Кæддæр англисаг фыссæг-фантаст Герберт Уэллс загъта: «Алы адæймагæн дæр йæ бон у иу чиныг ныффыссын, æмæ уыцы чиныг радзурдзæн йæ царды тыххæй». Ахæм чиныг ныффыссын æмбæлди Гаглойты Гæбуцы цыппар фырты тыххæй дæр. Бинонтæ цардысты Хуссар Ирыстоны, Уанелы, Къусчыты хъæуы. Уырдыгæй бинонтæ Гуры уездмæ алыгъдысты.
Гæбуцæн уыдис цыппар фырты: Онез, Есе, Павел (Пъауле) æмæ Како. Алкæй хъысмæт дæр дзы, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй чиныджы ныффыссыны аккаг у, фæлæ нæ ныхас абон Пъауле æмæ Какойыл у.
Историйæ куыд зонæм, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, Уырыс æмæ Турчы ‘хсæн хæстытæ дæргъвæтин сты æмæ ахсынц 351 азы рæстæджы уаццаг – ахас-той 1568 азæй 1918 азмæ, иу хæстæй иннæйы ‘хсæн уыдис рæстæмбис нымадæй 25 азы, хæцгæ та кодтой иумæйаг нымадæй 69 азы. Уый уыдис Европæйы æппæты дæргъвæтиндæр хæстон быцæу, æмæ дзы Османты импери æппын-фæстаг састы бынаты баззад.
Ирон сахъгуырдтæ уыцы хæстыты Уæрæсейы паддзахы æфсæдты рæнхъыты сæхи куыд хъæбатырæй æвдыстой, цы лæгдзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй бирæ æвдисæнтæ баззад, уырыссаг балхонтæ сæ мысинæгты сæ кой кодтой, адæм сын сæ нæмттæ фæлтæрæй–фæлтæрмæ лæвæрдтой, зарджытæ сыл скодтой, æмæ сæ абон мах дæр зонæм æмæ дзы нæ сæр бæрзæндты хæссæм. 1877-1878 хæсты архайдта Гаглойты Гæбуцы кæстæр фырт Како дæр инæлар М.Т. Лорис-Меликовы бæхджын æфсады рæнхъыты Хъарсы фидар басæттыны карз тохы. Лæппу – раст,
саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм, йæхи æхсарджынæй бав-дыста, æмæ йæ хъæбатыр-дзинадæн аккаг аргъгонд æрцыд – уыдис æм къорд хæрзиуæджы паддзахæй. Хæсты фæстæ ссыд йæ фыды хæдзармæ.
1916 азы Гæбуцы хæдзары уыдис стыр циндзинад – Какойæн хъуыддаг бакодтой – æрхастой чындз – Мæхъиты чызджы. Чын-дзæхсæвы хъæлдзæгдзинад стынг ис, хъазты фæндыр-дзагъд дардмæ хъуысыд, адæм цин кодтой Гаглойты циндзинадыл. Како иу заман йæхи æвзæр банкъардта – куыд дзырдтой, афтæмæй йæ зæрдæ срыст. Уатмæ бацыд, йæхи хуыссæныл æруагъта æмæ … йæ уд систа.
Æвирхъау æнамонддзинад æрцыд. Чындзæхсæвы циндзинад баурæдтой æмæ йæ марды хæрнæгæй баивтой. Мæхъитæ сæ сиахсæн æгъдау раттой æмæ, фæтк куыд амыдта, афтæ сæ чызджы сæ хæдзармæ
рахуыдтой.
Ацы цауыл бирæ азтæ рацыд. Ралæууыд 1957 аз. Рухсаггаг Какойы æфсымæр Есейы лæппу Гаглойты Миша зианмæ ацыд Елхотмæ. Лæууыд лæгты къорды ‘хсæн. Иуафон йæ размæ ацæргæ сылгоймаг æрбацыд, æдзынæг æм ныккаст, хатыр дзы ракуырдта æмæ йæ бафарста:
– Лæппу, ды Гаглойты Гæбуцы хæдзарвæндагæй нæ дæ?
