1965 азы Алагирæй Дзæуджыхъæумæ фæндагыл Дзуарыхъæуы зындгонд дагестайнаг поэт Расул Гамзатов фыццаг хатт федта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæ райгуырæн зæххы сæраппонд се ’взонг цард чи рауæлдай кодта, Гæздæнты уыцы авд æфсымæры цыртдзæвæн. Сæ сурæттæ дзы æвдыст сты арвы æнæкæрон тыгъдады тæхæг авд хърихъуппы хуызы.
Поэтæн та ногæй йæ зæрдыл æрлæууын кодтой ивгъуыд æвирхъау хæсты фыдбæллæхы цаутæ, æмæ йæхи мадæлон, авайраг æвзагыл ныффыс-
та æмдзæвгæ «Журавли» («Хърихъуппытæ»). Уый уыди 1968 азы. Уырыссаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Наум Гребнев, æмæ уыцы аз мыхуыргонд æрцыд журнал «Новый мир»-ы.
Журнал фæлдахгæйæ, æмдзæвгæйыл йæ цæст æрхæцыд зарæггæнæг Марк Бернесæн. Бадзырдта телефонæй композитор Ян Френкельмæ, цæмæй æмдзæвгæйæн ныффысса музыкæ.
Æртæ мæйы бæрц фæкуыста Френкель ног зарæджы музыкæйыл. Куы йын сцæттæ, уæд та бадзырдта Бернесмæ. Композитор уый фæстæ дзырдта: «Марк æм бай-
хъуыста, исдуг ницы дзырдта, стæй… скуыдта. Бынтон фæлмæнзæрдæ нæ уыд, фæлæ-иу хатгай афтæ рауади, æмæ йæ зæрдæмæ исты тынг куы фæцыдис, уæд-иу йæ цæссыгтæ æруадысты»…
Уый уыдис Бернесæн йæ фæстаг зарæг, уæззау рынчын уыди æмæ тынг тарсти, куы нал ын бантыса хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнын. 1969 азы 8 июлы йæ йæ фырт аласта студимæ, æмæ Бернес тæккæ фыццаг фæлварæнæй ныффыста зарæг «Журавли». Мæйы фæстæ та йæ цардæй ахицæн.
Хæмыцаты Морис