Фидын сын нæ хъæудзæн

0
278

Ссæдз мин бынатæй фылдæр фæзындзæн Цæгат Ирыстоны сабиты уæлæмхасæн ахуырады къабазы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ респуб-
ликæйы разамынд.

Дзуарыхъæуы скъоладзаутæ зонынц алцыдæр сæ хъæуккаг хъæбатыр Гæздæнты Аланы царды хабæрттæй. Уый хæцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы Уæрæсейы æфсæддон хæйттæй сæ иуы. Быцæуы рæстæг райста контузи, фæлæ иуцасдæр йæ чемы куы ’рцыд, уæд батагъд кодта йæ цæф æмбæлттæн феххуыс кæнынмæ. Госпитæлмæ ма йæ бахæццæ кодтой, фæлæ нал сдзæбæх. Уыдис майор, саккаг ын кодтой Жуковы орден мæлæты фæстæ.

Аланы номарæн фæйнæджы фарсмæ сты Гæздæнты авд æфсымæры хуызистытæ дæр. Уыдон сæ цард радтой Фыдыбæстæйы сæрвæлтау.

Уыцы музейыл цæуы дæс æмæ дыууиссæдз азы бæрц. Æндæр ахæм музейтæ Алагиры районы нал ис. Скъоладзауты фæнды йæ архив ын нымæцон уагмæ раивын.

Црауы хъæуы скъолайы та сывæллæтты ахуыр кæндзысты хæдзары дзау-
матæ аразыныл æмæ хъæдимæ кусыныл. Ныридæгæн уал сæм гыццыл зырнæйзилæн (токарный) станоктæ дæр ис. Уæлæмхасæн ахуырады фæлгæты дзы архайдзысты фыццаг къласæй иуæндæсæмы онг лæппутæ. Чызджытæ та хъуамæ базоной хуы-
йын, райдайæны сын бацамондзысты хуыйæн машинæтæй æдасæй кусын.

Æппæт уыцы ахуыртыл фидын нæ хъæудзæн, цæудзысты сæм дыууиссæдз лæппуйы æмæ дыууиссæдз чызджы. «Алы сабийы æнтыст», зæгъгæ, уыцы федералон проекты фæлгæты.

Уыцы ног арфæйаг хъæппæрисæн паддзахад рауагъта ссæдз милуан сомы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here