Лæггæдтæ – сывæллонджын бинонтæн

0
33

Сæрмагондæй сывæллонджын бинонтæн паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ чи кæны, ахæм бирæкъабазджын центртæ Цæгат Ирыстоны ис 6.

Уыдоны кусджытæ цæгатирыстойнаг бинонтæн 2024 азы райдайæнæй нырмæ бакодтой цалдæр мины алыхуызон социалон æмæ барадон лæггады.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ.

Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Торчынты Эльвирæйы ныхасмæ гæсгæ, бирæкъабазджын центрты спеицалисттæ «иу рудзынджы» фæткы бындурыл сывæллонджын бинонтæн бакодтой алыхуызон социалон æмæ консультативон æххуыс. Кæйдæр бахъуыд юрист кæнæ æндæр ахæм специалисты æххуыс, кæйдæр – психолоджы консультаци, чидæр та сфæнд кодта сылгоймæгты клубы уæнг суæвын… Æртæ минæй дзæвгар фылдæр ахæм курдиатмæ æркастысты центрты кусджытæ, сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ бацархайдтой адæмы къух фæрогдæр кæныныл…

Бирæкъабазджын центр-ты специалисттæ сæ куыс-ты уæлдай  æргом здахынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонты æрвылбоны царды
фарстатæм.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here