Оперæ æмæ балетæн ис фидæн

0
253

Модест Мусоргскийы номыл Бетъырбухы оперæ æмæ балеты паддзахадон академион театр (Михайловскы театр) йæ труппæмæ райста ирыстойнаг чызг БОРÆНТЫ Аминæйы. Уый каст фæцис Борис Эйфманы кафты академи. Куыд зонæм, афтæмæй уым цæттæ кæнынц, оперæ æмæ балеты чи архайы, ахæм диссаджы артистты.

Аминæйыл 4 азы куы сæххæст, уæд райдыдта аивадон гимнастикæйæ архайын. Уæд сбæрæг ис йæ курдиат классикон кафтмæ дæр. Уый фæстæ ахуыр кодта Мариинаг театры студийы, стæй та – Аивæдты лицейы.
– 11 азы мыл куы сæххæст, уæд мæ мæ мад мæ ахуыргæнджыты фæндонмæ гæсгæ арвыста Мæскуыйы хореографион училищæмæ, фæлæ мæнæн ме стырдæр бæллиц уыд зындгонд Борис Эйфманы кафты академийы ахуыр кæнын. Æмæ мæ бæллиц сæххæст, райстон диплом, стæй мæ фæхуыдтой Михайловскы театры труппæмæ. Мæнæн уый у стыр æхсызгондзинад, фæлæ уыцы-иу рæстæг – бæрнон къахдзæф дæр. Кæд ныр аст азы Ирыстоны нæ цæрын, уæддæр æрцæуын нæхимæ æмæ та ног тыхтæ бамбырд кæнын. Уымæн æмæ æнæкæрон уарзтæй уарзын мæ чысыл фыдыбæстæ, – зæгъы Аминæ.
Модест Мусоргскийы номыл Бетъырбухы оперæ æмæ балеты паддзахадон академион театр у Уæрæсейы раззагдæр æмæ рагондæр театртæй иу кæй у, уый. Байгом 1833 азы. Ис ын рæсугъд æмæ хъæздыг истори. Аминæйæн та нæ зæрдæ зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ йæ равзæрст фæндагыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here