Хорзæрдæм ивддзинæдтæ æрцæудзæн

0
153

Нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрты кабинетæн сарæзта, бавдыстытæ бадæттыны кампанийы фарстатæм кæм æркастысты, ахæм æмбырд.

Дзанайы-фырт ма сын иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын кодта: республикæ хъуамæ хъазуатонæй архайа паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты. Уыцы хъуыддаджы ныридæгæн цы куыст æрцыд, уый тыххæй радзырдтой профилон министртæ.

Афтæ, 2025 азмæ æрвыст æмæ 2026-2027 азмæ пъланы бюджетон бавдыстыты бындурыл хъуамæ арæзт æрцæуой мадзæлттæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, арæзтад, хъæууон хæдзарад, ахуырад, культурæ, спорт æмæ социалон къабазы. Фыццаджыдæр, сараздзысты æмæ нырыккон уагыл рацараздзысты социалон къабазы объекттæ, хорзæрдæм ивддзинæдтæ æрцæудзæн хъæуты фæлгонцад æмæ фæндаггон инфраструктурæйы дæр.

– Ацы боны онг федералон хицауады профилон оргæнтæм æрвыст æрцыд бюджетон бавдыстытæ 252 объекты тыххæй, сæ иумæйаг аргъ – 60 миллиард сомæй фылдæр. Фæлæ ма фæзыны уæлæмхасæн хъуагдзинæдтæ дæр, æмæ уыдон дæр хынцын хъæуы, бавдыстытæ сыл дæттын федералон уагдæттæм. Æппæт ма-
дзæлттæ дæр ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын сты, нæ регионы цардыуагыл чи фæзындзæн, ахæмтæ. Курын, лæмбынæг бакусут бавдыстытыл – фарстамæ иудадзыг йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – бахахх кодта Дзанайты Барис.

Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ Хицауады Сæрдар бахæс кодта, федералон профилон ведомствæтæм бындурон арæзтады объекты тыххæй паддзахадон программæтæм сæ бахæссыны тыххæй цы бавдыстытæ æрвитынц, уыдонмæ ма иу хатт
лыстæг æркæсын.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here