Ирыстоны кад бæрзонд хæссы

0
33

Ирон лæппу Цæкулаты Гермæн ссис дунейы хуыздæр консерваторитæй иуы профессор. Уæвгæ, Ирыстоны бирæ курдиатджын фæсивæд ис, æмæ махæн æхсызгон у, канд нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй æвдисынц аивады, нывкæнынады, наукæйы æмæ афтæ дарддæр.

Зальцбурджы университет Моцартеум не ’мзæххон Цæкулты Гермæны 2024 азы фæззæджы снысан кодта альты профессорæй. Уый уыцы бынаты раивта зындгонд австриаг альтист Томас Риблы. Томас уыцы бынаты фæкуыста 1983 азæй нырмæ.

– Мæнæн æхсызгон у Зальцбурджы университет Моцартеумы ахуыргæнджыты æмрæнхъ æрлæууын æмæ альты профессор суæвын. Зæрдиагæй архайдзынæн, цæмæй мæ уарзон ахуыргæнæндоны хъæздыг музыкалон традицитæм ме ’вæрæн бахæссон, ууыл, – зæгъы Гермæн, æмæ ма дарддæр йæ ныхасыл бафтыдта. – Æз бузныг зæгъын мæ ахуыргæнджытæн, ме ’мкусджытæн, ме ’мбæлттæн, мæ фарсмæ чи æрбалæууыд æмæ мын йе ’ххуысы хай чи лæвар кодта, уыдонæн.

Цæкулайы-фыртмæ ныридæгæн ис ахуыргæнæджы фæлтæрддзинад. Уый раздæр куыста Берлины Ханс Эйслеры номыл Музыкалон университеты йæ раздæры ахуыргæнæг Табеа Циммерманы ассистентæй. 2021-æм азæй 2023-æм азмæ уыд альтыл ахуыргæнæг Мюнхены музыкæ æмæ æххæстгæнæн аивæдты университеты, 2022-æм азы та йæ снысан кодтой альты профессорæй Карлсруэйы Музыкалон университеты. Уымæй дарддæр ма куыста ахуыргæнæгæй Фьезолы Музыкалон скъолайы Флоренцийы æмæ мастер-класстæ лæвæрдта дунейы алы бæстæты.

Гермæн фæархайы алыхуызон фестивальты, зæгъæм, «AIMS» – Испанийы, «Murten Classics» Мекленбург – Раззаг Померанийы, сæрдыгон концертты Оцберджы.

Нæ редакцийы кусджытæ нæ газеткæсджыты номæй зæрдиаг арфæ кæнынц Цæкулаты Гермæнæн, дард Европæйы зæххыл ирон лæджы намыс, Ирыстоны кад бæрзонд кæй хæссы, уый фæдыл. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ! Ирыстоны зæдты хорзæх æй уæд!

Гæбуаты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here