Номдзыд ирон композитор æмæ рухстауæг, фольклорист, ахуыргонд, æфсæддон, Галаты Барис йе сфæлдыстадон бирæвæрсыг архайдæй ахадгæ æвæрæн бахаста нæ бæстæ æмæ Ирыстоны профессионалон музыкалон культурæйы рæзтмæ.
Цæмæй йæ ном рох ма уа, йе сфæлдыстадон æмæ зонадон бæркадджын бынтæ фæлтæртæн зонгæ уой, уый тыххæй иудадзыг зæрдиагæй кусы композиторы номыл Рухсадон-культурон фонды разамонæг, филологон наукæты кандидат Гаглойты Лянæ.
Йæ хъæппæрисæй æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы, стæй нæ республикæйы Культурæйы министрад æмæ Композиторты цæдисы иумæ-
йаг хъарутæй Галаты Барис къорд азы Дзæуджыхъæуы Баллаты Валодяйы номыл уынджы фарæстæм хæдзары кæм цард, уый къулыл кадджын уавæры байгом кодтой номдзыд композиторы мемориалон къæй. Йæ автор – зындгонд скульптор Дзбойты Михал.
Аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Галаты Барисы номарæн къæй гом кæныны кадджын æмбырды архайдтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ, нæ республикæйы Композиторты цæдисы сæрдар Махъоты Ацæмæз, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæрнон кусджытæ, нæ горæты Минæвæртты æмбырды депутаттæ, Галаты мыггаджы минæвæрттæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ, аивадуарзджытæ.
Æмбырды райдайæны Дзæуджыхъæуы æфсæддон гарнизоны оркестр ацагъта Галаты Барисы музыкалон уацмыстæй цалдæр. Номдзыд композиторы бирæвæрсыг сфæлдыстадон, рухстауæн æмæ зонадон архайды тыххæй бæлвырд ра-
дзырдтой Хъуыссæты Зæлинæ, Махъоты Ацæмæз, Гаглойты Лянæ, зындгонд кинорежиссер æмæ сценарист, Галаты Барисыл документалон кинойы автор Туаты Теминæ, зындгонд фыссæг Дауыраты Дамир, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты
Фатимæ, зындгонд журналист Анастасия Саламатова.
Номдзыд композиторы номарæн къæй байгом кодтой Галаты Васили, Махъоты Ацæмæз, Дзбойты Михал æмæ Гаглойты Лянæ.
Зындгонд зарæггæнæг Тайсауты Владимир азарыд номдзыд поэт
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйыл Галаты Барисы фыст зарæг «Зæрватыкк».
Кадджын æмбырды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Галаты Барисы номарæн къæйыл.
Уый фæстæ ма Национ музейы кæрты арæзт æрцыд номдзыд композиторы цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадыл дзурæг къамты, æмæ йæхæдæг цы ирон рагон музыкалон инструменттæ æмбырд кодта, уыдоны иумæйаг равдыст.
Изæры та аивадуарзджытæ, Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ уазджытæ Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзæн парчы сæрдыгон сценæйы бакастысты Хетæгкаты Къостайы кадæгмæ гæсгæ ист аивадон киноныв «Фатимæ»-мæ. Музыкалон æгъдауæй йæ сфæлгонц кодта Галаты Барис.
Гасанты Валери,
къам систа
Татьянæ Шеходанова