Æххуыс – амалхъомады райрæзтæн

0
268

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары цур кусæг Координацион советы радон æмбырды. Фембæлды æргом аздæхтæуыд Цæгат Кавказы райрæзты паддзахадон программæ æххæст кæныны, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн паддзахадон æххуысы, стæй æндæр ахæм ахсджиаг фарстатæм.

Дзанайты Барис йæ раныхасы бæстон æрлæууыд, республикæ чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады рæзтыл куыд кусы, къабазы хъомысæн цы федералон æмæ регионалон программæтæй пайда кæны, ууыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бизнесы райрæзтæн ахъазгæнæг мадзæлтты фæрцы ацы азы дæргъы республикæйы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъектты нымæцыл бафтыд 8 проценты. Афтæмæй къабазы кусæг адæмы нымæц 18 минæй фæфылдæр.

– Цæгат Ирыстон фыццаградон æргом здахы амалхъомады райрæзты фарстатæм. Уыцы архайды æнцой кæнæм, регионалон центр «Мæ бизнес»-ы цур цы структурæтæ кусы, уыдоныл (уыимæ, центры дæлхайæдтæ байгом кодтам æппæт районты дæр). Уымæй уæлдай, æххæстгонд цæуынц национ проект «Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад æмæ бизнесæн æххуыс» æмæ æндæр программæтæ, – загъта Дзанайы-фырт.

Уыцы куысты ахадгæ у чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады куыстуæттæн æфстæуттæ дæттыны æмæ Кредитон зæрдæдарæнты фондты архайд дæр. Уыдоны фæрцы ахадгæ амалхъомадон проекттæ æххæст кæныны нысанимæ республикæйы экономикæмæ кредиты хуызы æрбафтыд 1,8 миллиард сомы бæрц.

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады дарддæры райрæзтæн фæахъаз уыдзæн ног национ проект «Пайдайаг æмæ хъомысджын экономикæ» дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæ уæрæх архайдзæн амынд проекты.

Æмбырды дзуаппон докладтæ скодтой Цæгат Кавказы федералон зылды иннæ субъектты хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ æмæ профилон федералон ведомствæты бæрнон кусджытæ дæр. Уыдон бæстон æрлæу-уыдысты, Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæйы уагæвæрдтæ 2024 азы 9 мæймæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, ууыл.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here