Уæрæхдæр кæнынц сæ рæнхъытæ

0
143

Ирыстоны фæскомцæдисы Рахизфарсы районы дæлхайад, йæ разамонæг – Бибылты Светæ,  стыр хъомыладон-рухстауæн куыст кæны, разæнгардæй архайы æхсæнадон царды. Иу мадзал дæр æнæ уыдон архайдæй арæзт нæ цæуы. Сæхи хъæппæрис-тæ та æнæкæрон сты – фæскомцæдисы ветеранты 
сæ хæдзары бабæрæг кæнынц, уыимæ – афтид къухæй нæ, чысыл лæвæрттæ сын ракæнынц, зæрдиагæй сæ сбуц кæнынц. Расидынц зиутæ æмæ, волонтертимæ æмгуыст кæнгæйæ, ныссыгъдæг кæнынц парктæ, аллейтæ, сквертæ.

Зæгъæм, æрæджы дæр та ахæм хъæппæрис рав-дыстой – бафснайдтой, Беслæны цы мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтæ ис Фæдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардуæвæг хæстонтæн, уыдоны алфамбылæйттæ. Фæскомцæдисонты сидтмæ фæтагъд кодтой æхсæзæм, æртыккæгæм æмæ дыккæгæм скъолатæ æмæ базарадон-экономикон колледжы ахуырдзаутæ, волонтертæ, ныссыгъдæг кодтой хæстонтæ интернацианалисттæ æмæ Чернобылы фыдбæллæх иуварсгæнджыты сквертæ, базылдысты, горæты астæу Сталинæн цы цыртдзæвæн ис, уымæ.

Уæлдай æхсызгондæрæй Бибылты Светæ æмæ йе  ‘фсад сæхи цæттæ кодтой Фæскомцæдисы бонмæ. Абон Ирыстоны Фæскомцæдисы ветерантæ фембæлдысты, ныр цыппар азы Рахизфарсы районы фæскомцæдисы дæлхайады бархийæ чи архайы,  æхсæзæм скъолайы уыцы рауагъдонтимæ, арфæйы ныхæстæ загътой сæ къласы разамонæг Берозты Ларисæйæн. Хъомысджын у ацы фæсивæды архайд, дæнцæг сты се ‘мгæрттæн, æмæ сæ ныридæгæн бирæтæ фæзмынц, уæрæхдæр кæнынц сæ рæнхъытæ.

Ветеранты фæндаг дарддæр уыдис базарадон-экономикон колледжмæ – ацы ахуырадон уагдоны студентты фылдæр хай сты фæскомцæдисонтæ, хъæппæрисджын, архайынц алы хъуыддаджыы дæр. Ацæргæ æмæ æрыгон фæскомцæдисонтæн уыд, цæуыл аныхас кæной, ахæм темæтæ, æмæ фембæлд рауад тынг мидисджын. Стæй дзы бынат уыдис хъæлдзæгдзинадæн дæр – колледжы ахуырдзаутæ сæ курдиæттæ равдыстой кафын æмæ зарынæй.

Абон нæ республикæйы фæскомцæдисон организаци у, фæлтæрты чи иу кæны, нæ бæстæйы, рес-публикæйы историмæ раст цæстæнгас чи æвзæрын кæны фæсивæдмæ, ахæм хъомысджын хотых. Уадз, æмæ цæра!

 ГАПБАТЫ Алетæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here