2-11 августмӕ нӕ республикӕйы цӕуы адӕмон зарӕггӕнджыты дунеон фестиваль «Мӕ зӕрдӕ ис хӕхты». Ныр дыккаг хатт арӕзт цӕуы УФ-йы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Культурӕйы министрады нӕ бӕстӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзӕртты хъӕппӕрисӕй. Йӕ нысан у адӕмон зарӕджы фарн ӕмӕ культурӕимӕ ныры фӕлтӕрты зонгӕ кӕнын, йӕ фӕрцы патриотон хъомылад ӕмӕ традицион цардуаджы ӕгъдауыл ӕнувыд цӕмӕй уой, ууыл архайын.
Фестивалы архайдтой фараст адӕмон вокалон сфӕлдыстадон къорды Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, Адыгей, Кӕсӕг-Балхъар, Дагестан, Стъараполы край, Цӕцӕн, Хъалмыхъ ӕмӕ Хъырым, Турчы цӕрӕг ирон адӕмы ӕхсӕнады уӕнгты кафт ӕмӕ зарды ансамбль «Франк».
Фестивалы фыццаг бон РЦИ-Аланийы Национ музейы уыд цӕлхӕмбырды фембӕлд «Зарӕг хъӕбатыртыл». Архайдтой дзы нӕ бӕстӕ ӕмӕ нӕ республикӕйы зындгонд фольклористтӕ, аивадиртасджытӕ, вокалон къордты разамонджытӕ. Арфӕ сын ракодтой РЦИ-Аланийы Культурӕйы министры хӕдивӕг Хъуыссӕты Зӕлинӕ. Уый ма дзы бакаст доклад Нарты эпосы фольклорон ӕмӕ историон бындуры нысаниуӕджы тыххӕй, стӕй ӕрдзырдта иумӕйагӕй йӕ культурон ахадындзинад, хъомыладон ӕмӕ удварнон миниуджытыл.
Фембӕлд саразджытӕ фестивалы архайджыты ӕмӕ уазджыты базонгӕ кодтой ирон зард ӕмӕ кувыны нысан ӕмӕ ӕгъдӕуттимӕ. Тымбыл стъолы уӕлхъус фембӕлды архайджытӕ сӕ докладтӕ ӕмӕ раныхӕсты бӕстон раргом кодтой ӕмӕ ӕрдзырдтой абон, адӕмон зарды культурӕйы уавӕр ӕмӕ йӕ рӕзты иумӕйаг нысантыл.
Майрӕмбоны изӕрӕй та фестивалы архайӕг сфӕлдыстадон къордтӕ равдыстой сӕ аивад Дзӕуджыхъӕуы Штыбы фӕзы, Горькийы уынг ӕмӕ Сабырдзинады проспекты.
Сабаты та фестивалы архайджытӕн фадат уыд ӕрӕфы районы Задӕлескы хъӕуы ӕппӕт республикон бӕрӕгбон Задӕлескы Нанайы куывды архайынӕн. Уым равдыстой сӕ курдиат адӕмон зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ кӕнынӕй, национ музыкалон инструменттӕй цӕгъдынӕй. Акодтой рагон ирон кафт «Симд».
Хуыцаубоны та паддзахадон филармонийы адӕмон зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг, зындгонд хормейстер, РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Дзанайты Ольгӕ фестивалы зарӕггӕнджыты къордты разамонджытӕ ӕмӕ сӕ зарӕггӕнджытӕн сарӕзта дӕсныйад ӕвдисӕг ахуыртӕ. Радзырдта сын адӕмон зарӕджы ахадындзинад ӕмӕ нӕ фыдӕлты вокалон культурӕйы мидисы тыххӕй. Филармонийы зарӕггӕнджыты къорды уӕнгтӕ та акодтой ирон мифологон, хъӕбатырты, фӕллой ӕмӕ цардуагимӕ баст зарджытӕ. Равдыстой сценикон-этнографион ныв «Ирон чындзӕхсӕв». Фестивалы архайджытӕн хорз фадат уыд, канд филармонийы зарӕггӕнджыты къорды архайджыты сфӕлдыстадимӕ базонгӕ уӕвынӕн нӕ, фӕлӕ ма семӕ ирон зарӕг акӕнынӕн дӕр. Сӕ фыццаг фӕлварӕн фӕрӕстмӕ. Семинары разамонӕг Дзанайты Ольгӕ ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары директор Лалыты Хъазыбег загътой сӕ фӕндон, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа Цӕгат Кавказы адӕмон зарӕггӕнджыты къордты иугонд сфӕлдыстадон къорд. Йӕ репертуары та уыдзӕн алы адӕмыхаттӕй дӕр иу адӕмон зарӕг.
Уыцы бон ма изӕрӕй Фӕсивӕдон галуаны залы уыд фестивалы архайджыты кӕронбӕттӕн концерт. Йӕ архайджытӕ ӕмӕ йӕ уазджытӕн арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы культурӕйы министры фыццаг хӕдивӕг Рӕмонты Маринӕ. Саккаг сын кодта фестивалы архайджыты дипломтӕ, Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.
Фестиваль «Мӕ зӕрдӕ ис хӕхты»-мӕ гӕсгӕ ма Адӕмон сфӕлдыстады республикон хӕдзары равдыстыты залы ацы азы 11 августмӕ фенӕн ис ӕрмдӕсныты алыхуызон аивадон куыстытӕ.
ГАСАНТЫ Валери