Ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕнынц

0
151

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе» ацы азы ӕвзӕрстыты ӕппӕт къӕпхӕнтӕм бавдыста 36 мин кандидатӕй фылдӕр.

Политикон куысты фӕлтӕрддзинад кӕмӕ нӕй, уыцы кандидаттӕ (се ‘хсӕн сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕ дӕр) ӕппӕт кандидаттӕй сты 61 проценты.

— Ацы ӕвзарӕн кампанийы заман нӕ парти архайы ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕныны рӕстӕг кандидаттӕй ӕвдыст сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн (уыдонӕй ӕвзӕрстытӕм бавдыстӕуыд 380 адӕймаджы) ӕппӕт гӕнӕнтӕй баххуыс кӕныныл. Паддзахадон Думӕйы фракциимӕ фембӕлды рӕстӕг «Иугонд Уӕрӕсе»-йы сӕрдар Дмитрий Медведев ацы хъуыддагмӕ уӕлдай фылдӕр ӕргом аздӕхта. Парти фӕззыгон ӕвзӕрстытӕм кӕй бавдыста, уыцы ӕфсӕддонтӕн юридикон ӕххуыс кӕнӕм. Иннӕ партитӕй ӕвдыст кандидаттимӕ ерыс кӕнгӕйӕ, мах кандидаттӕ ӕвзӕрстыты дарддӕр архайдзысты. ӕппӕт гӕнӕнтӕй сын ӕххуыс кӕндзыстӕм. Ӕгас бӕстӕ (уыимӕ мах дӕр) йӕ зӕрдӕ дары сӕрмагонд ӕфсӕддон операци ӕххӕстгӕнӕг адӕмыл, — загъта «Иугонд Уӕрӕсе»-йы Генералон советы нымӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Владимир Якушев.

Хицауы бынатахсӕг адӕймаджы ныхасмӕ гӕсгӕ, «Иугонд Уӕрӕсе» ӕвзӕрстытӕм кӕй бавдыста, уыцы кандидаттӕн сӕ 65 проценты сты партийы уӕнгтӕ, 35 проценты — партийы фарсхӕцджытӕ, ӕртыццаг хай — сылгоймӕгтӕ, 15 проценты — 35 азӕй кӕстӕр адӕймӕгтӕ. Кандидаттӕн сӕ цыппӕрӕм хай сты чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис бизнесы минӕвӕрттӕ, 45 проценты — ахуыргӕнджытӕ, социалон кусджытӕ, медицинӕ ӕмӕ культурӕйы минӕвӕрттӕ, 13 проценты та — паддзахадон службӕгӕнджытӕ.

— Кандидаттимӕ фембӕлдтыты рӕстӕг ӕвзарджытӕ сын алыхуызон фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ фехъусын кӕнынц. Ӕвзӕрстытӕ раздӕрау ӕнӕкъуыхцыйӕ цӕмӕй ацӕуой, ууыл бацархайдзыстӕм, — зӕгъы Владимир Якушев.

7-8 сентябры Цӕгат Ирыстоны ацӕудзӕн аст ӕвзарӕн кампанийы (уыимӕ — Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды депутатты ӕвзӕрстытӕ).

— Рагагъоммӕ хъӕлӕскӕнынады фӕтк чи баххӕст кодта, горӕтӕгтӕ «Иугонд Уӕрӕсе»-йӕ ӕппӕт уыцы кандидаттӕн баххуыс кӕндзысты. Хъӕбатырдзинад ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйыл ӕнувыддзинад чи равдыста, адӕм кад кӕмӕн кӕнынц, Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды ӕвзӕрстытӕм кандидаттӕй бавдыстам сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ахӕм архайджыты. Уымӕй уӕлдай, ӕвзӕрстыты рӕстӕг «Иугонд Уӕрӕсе»-йы номӕй чи архайдзӕн, уыцы кандидаттӕм хауынц алыхуызон дӕсныйӕдты ӕмӕ кары минӕвӕрттӕ, бархионтӕ, архайӕг депутаттӕ, стӕй амӕй размӕ политикӕмӕ бар нӕдарӕг адӕймӕгтӕ. Рӕхджы чи райдайдзӕн, адӕмимӕ уыцы фембӕлдтыты рӕстӕг ӕвзарджытӕн  уыдзӕн кандидаттимӕ аныхас кӕныны ӕмӕ аккагдӕрты равзарыны фадат, — зӕгъы «Иугонд Уӕрӕсе»-йы регионалон хайады нымӕрдар Сергей Меняйло.

САНАТЫ Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here