Мишайæн ацы хъæуы хæстæг нæ уыдис, æмæ сылгоймагæн дисгæнгæ разыйы дзуапп ратта, «о», зæгъгæ.
Сылгоймаг та йæ афарс-та, кæцы æфсымæры цотæй дæ, зæгъгæ. Миша йын бамбарын кодта, Есейы фырт кæй у, фæлæ йæм уый дæр фарста ратта, чи дæ, зæгъгæ. Сылгоймаг йæ къæхты бынæй арф ныуулæфыд æмæ йын бамбарын кодта, кæддæр, дам, уæ чындз уыдтæн.
Уый разынди æнамонд Какойы чындздзаг. Фæлæ, кæд ныр æндæр мыггаджы чындз уыди, æмæ йæ сæры хил сурс ис, уæддæр йæ фыццаг уарзондзинад, Какойы рухс сурæт йæ зæрдæйы хаста, æвæццæгæн, æмæ йын йæ туг, йе стæджы хуызæй базыдта. Мишæмæ диссаг уый фæкаст, æмæ чындзæхсæвы рæстæджы авдæны сывæллон уыди…
Гæбуцы иннæ фырт, Пъауле, ахуыры фæндагыл ацыд. Тифлисы партион скъола каст фæци, хорз бынæтты куыста, фæлæ йæ 1930 азы троцкист рахуыдтой æмæ йæ ахастой Стъараполы краймæ, Ессентукимæ. Уыцы рæстæджы æхсыны тæрхонтæ сæ тыхы нæма бацыдыс-ты, æмæ Пъауле, зæгъын æмбæлы, уæлæнгæйтты аирвæзт. Уый нæ, фæлæ ма, фыдæлты æмбисондау, йæ сины саст фæрæстмæ – цыбыр рæстæгмæ йæ ацы сахары хæрæндæттæ æмæ ресторанты тресты хица-уæй снысан кодтой. Куысты тынг арæхстджын разынд, банывыл кодта йæ бæрныгонд хъуыддаг. Ам йæ цард баиу кодта уырыссаг чызгимæ. Куыд фæзæгъынц, царв æмæ мыды æвдылдысты бинонтæ, «а» æмæ «о»-йæ фæцардысты, фæлæ сын цот нæ рацыд.
Пъауле йæ цардæй ахицæн 1959 азы. Куы æррынчын, уæд Онезы фырты фырт Сардион Ессентукимæ фæтагъд кодта, фæлæ йæ фыды ‘фсымæры удæгасæй нал ныййæфта – йе ‘рцыдмæ зиан бавæрдтой. Æмæ та ам дæр – диссагæн дзуринаг. Сылгоймаг лæппуйæн се стыр хæдзары хатæнтæй иуы уат бакодта. Райсомæй Сардионæн радзырдта, æхсæвы йæм йæ фыны Пъауле дзуры, уæлæмæ сыст æмæ, дам, уыцы лæппуйы бамбæрз, суазал уыдзæн. Куыд рабæрæг, афтæмæй Сардионæн, æцæгæйдæр, йæ хъæццул зæхмæ ахауд. Ууыл хъуыддаг нæ ахицæн. Пъаулейы цардæмбал лæппуйæн афтæ, замманайы хæрæфырт, дам, мын ис, дохтыр, рæсугъд чызг, æмæ, дам, æй куы ракурис, уæд не ‘ппæт бынтæ дæр дæуыл ныффыссин. Сардион ком нæ ратта æмæ сæхимæ фæтагъд кодта… Абон йæ фырт Алан, Гаглойты Гæбуцы байзæддаг, разамынд дæтты Горæтгæрон районæн.
Ацы хабæрттæ нын радзырдта Гаглойты Наташæ – бирæ азты кусы редакцийы корректорæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мингай адæймæгты хъысмæттимæ фембæлд газеты фæрстыл. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй йæхи бинонты хъысмæт дæр æнæцымыдисагдæр нæу.
Ивгъуыд царды бонтæ се ‘мыдзаг сты алыхуызон цаутæй, се ‘ппæт иумæ цæгтау куы баиу кæнай, уæд та – нæ адæмы истори.
ГАПБАТЫ Алетæ














