Æнгом бинонтæ

0
196

Æгъдау, æфсарм, кæрæдзийæн аргъ кæнын чи зоны, ахæм хорз æмæ фæзминаг бинонтæ Комсомольскы хъæуы бирæ ис.

Джагайты Хазби æмæ Зинæйы чи нæ зоны хъæуы цæрджытæй, ахæм нæй. Зонгæ та сæ кæнынц уæздан, цæстуарзон хистæртæй.

Ныр 50 азæй фылдæр цæрынц кæрæдзи æмбаргæйæ, схъомыл кодтой
дыууæ чызджы æмæ лæппу. Ныр та цин кæнынц уыдоны дзæбæх кæстæртыл.

Хазби бирæ бакуыста бынæттон колхоз «Комсомолец»-ы. Йæ къухты фæллой кæм хъуыдис, уырдыгæй йæхи никуы атигъ кодта. Хорз хъуыды кæны, куыд хъæздыг уыд
хæдзарад, йæ исбоныл, бирæ хорæрзадыл адæм иумæйагæй куыд фыдæбон кодтой.

– Хæрз æрыгонæй Елхотмæ бричкæтыл хор ластам, колхозы сæрдар Джатиты Зауыр диссаджы хорз æмæ кадджын лæг уыдис. Цалдæр лæппуйæ нæ шофыртыл сахуыр кæнынмæ арвыста МТС-мæ, æмæ æртæ мæйы Елхотмæ æнæзивæгæй фистæгæй фæцыдыстæм, – мысы Хазби. Æхсайæм азты райдиан æй æфсадмæ акодтой, æмæ æртæ азы Свердловскы службæ кодта. Куы сыздæхт, уæд та дысвæлдæхтæй æрлæууыд йæ куысты уæлхъус.

– Бирæ адæм фæллой кодта колхозы быдырты æмæ фермæты. Стурвос – бирæ, уæдæ дыргъдæттæ, сæнæфсир, мыдыбындзытæ дардтой, паддзахады æххуысæй мæнæу, нартхор, халсартæ хъуаг дæр никуы уыдысты колхозонтæ. Ныр уавæр аивта, хъуамæ алчидæр йæхæдæг араза йæ цард, – дзуры Хазби.

– 50 азы куыд атахтысты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. Мæ ног бинонтæ мыл æхсызгонæй сæмбæлдысты, уæлдай бузныг дæн ме ‘фсин æмæ мæ файнуст Битарты Зойæйæ. Иу бон дæр æгуыст нæ уыдыстæм, ахуырмæ тырныдтам.

Колхозы бакуыстон фосы дохтырæй, уый фæстæ уыдтæн кассир. Фæсаууонмæ педагогон ахуырад дæр райстон æмæ 38 азы бакуыстон хъæуы рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй, стæй та – сæргълæууæгæй. Мæ царды æхсызгондæр мысинæгтæ баст сты рæзгæ фæлтæримæ, – зæгъы Зинæ.

Педагогон фæллойы ветераны алы бæрæгбон дæр сбуц кæнынц йæ раздæры æмкусджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ.

Буц сты Хазби æмæ Зинæ сæ хиуæттæй, сæ кæстæртæй. Ныр 14 азы Хазби
цæстæй нæ уыны, йæ удæнцойдзинад у ирон радио. Сæ аив кæрты, агъуыстыты, алкæмдæр ис приемник æвæрд.

– Тынг уарзын хъусын алыхуызон радиолæвæрттæм, рæстæг дæр мын радио фæзæгъы, у мæ хорз ныхасæмбал. Фæлæ, хъыгагæн, æппындæр нал хъуысынц эфиры ирон спектакльтæ. Мæ хуызæн адæмы уыдон æхсызгон хъæуынц, – зæгъы Хазби.

Карджын лæг бузныг загъта йæ дзæбæх сыхбæстæн, стæй сæ хъæуы «Хозмаг»-ы хицау Киситы Артурæн. Товар ласгæйæ, æнæмæнг Хазбийæн сласы ног радиоприемник.

Зинæ та йæхи æмæ хъæуккæгты номæй арфæ кæны Аулохты Валерийæн.

– Ахæм хъæуы хицау агургæ æмæ не ссаргæ у. Тынг разы дзы стæм, æмæ ма йын бирæ бантысæд.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here