РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн уыд фембæлд федералон корпораци «ДОМ.РФ»-йы минæвæрттимæ. Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы дарддæры райрæзты мастер-пъланы проектыл.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты райрæзты ног пъланыл куыст цыд Уæрæсейы Президент Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ (ахæм нысан Президент сæвæрдта, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ йын амæй размæ цы кусæг фембæлдтытæ уыд, уыдонæй иуы). Мастер-пълан бацæттæ кæныны хæс бакодтой корпораци «ДОМ.РФ»-йы специалистты бæрны.
Æмæ ныр корпорацийы минæвæрттæ рæгъмæ рахастой цæттæгонд документ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй мастер-пъланыл куыст цæудзæн 2030 азы онг. Проекты бæстон бæрæггонд æрцыд горæты абоны социалон-экономикон уавæр, стæй дзы бæлвырд фидаргонд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы промышленнон, логистикон, цæрæн-
уатон-коммуналон, социалон-культурон æмæ иннæ къабæзты райрæзты нысантæ.
— Уæлдай ахсджиаг у, мастер-пълан æппæтвæрсыг кæй у, горæты дарддæры райрæзты стратегион нысантæ дзы ирдæй кæй зынынц, уый, стæй сыл къæпхæнгай куыст куыд цæудзæн, уый къаддæр вазыгджын нæу. Корпораци «ДОМ.РФ»-имæ
республикæ цы пайдайаг æмгуыстад кæны, уый хорзæрдæм ахаддзæн Дзæуджыхъæуы фидæныл, республикæйы адæмы фæрныгдæр цардыл, – йæ раныхасы фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
«ДОМ.РФ»-йы минæвæрттæ бæлвырд радзырдтой мастер-пъланы тыххæй. Хицæн къабæзтæм гæсгæ йæм бахастой 138 алыхуызон дæлпроекты. Уыдон сахатдзысты горæтаг хæдзарады инфраструктурæйыл.
Фембæлдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис профилон ведомствæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй мастер-пъланмæ сæ кæронбæттæн фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æрбадæдтой. Уый фæстæ документ хъуамæ фидаргонд æрцæуа.
Сланты Аслан














