Йæ пенси кæмæн фæфылдæр?

0
29

Сывæллæтты хъомыл кæныны тыххæй 6 минæй фылдæр пенсиисæг ныййарджытæн фидынц фылдæр пенси.

Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, ахæм ныййарджыты нымæц нæ республикæйы у 6 350 адæймаджы. Ацы пенсиисæг ныййарджытæ хъомыл кæнынц æнахъом сывæллæтты, кæнæ, комкоммæ уагæй ахуыр чи кæны, 23-аздзыды онг ахæм студентты, кæнæ, уымæй дæр хистæр чи у, афтæмæй гыццылæй фæстæмæ инвалид чи у, ахæм кæстæрты.

Ранымад къордтæм хаст кæстæртæн сæ ныййарджытæн сæ пенсийыл цæуы æфтыд, уыимæ, ныййарæг куса, ма куса, – уæддæр. Фæдзæхстадон пенсийыл бафты йе ‘ртыккаг хай – алы ахæм сывæллоны тыххæй дæр.

– Ацы аз амынд пенсийы бæрц у 8 134, 88 сомы. Афтæмæй, иу сывæллоны тыххæй йыл æфтыд цæуы 2 711,63 сомы, дыууæйы тыххæй – 5 423,25 сомы, æртæйы æмæ уымæй фылдæр сывæллоны тыххæй – 8 134,88 сомы. Уыимæ, уыцы-иу сывæллоны тыххæй сæ пенси фæфылдæр вæййы ныййарджытæн сæ дыууæйæн дæр, – загъта УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.

Зонинаг: сывæллон ахуыр кæй кæны, уый тыххæй уыцы ахуыргæнæндонæй хъæудзæн справкæ. Студент ахуыр куынæуал кæна, фæсаууонмæ кæнæ дæрддзæфмæ уагæй ахуыр кæнынмæ куы раива, кæнæ исты куыстыл куы ныллæууа, уæд уæлæмхасæн бафыст йæ ныййарджытæн нал æмбæлдзæн, æмæ хабар æвæстиатæй хъуамæ фехъусын кæной, Социалон фонды сæм хæстæгдæр сæ цы хайад ис, уырдæм.

Академион отпусчы чи ис, ахæм студентты ныййарджытæ дарддæр дæр исдзысты фылдæргонд пенси, студентæн йæ отпуск кæронмæ цалынмæ нæ ахæццæ уа, уæдмæ.

Æппæт фарстытæн дзуаппытæ кæдфæнды дæр райсæн ис, ахæм телефонæй лæвар бадзургæйæ:
8 (800) 100-00-01.

 

УФ-йы Социалон фонды
цæгатирыстойнаг хайады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here