Национ проекты фæлгæты Цæгат Ирыстоны 62 фермерон хæдзарады райстой «Агростартап»-ы гранттæ.
Уыцы 62 амалхъом адæймаджы фæуæлахиз сты, нæ республикæйы хъæу-
уон хæдзарады министрад цы конкурс сарæзта, уым. Уый арæзт æрцыд, «Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт»-ы проекты цы мадзæлттæ амынд сты, уыдонæй иуы фæлгæты. Проект у «Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад æмæ хиамалхъомадæн æххуыс»-ы национ проекты иу хай. Проект саразыны хъæппæрис равдыста Уæрæсейы Президент.
– «Агростартап» райсыны фæнд чи кæны, уыдон республикæйы кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Ацы аз министрад райста 150 курдиаты. Конкурсы архайыны бар та радтой 105 амалхъомæн. Къамис курдиæттæ равзæрста æмæ «Агростартап»-ы грант раттыны аккагыл уыдонæй банымадта 62 адæймаджы. Æхсызгон у, конкурсы разæнгардæй кæй архайынц æрыгон амалхъомтæ дæр. Грант райсæг адæймаг йæхимæ цы хæстæ исы, уыдонмæ гæсгæ хъуамæ сараза куысты бынæттæ æмæ сæ бахъахъхъæна, йæ проект æххæстгонд цалынмæ цæуа, уæдмæ, ома, фондз азмæ. Уымæй уæлдай, йæ бизнес-пъланы цы бæрæггæнæнтæ бацамыдта, уыдон хъуамæ сæххæст кæна, – загъта нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.
Паддзахадон æххуысы бæрц амалхъомтæн у 132,54 милуан сомы, уыдонæй 131,22 милуан сомы дæтты федералон бюджет, 1,32 милуан сомы та сты республикон бюджеты æхцатæ. Гранттæ рамбулджытæ се ‘хца æххæстæй дæр райсдзысты ацы азы 1 октябрмæ. Куыд фæнд кæнынц, афтæмæй, финансон æххуыс сæхи æхцатимæ баиу кæнгæйæ дзы балхæндзысты стурвос æхсыр æмæ дзидзайы куыст кæнынæн, фыстæ, хъæугæ хъæууонхæдзарадон транспорт, байгом кæндзысты кæсагдарæн хæдзарад, рацараздзысты куыстады скълæдтæ æмæ хъæууонхæдзарадон продукци куыстгæнæг бæстыхæйттæ.
Хæдзариуæггæнæг чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт ахъаз уыдзæн республикæйы хъæууон хæдзарады æппæт райрæзтæн дæр, ног куысты бынæттæ аразынæн æмæ хъæуты цæрджытæн сæ уавæртæ
хуыздæр кæнынæн.
РЦИ-Аланийы
Хъæууон хæдзарады
министрады
пресс-службæ