Фæсивæд æмæ сывæллæтты раст хъомылад, фæлтæрты бастдзинад, адæмы æнгом æмæ хæлар ахастдзинæдтæ, нæ фыдæлты удварнон хъæздыг бынтæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ бахъахъхъæнын – ацы æмæ æндæр фарстатæ ахсджиаг сты кæддæриддæр. Рæгъмæ сæ рахæссынц хистæрты советтæ, районты Ныхастæ æмæ æндæр æхсæнадон организацитæ.
Ацы фарстатыл йæ хъуыдытæ зæгъы Алагиры районы хистæрты советы уæнг, РЦИ-Аланийы социалон службæйы кадджын кусæг Хъайттаты Дзантемыр.
– Фæсивæды раст хъомыладыл æхсæнадон организациты архайд куыд ахады?
– Мæнæн уæлдай зæрдæмæхъаргæ у ацы фарста, уымæн æмæ хистæрты советы мæ архайд баст у рæзгæ фæлтæры удварны миниуджытимæ. Цард куыд æвдисы, афтæмæй æрмæст ныхæстæ, лекцитæ, æмбырдтæ аразын патриоттæ хъомыл кæнынæн фаг не сты. Хъуыддагæй йæ æвдисын хъæуы. Рагæй-æрæгмæ дæр ирон лæгæн, иннæ адæмтимæ абаргæйæ, йæ туджы ис, дæ мыггагæй чи у, уымæ хъарм ахастдзинæдтæ æнкъарын. Раст уаид, уыцы миниуæгæй спайда кæнын, нæ сывæллæттæ æмæ фæсивæды патриотон æмæ удварнон хъомылады. Ирыстоны алы ирон мыггагæн дæр ис уидæгтæ. Сæ равзæрдæй абоны онг рацыд 12-15 фæлтæры. Алы мыггаг дæр равзæрд йæ рагфыдæлы номæй. Хъуамæ алчидæр зона йæ мыггаджы истори. Æхсæнадон организациты æнтыстджын куыстæн пайдайаг чи уыдзæн, ахæм хъуыдытæ æмæ хъæппæристæ мæм ис. Фыццаджыдæр, хъуамæ алы мыггаг дæр сараза йæхи совет. Ууыл фæдзурынц, нæ хистæртæ «Иры Стыр Ныхас» цы æмбырдтæ скæны, уым дæр.
Зæгъæм, нæ республикæйы цæрынц 2200 мыггаджы, советтæ та нæм æрмæст 100 ис. Дыккаджы та, цæмæй нæ æфсымæрдзинад æнкъарæм, уый тыххæй скæнын хъæуы мыггаджы бæлас æмæ мыггаджы альбом. Нæ кæстæртæ уырдыгæй зондзысты, кæд æмæ кæм равзæрд сæ мыггаг, кæцы рæтты цардысты æмæ æндæр цымыдисаг бæрæггæнæнтæ.
– Дзантемыр, æмæ Хъайттаты мыггагæн ис ахæм альбом?
– Æнæмæнг! Арæзт у цалдæр хайæ: нæ мыггаджы равзæрд æмæ демографион бæрæггæнæнтæ; кæцæй рацæугæ сты, æмæ кæм цардысты фыдæлтæ; Хъайттаты æнæмæлгæ полкъ – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ; кæмæй сæрыстыр у мыггаг. Æргом куы зæгъон, уæд альбом саразын æнцон нæу, хъæуы йын рæстæг æмæ фыдæбон, фæлæ æнæмæнгæй хъæугæ кæны, цæмæй æрыгæттæ зоной сæ уидæгтæ.
– Дæ райгуырæн хъæу Цъамад арæх æрымысыс. Фæнды дæ, цæмæй нæ хохаг хъæуты раздæрау цард ногæй æхсида. Уый тыххæй цы саразын хъæуы, дæ хъуыдымæ гæсгæ?
– Æз афтæ зæгъдзынæн. Хъуамæ, æрвадиуæг чи кæны, уыцы мыггæгтæ, сæ рагфыдæлтæ кæм цардысты, стæй сæм цы историон хæзнатæ уыд, уыдон сног кæнынмæ тырной. Гæнæн-амалæй, уыцы бынаты, адæм æмбырд кæнынæн фæз бацæттæ кæной. Ацы хъуыддаджы бафæзминаг сты Цæллагтæ – Уыналы, Пагæтæ, Уырымтæ, Созæтæ, Бирæгътæ, Кæсæбитæ, Ботъотæ, Тотыккатæ, Датитæ æмæ Ханайтæ – Цъамады.
Хъæуæн йæ ныгуылæнырдыгæй бацæттæ кодтой уæрæх фæзуат, зæгъынц, ацы бынаты цардис, мыггæгтæ кæмæй рацыдысты, уыцы адæймаг – Антут. Табуйаг бынат у, уымæ гæсгæ йæ саив кодтой, стыр дурыл фыст æрцыдысты æрвадиуæг мыггæгтæ.
Æрвылаз саразынц стыр бæрæгбон, сæхи бафæдзæхсынц Тхосты дзуарыл.
Рæстæгæй-рæстæгмæ мыггаджы куывд куы аразай, уæд уым фембæлгæйæ, фадат уыдзæнис хистæртæ æмæ кæстæрты ахастдзинæдтыл, хорз æгъдæуттыл аныхас кæнынæн. Ахæм фембæлд уыдзæн зæрдæмæдзæугæ æмæ æнæферохгæнгæ, уæлдайдæр та – кæстæртæн. Нæ рагфыдæлтæ цы хъæуты цардысты, стæй ма æндæр ахсджиаг бынæттæ æвдыст кæм цæуой, ахæм картæтæ скæнын дæр пайдайаг уаид нæ фæдонтæн. Уырны мæ, уыдонæн цымыдис уыдзæн, уыцы бынæттæ бабæрæг кæнын, рагон мæсыджы къултæм бавналын, кувæндоны раз æрлæууын. Нырыккон адæймагмæ уæды хизæнтæ, хосгæрдæнтæ, уæлмæрдтæ фенын дæр диссаг фæкæсдзæн.
– Абон зын рæстæджытæ скодта, бирæтæ æххуысхъуаг æййафынц.
– Разы дæн демæ, афтæ у уавæр. Раст уаид, мыггæгтæ, æрвадæлтæ фонд куы саразиккой, цы фæрæзтæ сæм уа, уыдонæй куывдтæ, æндæр æхсæнадон мадзæлттæ аразгæйæ, йæ иу хай та-иу хæстæджытæн æххуысæн куы радих кæниккой, уæд.
Мыггæгтæ кæрæдзиуыл æнувыд куы уой, уæд адæмыхатт дæр фидар кæндзæн. Рæстæджы зындзинæдтæн иумæ ныхкъуырд дæттын æнцондæр уыдзæн.
Дулаты Татьянæ,
Алагир