Газет – мæ рагон иузæрдион хион

0
291

Куы мæ фæфæрсынц, кæдæй нырмæ кæсыс «Рæстдзинад», зæгъгæ, уæд фæзæгъын: «Кæсын куы нæма зыдтон, уæдæй нырмæ!»

Уый та куыд? Уæдæ хъусут. Дæн хъармайнаг, нæ сых хуыдтой бæзджын сых! Цардыстæм æрвадæлтау. Изæрыгон-иу сыхæгтæ иу ранмæ æрæмбырд сты. Бæласыл-иу æрцауыгътой фæтæгены фанар. Бирæ хабæрттæ-иу кодтой. Фæлæ дзы «Рæстдзинад» куыд кастысты, уымæн æмбал кæм уыдис! Уæлдайдæр-иу дзы нæ хъæуы кой дæр куы уыди, уæд.
Арæх-иу дзы уыд Ирон театры артист Цæрукъаты Алыксандры кой, йæ къамимæ ролы. Фæстæдæр, кæсын куы базыдтон, уæд «Рæстдзинад» ссис мæ уарзондæр газет. Æфсады куы уыдтæн, уæддæр æй уырдæм дæр истон. Академийы куы ахуыр кодтон, уæддæр-иу æй уырдæм дæр рафыстон! Хаттæй-хатт куы фæфæрсын мæ зонгæтæй искæйты, ахæм уацхъуыд кастæ, зæгъгæ, æмæ аккаг дзуапп куы нæ вæййы, уæд ме ’уæнгтæ æркæлынц. Уый цы хабар у, цавæр ирон адæймаг дæ, æмæ дæ ма фæнда дæ адæмы тыххæй исты хабæрттæ базонын.
Цыбырдæр: Кæд ирон дæ, уæд кæс «Рæстдзинад», «Мах дуг», ирон чингуытæ. Ас адæймаг хъуамæ йæ сабитæн дæр ахæм зонд амона! Нæхæдæг стæм нæ фидæнæн хицау.
Мæнæ абоны номыры – бирæ хорз æрмæг!
Фæлæ дзы æппæтæй разыйæ дæр баззадтæн Богазты Арсæмæджы æрмæгæй. «Æргом ныхас, æргом хъуыдытæ». Фыссы Бутаты Эльзæйы тыххæй. Тынг хорз æрмæг у. Эльзæ мæнæн дæр хионау у. Йæ алы æрмæг дæр вæййы мидисджын, хъæугæ хъуыдытимæ. «Рæстдзинад»-ы кусджытæ се’ппæт дæр тынг архайынц, нæ ирондзинад хуыздæр уавæрмæ цæмæй цæуа, ууыл. Кæд мæхи истæмæй хъæздыг хонын, уæд уымæй, æмæ кæй ис Ирон театр, ирон кафты ансамбль, ирон чиныг, ирон газет, ирон журнал! Нæ хорз адæм – зонгæйæ, хионæй, æнæзонгæйæ – уе ’ппæтмæ дæр дзурын – алы бон дæр хъуамæ кæсæм, мыхуыры цы æрмæг цæуы иронау, уыдон се ’ппæт дæр! Афтæ чи нæ кæна, уый зонæд – уыцы бон йæ цард æцæг адæймаджы цардæй у дæрддзæф!
Уæдæ иумæ, «Рæстдзинад» уарзгæйæ, размæ! Йæ тираж дæр хъуамæ уа бирæ фылдæр.

ДЗБОЙТЫ Михал,
Уæрæсейы Федерацийы
сгуыхт нывгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here