Абон йæ райгуырæн бон бæрæг кæны РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Габалты Русланы чызг Мæдинæ, æмæ йын уый фæдыл зæрдиагæй арфæ кæнæм!
Йæ куысты сусæгдзинæдтæ тынг арф чи зоны æмæ уыцы зонындзинæдтæй йæ бæрныгонд ахсджиаг хъуыддагыл дысвæлдæхтæй чи архайы, ахæм адæймагæй базыдтой республикæйы мыхуыры кусджытæ Мæдинæйы. Зæгъын æмбæлы, номæй-номмæ зоны алкæй дæр, журналисттæй райдай æмæ техникон кусджытæй фæу, йæ ахсджиаг æмæ хъомысджын архайд зыны республикæйы æхсæнадон цардыл. Иу вазыгджын цау дæр æнæ æрхъуыдыгæнгæ нæ ныууадзы, йæ разамындæй канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Уæрæсейы алы рæтты дæр разыны комитеты куыст алыхуызон цымыдисаг мадзæлтты хуызы.
Мæдинæ, дæ алы райгуырæн бон дæр дыл рæсугъд æмæ зæрдæрухсæй цæуæд! Дæ куысты æнтыстдзинæдтæ стыр æмæ бирæвæрсыг сты, æмæ дын ноджы егъаудæр æнтыстдзинæдтæ зæгъы нæ зæрдæ нæ республикæйы хорздзинадæн! Сылгоймаджы амондæй хайджын у! Цы рæсугъд бæллицтæ æмæ дæм пълæнттæ ис, уыдон дæ къухы бафтæнт!
Газет «Рæстдзинад»-ы
коллектив