Алцæмæн дæр афон ис

0
27

Кæддæр иу чиныг кастæн, æмæ йæ разныхасы афтæ фыст уыди: «Æртæ мин азы размæ дæр дыууæ фæлтæры кæрæдзи не ’мбæрстой, хистæртæм цыдæр æнæразыдзинад уыди кæстæрты цардыуагмæ, фæлæ абон куыд адард сты, афтæ никуы уыди». Кæй зæгъын æй хъæуы, цард размæ цæуы æмæ ивддзинæдтæн æнæ уæвгæ нæй. Бæргæ, афтæ куы уаид, æрмæстдæр хорзæрдæм.

Ирон адæмæн æгъдау, æфсарм æмæ уæздандзинад сæ туджы уыди. Уымæй хицæн кодтой иннæ адæмты ‘хсæн дæр. Фæлæ, стыр хъыгагæн, абон цард йæхи бынтон æндæрхуызы æвдисы. Чидæртæ ахæм цардыуаг размæцыдыл нымайынц, сæхи уымæй фендджын хонынц. Нæ фыдæлтæ кæд уæлдæр ахуыргонддзинад нæ райстой, уæддæр царды алы фæзилæнты цы зондамонæн ныхæстæ дзырдтой, уыдон абон æмбисондæн хæссæм, бирæтæ дзы чингуыты фыст æрцыдысты. Уырыссаг анекдот афтæ зæгъы: «Ахудыны тыххæй цы загъдæуы, уымæн йæ бындур царды æцæгдзинадæй ист вæййы». Афтæ, Гапбаты Алетæ 22 ноябры «Рæстдзинад»ы ахудыны тыххæй, йе ’фсымæры лæппу цы фарст радта «Кæм æй агурон?», зæгъгæ, уый абон у æцæг тыхстаг фарста. Зæрдæйы рæбинаг тæгтæ чи агайы абоны царды, ахæм тыхстдзинад. Ирыстон абон хъæздыг у, Хуыцауæн табу, æвзыгъд лæппутæй – цы сæ бакаст, цы сæ – сæ хъæбатырдзинадæй, цы сæ уæздандзинад, се ’рхъуыдыдзинадæй, сæ куыстуарзондзинадæй. Уæдæ ахуыр дæр æмæ спорты дæр æвдисынц уæлахизтæ. Фæлæ, хъыгагæн, бинонты цард саразой, уымæ нæ тырнынц. Иу иннæмæй хуыздæрæй бадынц, бинонты кой бакæной, уымæ сæ ныфс нæ хæссынц. Æрмæст нæхи кæрты 10 ахæм сахъгуырды, æппын фау æрхæссæн кæмæ нæй æмæ хъуыддаг бакæныны афоны сæрты чи ахызт. Кæд сын арæх уайдзæф дæр бакæнын (уым, мæнмæ гæсгæ, аиппæй ницы ис), уæддæр сæ æмбаргæ та тынг хорз кæнын, суанг ма сын тæригъæд дæр кæнын.

Абон чызджытæ сæхи афтæ дарынц, раст цыма зæххыл цæуынæн æвгъау сты. Æрдз сын базыртæ куы раттид, уæд мæргътæй бæрзонддæр стæхиккой. Ацы хъуыддаджы чызджытæ сæхæдæг уый бæрц аххосджын не сты, фæлæ сæ мадæлтæ. Ме ’фсин (дзæнæты бадæд) мах афтæ ахуыр кодта: «Чызг искæй хæдзармæ цæудзæн, æмæ дæм уырдыгæй хъуамæ æлгъыстытæ ма ’рвитой, фæлæ арфæтæ». Афтæ йæхи цыппар чызджы (дзæнæт сæ бынат) кæд рагæй нал сты, уæддæр, цы мыггæгтæм фæцыдысты, уыдонæй абоны онг дæр арфæтæ исæм.

Кæстæртæ рæдигæ кæм фæкæнынц, уым сæйрагдæр аххосджын вæййынц сæ хистæртæ, сæ хъомылгæнджытæ. Чызг ног бинонты æхсæнмæ куы цæуа цæрынмæ, уæд ын мад ахæм фæдзæхстытæ хъуамæ куыд кæна: «Дæхи æвæрын базон!» «Дæхимæ кæс, ничи дын ницы фæуыдзæн, куы фæрынчын уай, уæд мæнмæ хауыс». Худинаг! Кæмæй? – сыхæгтæй? Бæлæстæй? Ахæм зондамонæн фæдзæхстыты фæстæ чызг хъуамæ цавæр зæрдæйы уагимæ бахиза йæ ног бинонты хæдзармæ? Куыд ис срастгæнæн ахæм мадæн, мæ чызджы абæрæг кæнон, зæгъгæ, куы бацыди, æмæ йæ
дзаумæттæ æхсгæ куы баййæфта, уæд æй йæ разæй фæкодта – æз дæ искæмæн дзаумæттæ æхсæгæн не схъомыл кодтон, зæгъгæ. Уæдæ нæ демографийы уавæрæй дæр зæрдæтæ нæ рухс кæнынц. Цавæр хæдзар схонæн ис ахæмæн, сывæллæтты хъæлæба кæцæй нæ хъуыса, сывæллæттæй йедзаг цы кæрт нæ уа. Иу æрыгон, дыууæ гыццыл цæхæрцæст лæппуйы мадæй афтæ фехъуыстон: «Сывæллæттæ та цæмæн хъæуынц? Ме ‘мбалæн сывæллæттæ нæй, æмæ афæдз дыууæ хатты Туркмæ цæуы». Æз фæтагъд кодтон æмæ нæ раттæг Хуыцауæй хатыр ракуырдтон, ма йæ, зæгъын, фехъус, кæнæ та йын æдылыйы хатыр бакæн. Сывæллон у зæрдæтæм рухсхæссæг, фæллад сурæг, зынтæ рохгæнæг, хурау хъарм дæттæг. Сæ цинæй адæймагæй йæ буары рыстытæ дæр æрбайрох вæййынц.

Рæстæг дугъон бæхау згъоры, фæлæ æнæмæлгæ Къостайы æмдзæвгæтыл нæ тых кæны: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?»

Фæлæ уæддæр нæ разагъды лæгтæ афтæ загътой: «Адæймаг йæ сомбоны ныфсæй цæры».

Афтæ абоны хистæртæ дæр – Стыр Хуыцаумæ кувæм æмæ дзы курæм: «Нæ амондагур лæппутæ тагъд бонты сæ амæндтыл куыд сæмбæлой æмæ уарзон царды рæсугъд фæлтæр куыд рауадзой!»

ЦÆРУКЪАТЫ Азæ,
газет «Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here