Дзæуджыхъæуы уыд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады конференци. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, партийы цæгатирыстойнаг хайады нымæрдар Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй æмбырды архайджытæ æрдзырдтой муниципалон æвзæрстытæм цæттæдзинады фарстатыл.
Конференцийы куысты архайдтой Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон политикон совет æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады уæнгтæ, стæй респубикæйы æппæт районтæй æрвыст делегаттæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Хъæлæс кæныны иумæйаг бонтæ — 2024 азы 7 æмæ 8 сентябры бæстæйы субъектты уыдзысты регионалон æмæ муниципалон æмвæзады æвзæрстытæ. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ уыцы бонты æвзардзысты Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны минæвæртты æмбырдты депутатты, стæй Ногиры, Быдыры Дæргъæвсы, Калинины æмæ Киевы хъæуты администрациты сæргълæуджыты. Уымæй уæлдай, уæлæмхасæн æвзæрстытæ уыдзæн Чермен æмæ Хъызлары хъæуты минæвæртты æмбырдтæм.
Конференцийы архайджытæ бæстон æркастысты партийы регионалон хайады æвзарæн программæйы уагæвæрдтæм, сфидар кодтой Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырдмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидатты номхыгъд.
Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныр 20 азæй фылдæр «Иугонд Уæрæсе» кусы бæстæ æмæ йæ адæмы фæрныгадыл. «Фæстаг цалдæр азы нæ партийы минæвæрттæ ахадгæ куыст кæнынц, æвзарджыты фæндæтты бындурыл цы Адæмон программæ арæзт æрцыд, уый уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Уыимæ, рæстæгæй-рæстæгмæ программæмæ ивддзинæдтæ хаст æрцæуы, цæмæй йæ нысантæ фæбæлвырддæр æмæ фæхъомысджындæр уой. Адæмон программæйыл æнцой кæнгæйæ, лыг кæндзыстæм, æхсæнад нын нæ размæ цы фарстатæ æвæры, уыдон. Не ‘рвылбоны архайд хъуамæ арæзт уа не ‘мзæххонты пайдайæн, цæмæй алкæцы адæймаг дæр зæрдæмæдзæугæ куыстыл хæст уа, цæмæй йæ кæстæрты фидæн дызæрдыггаг ма уа. Партийы æппæт актив æмæ алы æмвæзады депутаттæм сидын, цæмæй Адæмон программæйы уагæвæрдтыл кусой се ‘рвылбоны архайды. Уыимæ, æвзарджыты фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ хъуамæ бæстон хыгъд цæуой республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзты программæтæ цæттæ кæнгæйæ, стæй муниципалитетты бюджеттæ фидар кæнгæйæ», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Уый фæстæ конференцийы архайджытæ сфидар кодтой Дзæуджыхъæуы Муниципалон æмбырдмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидатты номхыгъд 40 адæймагæй. Номхыгъды фыццаг фондз бынаты æрлæууыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Цгъойты Игорь, Дзгойты Станислав, Саламты Таймураз æмæ Остъаты Руслан æмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Таболты Сергей.
Секретариаты минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, горæты Муниципалон æмбырдмæ кандидатты номхыгъдмæ кæй бахастой, уыцы адæммæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ се ‘ууæнк равдыстой рагагъоммæ хъæлæс кæныны рæстæг.
Æмбырды кæронбæттæны Сергей Меняйло республикæйы цæрджытæм фæсидт, цæмæй зæрдиагæй архайой æвзарæн кампанийы æмæ сæ хъæлæстæ радтой аккагдæр кандидаттæн. «Æвзæрстыты чи фæуæлахиз уа, уыцы кандидаттæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй разыной адæмы æууæнчы аккаг», — бафиппайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
СЛАНТЫ Аслан













