Фидар къахдзæфтæй – фидæнмæ

0
38

Бинонты аз кæронмæ фæхæццæ кæны. Нæ республикæйы, куыд æппæт Уæрæсейы, йæ фæлгæты арæзт æрцыд бирæ мидисджын мадзæлттæ.  Ацы хъуыддаджы фæсте нæ баззад Дыгуры район дæр. Иуæндæс мæйы мидæг райцентр æмæ хъæуты культурон артдзæстытæ, скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты цыдысты ацы ахсджиаг темæйыл фембæлдтытæ, хъомыладон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ.

Æмæ та мæнæ Диамбегты Аллæ, Дигорайы фыццæгæм скъолайы математикæйы ахуыргæнæг æмæ Дыгуры районы администрацийы фæсивæды социализацийы хайад цы фестиваль бацæттæ кодтой, уый æрбамбырд кодта ахуырадон уагдоны коллектив, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ хуынд уазджыты. Бинонты азы кадæн фестивалы уазджытæ уыдысты Æфсæнты Аланы, Дамбегты Вадим æмæ Толасты Сосланы бинонтæ. Зал сыл фембæлд лæугæйæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Ацы бинонты цы сабитæ хъомыл кæнынц, уыдон бæрæг дарынц сæ ахуыры бæрзонд бæрæггæнæнтæ æмæ æгъдауæй, зæрдиагæй архайынц скъолайы æхсæнадон царды, цы сын бахæс кæнынц, уымæ къухбакæнæн нæ вæййы, афтæ бæрнонæй йæ сæххæст кæнынц. Уымæй рахизгæйæ, ацы бинонты сабитæ архайынц алыхуызон аивадон æмæ спортивон къордты, уым дæр æвдисынц хорз бæрæггæнæнтæ, сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад ирдæй          разыны алыхуызон равдыстытæ æмæ конкурсты, æмæ сæ æнтыстдзинæдты руаджы ныййарджыты зæрдæтæ барухс кæнынц кады гæххæттытæ, дипломтæ, майдантæ æмæ кубоктæй. Уæдæ хæдзары куыстытæй дæр сæхи дæрдты нæ ласынц, æххуыс кæнынц сæ хистæртæн. Хъæууон царды хæдзары бирæ куыст ис, æмæ уыцы куыстытыл сабиты цалх кæнын кæй хъæуы, уый хорз æмбарынц фестивалы хъайтартæ – хуынд бинонтæ.

Уазджытæй алчидæр бацæттæ кодта хи презентаци, мадзалы архайджыты размæ рахастой, бæрæгбæтты ирон фынгыл цы æрæвæрынц æмæ йыл цы фидауы, ахæм хæринæгтæ.

Дыгуры муниципалон районы администрацийы раз Æхсæнады советы сæргълæууæг Владимир Караваев æмæ скъолайы директор Акъоты Таймураз уыдысты æмвæнд. Сæ хъуыды уыд ахæм: «Бинонтæ» – диссаджы ирд, хуызджын хъарм дзырд, нæ удтæ нын чи тавы, ахæм! Уый у нæ мадæлты фæлмæн хъæлæс, нæ фыдæлты барджын, фæлæ аудæг ахаст. Уый у нæ уарзæгой нанаты узæлд, нæ дадаты хъомысджын архайд. «Бинонтæ» – ацы дзырды æмбырд сты нæ хиуæттæ, хæстæджытæ, иу цары бын чи цæры, æмвæнд чи у, ахæмтæ. Уыдон кæрæдзиуыл аудынц, кæрæдзимæ бахъуаджы сахат æххуысы къух бадарынц. Бинонтæ сты, нæ царды фыццаг бонæй фæстаг бонмæ нын тых чи дæтты, ахæм суадон». Æмæ куыд хъуамæ ма сразы уæм ацы куырыхон нæлгоймæгты ныхæстимæ!

Бæрæгбон рауад зæрдæмæдзæугæ. Фысымтæ уазджытæн бацæттæ кодтой концерт, кæронбæттæны та Æфсæнты, Дамбегтæ æмæ Толасты бинонтæн раттой Дыгуры районы администрацийы фæсивæды социализацийы хайады кады гæххæттытæ æмæ вымпелтæ.

Ам ма нæ бафтауын фæнды, амондджын сты уыцы сабитæ, ныййарджытæ кæй уарзынц, зæрдиагæй сыл чи ауыды, царды зындзинæдтæм сæ сæхи фæлтæрддзинады руаджы чи цæттæ кæны. Амондджын сты уыцы ныййарджытæ, сывæллæтты ‘рдыгæй уарзондзинад æмæ сæ уды хъарм чи ‘нкъары. Ахæм бинонтæ царды цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахиздзысты æмæ фидæнмæ фидар къахдзæфтæй цæудзысты.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here