Социалон фарстатæ æмæ нысантæ

0
33

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы  разамындæй ацыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ.

Алы æмбырды дæр ныхас  фæцæуы нæ республикæйы санитарон уавæрыл. Уый тыххæй РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн бæстон радзырдта регоператорты архайдыл. Уымæй уæлдай ма загъта, коммуналон хæдзарады службæтæ зымæгон бонты кусынмæ цæттæ кæй  сты. Сергей Меняйло министрæн бахæс кодта 25 декабрæй суанг ног азы фæлладуадзæн бонты онг уæлдай бæстондæр нæ республикæйы санитарон уавæрмæ цæст дарыны мадзæлттæ саразын.

– Быроны бын цæмæй ма фæуæм, уый тыххæй рагацау регоператортимæ уæ куысты фæтк саразут. Баулæфын алкæй дæр фæнды, фæлæ уæ зæрдыл дарут санитарон фарста. Уымæй уæлдай, фидæн азы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты бындурыл цы куыстытæ æххæст кæндзыстут, уый дæр ныры онг  бæлвырд æмæ фидаргонд нæма æрцыд, – бауайдзæф кодта нæ республикæйы Сæргълæу-уæг Тамайы-фыртæн.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Алыксандр та бацамыдта, хæцгæ низтæ, грипп æмæ коронавирусы  фæзынд Цæгат Ирыстоны  цас æмбæлы, уымæй уæлдæр кæй не схызт. Абоны онг гриппæй сæйæг  адæмы иунæг цау дæр бæрæггонд не ‘рцыд, фæлæ, коронавирусæй чи фæрынчын, ахæм адæймæгты нымæц у 49.

Нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты
Сослан
раныхас кодта, Тагъд æххуысы станцæ куыд кусы, æмæ цы  бантыст саразын  министрадæн афæдзы дæргъы, уый фæдыл. Тебийы-фырт куыд загъта, афтæмæй абон медицинон къабазы  кусы тагъд æххуысы 66 бригадæйы. Министрад ма самал кодта туаггуыры 70 редукторы, балхæдтой хъæугæ   ифтонггæрзтæ дæр.

– Национ проектты бындурыл нæ республикæйы алы районты байгом кодтам  афтекты 82 пункты, афæдзы кæронмæ ма ноджыдæр дыууæ скус-дзæн, ацы къуыри сараз-дзыстæм æмбырд æмæ сбæлвырд кæндзыстæм ног азы куысты пълан  дæр, – загъта министр.

Нæ республикæйы бюджеты  фæрæзтæ национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтыл хардзгонд куыд цыдысты, стæй адæмæн декабры мызд бафидыны тыххæй  доклад бакаст РЦИ-Аланийы финансты министры хæдивæг Оксанæ Карова.  Сергей Меняйло бафæдзæхста, декабры мызд  цæмæй фыст æрцæуа, ууыл   бацархайын.

– Ис фæллойы закъон æмæ фæллойы бадзырд. Уыдоны бындурыл  бацархайын хъæуы, цæмæй адæм сæ мæйы мызд гæнæн æмæ амалæй райсой, – загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Æмбырды ныхас цыдис арæзтадон объекттæ  æмæ культурон бынтыл дæр. Объектты арæзтад æмæ цалцæджы æмгъуыдтæ бæрæг сты. Уый тыххæй Сергей Меняйло бафæдзæхста, афæдзы кæронмæ æмгъуыд кæмæн уыд, уыдон æвæстиатæй фæуын, иннæтæ та ног азы пъланмæ бахæссын.

Нузалы аргъуан нæ историйы 12 æнусы  культурон-историон  хæзнаты  зынгæдæр æмæ хъахъхъæнинагдæр объект у. Æмæ дзы  кæд цалдæр азы размæ  цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты, уæддæр йæ уавæр нывыл нæу. Цæгат Ирыстоны Культурон объекттæ æмæ историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитетæн Сергей Меняйло бафæдзæхста ацы фарстамæ биноныгæй æркæсын, архиепископимæ бадзырд бафыссын æмæ цалцæггæнæн куыстытæн сметæ бацæттæ кæнын.

Аппаратон æмбырды сæйраг фарста уыдис сабитæн ног  азы бæрæгбон саразын. Уый тыххæй Сергей Меняйло загъта:

– Нæ республикæйы æппæт сывæллæттæн дæр Митын Дада æмæ Митæйы ногазон лæвæрттæ ракæныныл бацархайын хъæуы. Фыццаджыдæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард æмæ иннæ архайджыты, æвæрæз бинонтæ æмæ сидзæр
хæдзæртты сывæллæттæй иунæг дæр рохуаты куыд нæ баззайа, афтæ. Уымæй уæлдай сын  хъæуы бацæттæ кæнын алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ заз бæласы цур. Хъæууон хæдзарадон армукъатæн та бынæттæ сбæлвырд кæнын, – фæбæрæг кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here