Джериаты бæхы хабар

0
38

Джериатæй искæуыл куы сæмбæлын æмæ сæ куы бафæрсын сæ диссаджы бæхы тыххæй, уæд мын сæ иу дæр никуы ратта дзуапп, ома, зонын æй. Афтæмæй та уый уыдис æмбисонды бæх, йæ кой айхъуыст æгас Ирыстоныл æмæ ныхасæн баззади, Джериаты бæх, зæгъгæ.

Бадгæ та йыл æдзухдæр кодта Гуыдиаты Григкæ. Уый, хæрз гыццыл лæппу уæвгæйæ, уыдис диссаджы барæг, уыцы бæхы аккаг. Адæм-иу дисæй мардысты, йæ арæхстдзинадмæ кæсгæйæ. Дугъы уайгæйæ-иу арæх бацахста фыццаг бынат æмæ-иу райста алыхуызон лæвæрттæ, йæхицæн дæр æмæ йæ райгуырæн Джызæлæн дæр кад кæнгæйæ. Ноджы ма йæм уыдис иу хорз миниуæг.

Горæтмæ дæ нылластаид, стæй-иу æй, фæстæмæ здæхгæйæ, йæхи бар ауадз, уæд-иу атахтаид æмæ-иу ссæдз минуты фæстæмæ хъæуы балæууыдаид æмæ-иу хæдзары дуармæ ныммырмыр кодтаид, æрхæццæ дæн, зæгъгæ, мидæмæ мæ бауадзут. Фæндагыл æй ничи ’рцахстаид, афтæ ахуыр уыди.

Коллективизацийы рæстæг Джериатæ дæр иннæ æнаххос адæмы хуызæн æфхæрд æрцыдысты. Сæ куырой сын байстой, сæ фæллæйттæ дæр – афтæ, уыимæ – сæ диссаджы бæх дæр.

Бæх йæхицæн райста колхозы сæрдар, ницæйаг барæг уæвгæйæ. Уый дугъоны сифтыгъта бричкæйы æмæ дзы кодта аласабæх, тухæнæй йæ мардта, нæмгæ дæр æй кодта.

Æмæ уый дæр ницы кæнид, дугъ кæнынмæ йæ куы уагътаид иннæ бæхтимæ, уæд. Фæлæ кæм. Нæ хистæртæ – Торчынты Валодя, Зæрæби, Чермен, Ахметкæ куыд дзырдтой, афтæмæй бæх адæймаджы хуызæн ставд цæссыгæй куыдта, иннæ бæхты-иу дугъгæнгæ куы федта, уæд. Уый дæр-иу фæндыд дугъы уайын, æмæ йæ йæ хицау нæ уагъта. Фæстагмæ, дам, æй бойнæмæ ратта.

ТОРЧЫНТЫ Валодяйы ныхæстæй йæ ныффыста
ТОРЧЫНТЫ Таймураз 
1985 азы

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here