Сæ архайд уыд арæхстджын

0
74

Китайаг лæгæй-лæгмæ тохты хуыз «Ушу»-йæ Мæскуыйы цыдысты Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерыстæ ас спортсментæ æмæ Æппæтуæрæсеон турнир æрыгæтты ’хсæн.

Ирыстонæй ерысты цы аст спортсмены архайдтой, уыдонæн бантыст фондз æвзист æмæ æртæ бронзæ майданы рамбулын.

Нæлгоймæгты ерысы æртыккаг бынат рамбылдта æмæ спорты мастеры домæнтæ сæххæст кодта Малиты Давид.

Æвзист æмæ бронзæ майдантæй хорзæхджын ссис æрыгæтты (15-17-аздзыдтæ) ерысты Гаглойты Марк.

12-14-аздзыд чызджыты ерысты æнтыстджын рауад Тедеты Мария æмæ Томайты Елизаветæйы архайд. Тедеты Мария рамбылдта æртæ æвзист майданы, Томайты Елизаветæ та хорзæхджын ссис æвзист æмæ бронзæ майдантæй. Сæ дыууæ-
йæн дæр ахæм æнтыст бар дæтты спорты мастермæ кандидаты ном райсынæн.

 

Мария æмæ Елизаветæйæ уæлдай ма уыцы домæнтæ сæххæст кодтой Гогаты Артем æмæ Датиты Сабинæ.

Æмткæй райсгæйæ, нæ командæйы архайд рауад хорзыл нымад.

Нæ сæрæн фæсивæды ерыстæм бацæттæ кодта дунейы дыууæ хатты чемпион, Уæрæсейы æхсæз хатты чемпион, абон та РЦИ-Аланийы Ушуйы федерацийы президент Бырнацты Марк.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here