Сывæллæтты фæлладуагъдæн — хорз фадæттæ

0
70

Ацы къуырийы кæрон Цæгат Ирыстонмæ фæллад уадзынмæ ссæудзæн Запорожьейы облæсты Черниговкæйы районы скъоладзауты стыр къорд. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ.
Черниговкæйаг лæппутæ æмæ чызджыты суазæг кæндзæн пансионат «Урсдон» — уым сын ныридæгæн бацæттæ кодтой цымыдисаг бæстæзонæн-хиирхæфсæн программæ. Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, скъоладзаутæн сараздзысты ахуырадон-культурон мадзæлттæ дæр.
Зæгъын хъæуы, ацы сæрд Ирыстонмæ балц запорожьейаг сывæллæттæн фыццаг кæй нæ уыдзæн, уый дæр. Афтæ, ивгъуыд мæйы нæ республикæйы сæ фæллад суагътой черниговкæйаг скъоладзауты фыццаг къорды уæнгтæ 18 адæймагæй. Уыдон разыйæ баззадысты, кавказаг регионы цы рæстæг арвыстой, уымæй. Фысымтæ сыл зæрдæйæ баузæлыдысты, балцытæ сын сарæзтой Ирыстоны рæсугъддæр æрдзон æмæ зæрдылдарæн бынæттæм…
Цæгат Ирыстон æмæ Запорожьейы минæвæрттæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй дыккаг фæлладуадзæг къорды уæнгты нымæц уыдзæн дзæвгар фылдæр — 80 адæймаджы. Уыдоны балц дæр кæй фæрæстмæ уыдзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис — профилон республикон ведомствæтæ цæттæ сты черниговкæйæгты суазæг кæнынмæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Запорожьейы облæсты губернатор Евгений Балицкий 2023 азы бафыстой æмархайды бадзырд. Уый бындурыл Цæгат Ирыстон æмцегад кæны амынд облæсты Черниговкæйы районыл.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here