Ӕрыдоны районы уыд фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуыны нысанмӕ арӕзт профилактикон рейд «Ӕдас автобус». Йӕ нысан — ӕрыдоны районы бӕлццӕттӕ ласӕн автотранспорты нывылад, шофырты ӕнӕниздзинад ӕмӕ куысты фӕстӕ фӕлладуадзыны уавӕртӕ сбӕрӕг кӕнын, адӕмы цы уавӕрты ласынц, бӕлццӕттӕ сӕ лӕггӕдтӕй цас разы сты, уый базонын.
Рейд арӕзт ӕрцыд ӕрыдоны районы автоинспекцийы разамынд ӕмӕ кусджыты хъӕппӕрисӕй. Автобусты шофыртӕн ӕмбарын кодтой, бӕлццӕтты ласгӕйӕ, куыстмӕ ӕрвонг ӕмӕ ӕвӕлладӕй, ӕнӕнизӕй цӕуын кӕй хъӕуы, стӕй фӕндагыл цырддзастдӕр уӕвын кӕй хъӕуы, уый. Автобустӕ хъуамӕ уой хӕрзарӕзт, сыгъдӕг, бӕлццӕтты удӕнцойдзинадӕн дзы уа ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ.
Ӕрыдоны районы автоинспекцийы кусджытӕ шофыртӕн радтой, фӕндагыл цӕуыны ӕгъдӕутты тыххӕй зӕрдылдарӕн амындтытӕ. Бӕлццӕттӕй та ракуырдтой, цӕмӕй фӕндагыл цӕуыны ӕгъдӕуттӕ зоной, ма сӕ халой ӕмӕ сыл ахуыр кӕной сӕ кӕстӕрты.
БУТАТЫ Азӕмӕт