсæнадимæ бастдзинæдты хайад, йæ сæргъы — Янæ Войтова;
— РЦИ-Аланийы Цæ-рæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ, йæ сæргъы — Гуыцмæзты Аннæ.
ГАПБАТЫ Алетæ













