Æппæтæй сæйрагдæр – куысты бынæттæ

0
64

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Советы уæнгтæ байхъуыстой, «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы республикæйы паддзахадон программæ 2023 азы куыд æххæстгонд цыд, уый фæдыл хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланы раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй программæ сфидар кæныны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Хъæууон хæдзарады министрад æмæ РЦИ-Аланийы Хицауад бафыстой æртæ бадзырды. Программæ æххæст кæнынæн 2023 азы лæвæрд æрцыд субсидитæ 1 миллиард 562 милуаны 311 мин сомы. Уыдонæй æрмæстдæр 400 милуаны 196 мин сомы сты республикон бюджетæй, иннæ æхца – федералон бюджетæй. Уымæй уæлдай, программæ æххæстгонд цыд бынæттон бюджетты æмæ æнæбюджетон фæрæзты хардзæй. Программæйы фæрцы бындуронæй рацарæзтой Сунжæйы, Елхоты, Бруты, Хуымæллæджы, Кæрдзыны, Суададжы, Толдзгуыны, Веселое æмæ Комсомольскы хъæуты доны хæтæлтæ. Доны хæтæлты иу хай ивд æрцыд Цыколайы дæр. Уымæй уæлдай, Цыколайы 2023 азы сцалцæг кодтой Фадзайты Арсены номыл спортивон скъола æмæ сарæзтой спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс, стæй ма спортивон комплекс – Хуымæллæджы. Бруты та аразын райдыдтой, ахуырдзаутæн 200 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола, æмæ йæ дыууæ азмæ фæуыдзысты. Ацы азы кæронмæ фæуыдзæн Бæтæхъойыхъæуы ног рæвдауæндоны арæзтад. Æртæ хъæуы – Ираны, Ног Бæтæхъойыхъæу æмæ Змейкæйы станицæйы сарæзтой спортивон фæзтимæ фæлладуадзæн æхсæнадон бынæттæ. Уымæй уæлдай, программæйы фæрцы министрад арæзта хъæуты цæрæг адæмæн сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны мадзæлттæ. Афтæ, 12 адæймагæн уыцы нысанимæ лæвæрд æрцыд субсидитæ, дыууæйæн та аразынц хæдзæрттæ. Компани «Фат-Агро» та Джызæлмæ хæстæг аразы 29 цæрæн хæдзары.

Министр ма æрныхас кодта, программæйы фæлгæты ацы æмæ 2025 азы цы хъуыддæгтæ æххæстгонд цæуынц кæнæ цæудзысты, ууыл. Ацы аз райдыдтой рацарæзты куыстытæ Дур-Дуры скъолайы, стæй дзы аразын райдыдтой ног рæвдауæндон æмæ спортивон зал. Елхоты аразынц Культурон рæзты центр. Æппæт объекттæ дæр цæттæ уыдзысты 2025 азы. Уымæй уæлдай, 2025 азы аразын райдайдзысты æртæ спортивон объекты – Цыколайы, бындурон цалцæггонд æрцæудзысты Дигорайы рæвдауæндон æмæ 2-æм астæуккаг скъола. Змейкæйы та аразын райдайдзысты, ахуырдзаутæн 360 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола æмæ Культурæйы хæдзар. Ацы объектты арæзтад кæронмæ ахæццæ уыдзæн 2026 азы.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты зæххы æмæ аграрон политикæ, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег. Куыд загъта, афтæмæй программæйы фæрцы зынгæ фæхуыздæр сты хъæуты цæрæг адæмы уавæртæ, стæй йе ‘ргом аздæхта хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн дæсны специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Фарстайы фæдыл ма раныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ. Куыд загъта, афтæмæй хъæуты цæрынц республикæйы æппæт цæрджытæн сæ 36,8 проценты, æмæ сæ нымæц азæй-азмæ кæны къаддæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, адæм хъæутæй горæтмæ цæмæй мауал лидзой, уый тыххæй социалон къабаз, бынæттон инфраструктурæйы райрæзт домынц ноджы фылдæр мадзæлттæ. «Уæлдай æргом аздахын хъæуы бирæсывæллонджын æмæ цыбыркъух бинонтæм, стæй куысты бынæттæ аразыны хъуыддагмæ», – загъта депутат.

Раныхæсты фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Черчесты Асланмæ, Хæдарцаты Аслæнбегмæ. Тускъаты Таймураз ма бафиппайдта: «Цыфæнды уавæртæ куы аразæм, уæддæр адæм цæудзысты, куыст сын кæм уа æмæ мызд фылдæр кæм уа, уырдæм, æмæ хъуыддагмæ акæсын хъæуы уыцы цæстæй», – загъта Парламенты Сæрдар.

Депутаттæ ма æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ. Уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Остъаты Георги, Еленæ Князева, Качараты Олег, Киситы Мурат, Джиоты Георги.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here