Бӕрзонд технологитӕ бахӕццӕ сты «Дзынагъа»-мӕ

0
27

 Абон нӕ республикӕйы экономикӕйы туристон къабаз цы егъау санчъехтӕ кӕны, уыдон дисы ӕфтауынц. Федералон центрӕй уагъд цӕуы стыр ӕхцайы фӕрӕзтӕ, дӕттынц алыхуызон гранттӕ агротуризмы райрӕзтӕн, егъау ӕмӕ чысыл фысымуӕттӕ аразынӕн.  Уӕрӕсейы цӕрджытӕн фӕсарӕнтӕм цӕуын сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ фӕзын ис, ӕмӕ се ‘ргом раздӕхтой нӕхи бӕстӕйы алӕмӕты рӕсугъд бынӕттӕм. Уыдонӕй хъуаг нӕу Ирыстон дӕр — бӕрзонд урссӕр хӕхтӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ, цъититӕ, тагъд гуылфгӕнгӕ цӕугӕдӕттӕ, дидинӕгджын ӕрдузтӕ, сыгъдӕг уӕлдӕф… Нымай ӕмӕ нымай… Бирӕфенаг адӕм куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Дыгургом у Ирыстоны рӕсугъддӕр ком. Ам ӕнусон знӕт ӕрӕфы доны рахиз фарс ӕрбынат кодта туристон базӕ «Дзынагъа». Йӕ директор ПЕРИСАТЫ Алыксандримӕ рагӕй зонгӕ стӕм, раст ӕстайӕм азты астӕуӕй нырмӕ, ӕмӕ ӕхсызгонӕй сразы мемӕ фембӕлынмӕ. Туристон базӕ «Дзынагъа»-йы истори райдыдта 1974 азы, Алыксандр та йӕ директор сси 1999 азы. Кӕддӕр-иу ардӕм, куыд фӕзӕгъынц, арвы кӕрӕттӕй дӕр ссыдысты уазджытӕ сӕ фӕллад уадзынмӕ, бынӕттон цӕрджытӕй дзы бирӕтӕ куыстой, сӕ бинонты дардтой. Куыста ӕрмӕстдӕр хъарм рӕстӕг. Ныртӕккӕ бӕстӕйы уавӕртӕ аивтой, тынг стыр ивддзинӕдтӕ цӕуы туристон базӕ «Дзынагъа»-йы дӕр, ӕмӕ нӕ ныхас уый тыххӕй у.

— Алыксандр, куыд кӕсын, афтӕмӕй дӕ «хӕдзарад» дзӕвгар фендӕрхуызон ис, фӕуӕрӕхдӕр. Ацы рӕсугъд чысыл хӕдзӕрттӕ кӕд фӕзындысты? Кӕй кӕнӕ цӕй фӕрцы арӕзт цӕуынц?

— Райстам грант, паддзахадон программӕ «Туризм ӕмӕ уазӕгуарзондзинады индустри»-йы фӕлгӕты. ӕдӕппӕтӕй хъуамӕ азы кӕронмӕ базӕйы фӕзуаты ӕрӕзт ӕрцӕуа 20 модулон чысыл фысымуаты. Сӕ саразынӕн нын паддзахад ратта 30 милуан сомы, нӕхи фӕрӕзтӕй дӕр хъуамӕ уыйбӕрц бахардз кӕнӕм. Абонмӕ уал дзы срӕвдз дӕс объекты. Арӕзтадон куыстытӕ фӕдзӕхст сты подрядон организаци «Берго сервис»-ыл, йӕ разамонӕг — Бекъойты Дмитри.

— «Модулон хӕдзар» куыд ӕмбарын хъӕуы? Зымӕгон дзы цӕрын ӕмбӕлдзӕн? Цӕмӕй арӕзт у? ӕрдзон газ хӕхбӕстӕм куы нӕма ӕрбахӕццӕ, уӕд цӕмӕй хъарм кӕндзысты агъуыстытӕ?

— Модулон фысымуат у ӕнӕкапиталон нырыккон бӕрзонд технологитӕм гӕсгӕ ӕрмӕгӕй арӕзтадон объект. Хӕдзар лӕууы цӕджындзытыл. ӕрдзон газы сӕр дзы нӕ хъӕуы, ног технологитӕм гӕсгӕ арӕзт рудзгуытӕ агъуыстытӕ сӕхӕдӕг хъарм кӕнынц. Зӕронд хъӕдын корпустӕ ныры рӕстӕджы домӕнтӕн дзуапп нал дӕттынц, ӕмӕ сӕ фехалдзыстӕм. Ӕрдзон артаг нӕ хъӕуы, зӕгъӕм, хӕрӕндоны, ӕндӕр хъуыддӕгты. 2015 азӕй нын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, тагъд уӕм газ уыдзӕн, ӕмӕ уӕ тыхстдзинӕдтӕй фервӕздзыстут, зӕгъгӕ, фӕлӕ, фыдӕлты ӕмбисондау, — нырма нӕдӕр — ехсы къӕрцц, нӕдӕр — бӕхы хуыррытт. Ласӕггаг газӕй архайӕм. Ӕрӕджы дӕр ма йӕ аргъ 20 сомы уыд, абон та йӕ балхӕдтам 50 сомӕй — литр.

