Сӕрдыгон студентон слет «ӕрыгон» йӕ куыст райдыдта пансионат «Урсдон»-ы. Йӕ архайджытӕ сты Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, ӕндӕр регионты уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты чи ахуыр кӕны, уыцы студенттӕ. Уыдон 170-йӕ фылдӕрӕй ӕрцыдысты пансионатмӕ, цӕмӕй ма ноджы фылдӕр бауарзой сӕ райгуырӕн республикӕ. Слет цӕудзӕн 6 августӕй 9 августмӕ.
Ацы егъау фӕсивӕдон хъуыддагмӕ бахастой рухстауӕн лекцитӕ, хирӕзты тренингтӕ, командӕтӕ аразыны мадзӕлттӕ, республикӕйы рӕзты сӕйраг рахӕцӕнты проектон куыстытӕ. Сӕйрагдӕр у фӕсивӕды уарзон бӕстӕйы комулӕфты аныгъуылын кӕнын, алы горӕтты, хъӕуты цӕрӕг ӕрыгӕтты ӕрбаиу кӕнын, нӕ республикӕмӕ алывӕрсыгӕй акӕсын, Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт фӕзилӕнтӕ, авналӕнтӕ, йӕ истори, йӕ хъӕбатыртӕ, йӕ размӕ ӕвӕрд нысантӕ равдисын.
Слеты архайджытӕ ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойыл. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ацы слет у фыццаг, фӕлӕ фӕстаг нӕ уыдзӕн. «Хъуамӕ йе сконды арӕнтӕ фӕпарахатдӕр кӕнӕм. Цӕгат Ирыстоны нӕм форумтӕ кӕныны программӕтӕ нӕй, фӕлӕ бирӕ регионты мах ахӕм хуызы райдыдтам экономикон, фӕсивӕдон форумтӕ. Фӕстӕдӕр зылдты ӕмӕ федералон форумтӕ систы. Мах нӕ фӕсивӕды сӕмбырд кодтам, уыдон сты нӕ фидӕн. Хъуамӕ нӕ фидӕн уа рухс, ирд, нӕ кӕстӕртӕ сты тынг дзӕбӕх, размӕ цӕуынц. Куы уӕ бафӕнда, уӕд ацы слеты арӕнтӕ фӕпарахатдӕр уыдзысты», — загъта Сергей Меняйло.
Специалисттӕ бацӕттӕ кодтой слеты программӕ, уырдӕм хаст ӕрцыдысты номдзыд адӕмимӕ фембӕлдтытӕ, арӕхстдзинӕдтӕ равдисыны фадӕттӕ, алыхуызон мадзӕлттӕ. Фӕсивӕдимӕ фембӕлдзысты Паддзахадон Думӕйы депутат Сергей Бурлаков, Уӕрӕсейы Президенты цур Адӕмон хӕдзарад ӕмӕ паддзахадон службӕйы академийы ректор Алексей Комиссаров, «Машук»-ы зонындзинӕдты центры генералон директор Антон Сериков, номдзыд политолог Сергей Маркедоновимӕ, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Администрацийы разамонӕг Гобеты Ибрагимимӕ, ӕрыгон актрисӕ Плиты Никольимӕ, Уӕрӕсейы Банчы цӕгатирыстойнаг хайады хицау Дзиуаты Иринӕимӕ. Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы чи архайдта, уыцы хӕстонтимӕ дӕр аныхас кӕндзысты.
Слет саразджытӕ бацӕттӕ кодтой Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинады тыххӕй зарӕггӕнджыты патриотон конкурс «Уӕлахизы фӕдонтӕ». Ӕрыгӕттӕ бацархайдзысты дурынтӕ кӕныны, цармы куысты, хъӕдыл нывӕфтыдтӕ кӕныны хъуыддаджы. Ирон чъиритӕ кӕныны, хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны, тактикон медицинӕйы дӕр сӕ арӕхстдзинӕдтӕ равдисдзысты. ӕппӕт программӕ бацӕттӕ кӕныны стыр ӕххуыс райстой РЦИ-Аланийы Хицауадӕй, сӕ цуры ӕрбалӕууыдысты «Машук»-ы зонындзинӕдты центры, уӕрӕсейаг ӕхсӕнад «Зонындзинӕдтӕ»-йы ӕмӕ Мӕскуыйы Дунеон ахастдзинӕдты паддзахадон институты специалисттӕ. Уый тыххӕй сын бузныг.
Нӕ уацхӕссӕг