0
57

Æрæджы Цæгат Ирыстонмæ уæлахизимæ сыздæхт дунейы чемпион грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй БЕСЛЕХЪОТЫ Зауыр.

Æхсызгонæй йæм æфсæнвæндаджы вокзалы æнхъæлмæ кастысты йæ хиуæттæ, хæлæрттæ æмæ тренер.
Зауыр сыгъзæрин майдан рамбылдта, 20 азы кæуыл цæуы, ахæм фæсивæды ‘хсæн 72 килограммы уæзы онг. Ацы хæрзиуæг ын фыццаг нæу, у дыккаг. Кæронбæттæны тохы фембæлд Сомихы минæвар Ашот Хачатрянимæ æмæ йыл фæуæлахиз 6:5 хыгъдæй. Беслехъоты Зауыр йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын æнцон нæ уыд, фæлæ йæ тыхтæ сæмбырд кодта æмæ ссис уæлахиздзау.

ЦÆГÆРАТЫ Эльмирæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here