— Ӕндӕр ма тыхст цӕмӕй ӕййафут?

— Хъыгагӕн, абон нӕ хъӕуы бирӕ цӕрӕг нал ис, йӕ аххосӕгтӕй иу — ӕрдзон газ кӕй нӕй, уый. Хӕхбӕсты зынвадӕттӕ бирӕтӕ баивтой быдыры ӕнцондӕр царды уавӕртыл, ӕмӕ сӕ бамбарын ӕмбӕлы. Раздӕр хъӕуы фӕсивӕд, астӕуккаг кар адӕм куыстой базӕйы, ныр та нӕм нӕ фаг кӕны техникон кусджытӕ. Уӕддӕр мӕ зӕрдӕ дарын. Ӕрдзон артаг нӕм куы ‘рбахӕццӕ уа, уӕд бирӕтӕ сӕ фыдыуӕзӕгмӕ кӕй раздӕхдзысты, ууыл.

— Ныртӕккӕ уал чи сцӕттӕ, уыцы модулон хӕдзӕртты ис нырыккон ӕмбӕлгӕ рӕсугъд хӕдзары дзаума, куыд уынын, афтӕмӕй уаты — фӕтӕн сынтӕг, йӕ фӕйнӕфарс — чысыл скъӕппытӕ, холлы — уӕлӕдарӕсӕн — скъапп, кӕсӕн, чысыл хӕринаггӕнӕн уат диванимӕ, санитарон уат. Чи сӕ ифтонг кӕны ӕппӕт уыдӕттӕй — сымах уӕхӕдӕг ӕви аразджытӕ?

— Нӕхи хӕс у хъӕугӕ коммуникацитӕ бауадзын, иннӕ хъуыддӕгтӕ суанг хӕдзары дзаумайы  онг фӕдзӕхст сты «Берго сервис»-ыл, ӕмӕ цӕсгомджынӕй йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕны. Чысыл фысымуат «чысыл» уымӕн хуыйны, ӕдӕппӕтӕй дзы ис 32 квадратон метры, фӕлӕ йӕ архитектор алы ӕнцойдзинадыл дӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ дзы ныридӕгӕн чи баулӕфыд, уыдон дзы ӕппӕлынц.

— Туристтӕ уӕм фылдӕр кӕцӕй цӕуы?

— Сӕ раст ӕмбис — Уӕрӕсейы алы рӕттӕй, иннӕ ӕмбис та — нӕхи Ирыстоны цӕрджытӕ. Фӕсарӕнтӕм бирӕтӕн сӕ фӕндаг ӕхгӕд у, ӕмӕ сын, чи зоны, хуыздӕр гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ нӕм чи ссӕуы дард рӕттӕй, уыдонӕй хъаст ничима ахаста, тынг райгонд вӕййынц, ӕрмӕст ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕг хӕххон уӕлдӕфӕй нӕ, фӕлӕ бынӕттон цӕрджыты ахастӕй дӕр. Фӕзӕгъынц, тынг зӕрдӕхӕлар адӕм, дам, стут. Архайӕм зӕрдиагӕй, цӕмӕй уазджыты улӕфты рӕстӕг мацӕмӕй фӕкъуылымпы уа, цы федтой ӕмӕ цы банкъардтой Дыгургомы, уыдӕттӕй фӕхай кӕной сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ зонгӕтӕн дӕр ӕмӕ сӕ сразӕнгард кӕной ардӕм ссӕуынмӕ. «Кавказ» дзырд раздӕр тӕрсынгӕнӕн уыд, фӕлӕ ныр туристтӕ ӕнкъарынц, мах сабыр, Уӕрӕсейы уазӕгуарзаг адӕм стӕм, ам сын тӕссаг ницӕмӕй у.

— Ӕрмӕстдӕр Къӕрӕугомы цъити ӕмӕ йӕ размӕ, «голубая жемчужина Кавказа» кӕй хонынц, уыцы ихдон цад Микелай куы феной, уӕддӕр сын мыггагмӕ мысинаг уыдзысты, мӕнмӕ гӕсгӕ. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй зымӕджы дӕр ацы модулон фысымуӕттӕ туристтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты.

— Ӕнӕмӕнг, афтӕ. Нӕ зӕронд агъуыстытӕ уазал рӕстӕджы цӕрынӕн бӕзгӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ ныр уавӕр фендӕрхуызон уыдзӕн. Интернеты хызы нын ис сайт, нӕ базӕйы тыххӕй информаци ссарӕн ис социалон хызты. Ныртӕккӕ адӕм хабӕрттӕ фылдӕр уырдыгӕй базонынц, ӕмӕ мах дӕр рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕныныл архайӕм.

— Алыксандр, ды — ӕнӕвдӕлон дӕ, ӕмӕ стыр бузныг, нӕ фембӕлдӕн рӕстӕг кӕй ссардтай, уый тыххӕй. Дӕ рӕсугъд фӕндтӕ дӕ къухы бафтӕнт!

Ныхас кодта ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here