Районы Ныхас: нæ нысан — размæцыд

0
284

Бæлвырд бæрæг у: цалдæр азы размæ карз низ COVID-19 куы фæзынд, уæд «Аланты Ныхас» æмæ йæ дæлхайæдты куыст иуцасдæр фæлæмæгъ. Уымæн ма, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис æндæр аххосæгтæ дæр. Фæлæ та фæстаг дыууæ азы змæлды архайд зынгæ фæхуыздæр. Куыд у абон та уавæр? Ууыл, стæй Кировы районы æмæ хъæуты хайæдты куыстыл ныхас кæнæм «Аланты Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтанимæ.

— Алцыдæр цæуы хистæртæй, ды дæр, Солтан, абон уыдонмæ хауыс. Зæгъ-ма, алы кардзыд зоны æмæ кæны хъомыладон куыст?

— Дæ фарстæн цыбыр дзуапп раттын зын у, уымæн æмæ рæстæг цæуы, хæссы цардмæ ногдзинæдтæ, ивы адæмы зондахаст дæр. Уыдон нæхæдæг уынæм, фæлæ нæ афæдзæй афæдзмæ алчидæр кар-дзыддæр кæй кæны, уый бирæтæ не ‘нкъарынц. Æмæ æрыгонæй куыд кодта, афтæ сонт митыл схæцы. «Ма кæ» сын чи зæгъа, ахæм хистæртæ, ома, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ нæ районы, хъыгагæн, иу дæр нал ис. Фыдæлты фарн дарддæр ахæццæ кæнын, кæстæртæм æй адæттын абон хауы хæсты сывæллæтты фæлтæрмæ.

— Æмæ дæм куыд кæсы, бафтдзæн уæ къухы уыцы вазыгджын хæс сæххæст кæнын?

— Архайæм, уымæн æмæ зонæм, уыцы фарн нын фыдæлтæй кæй баззад. Уыдонмæ уыдис æгъдау, зыдтой кæрæдзийæн кад кæнын, нывыл æвæрд уыдысты
хистæр-кæстæр, нæлгоймаг-сылгоймаджы ахаст-дзинæдтæ. Сæ рацыд æмæ бацыд, лæуд æмæ бадт — алцыдæр дзурæг уыдис æгъдау æмæ фарныл. Басæттæм ыл: дунейы царды ивддзинæдтæн сæ тæваг фæзынд нæ ирон-дзинадыл. Хъыгагæн, фылдæр æвзæрæрдæм. Сæ аххосаг — фæсарæйнаг кино æмæ Интернет. Уыдон цæстуынгæйæ халынц ацæргæтæ æмæ рæзгæ фæлтæры ахастдзинæдтæ. «Аланты   Ныхас»-ы районы æмæ хъæуты Ныхасты активонтæ зæрдиагæй архайынц уавæр фæхуыздæр кæныныл. Се ‘ххуысгæнджытæ та сты хистæр фæлтæры минæвæрттæ: Хъахъхъæдуры — Хъоцлаты Мурат, Туаты Хасан, Белеккаты Эльбрус, Калоты Елхъан; Кæрдзыны хъæуы — Богазты Арсæмæг, Моргуаты Эдислав, Слонаты Барис, Хæмæтхъуаты Рамазан, Фидараты Дзантемыр; Ираны — Фидараты Тотырбег; Ставд-Дурты — Къубалты Марклен, Созайты Валери, Черчесты Джанаспи, Быгъуылты Зауырбег; Змейкæйы — Мæргъиты Алыксандр, Бедойты Феликс, Къусраты Валодя; Комсомольскы хъæуы — Мæргъиты Хетæг, Быгъуылты Руслан; Елхоты — Бичерахты Мир, Хабæты Батмырзæ, Æрчъегкаты Батрадз, Чочиты Петр, Адырхаты Хъазыбег, Къубалты Хъазыбег, Хетъеты Эдуард.

— Ранымад хистæртæн сæ сæйраг хæс цы у?

— Сæхæдæг дæр кæддæр уыдысты кæстæртæ, хъуыстой сæ хистæртæм, фæзмыдтой сын се ‘гъдау, уыдысты коммæгæс. Раст сты фыдæлтæй баззайгæ зондджын ныхæстæ: «Цы кæстæр нæ хъуса хистæртæм, уымæй никуы ницы рауайдзæн». Стæй та уымæн дæр йæ фæстæ равзæрдзæн раст йæхи хуызæн кæстæртæ, æнæгъдау хистæртæ. Уымæн нæм ис, абон рæдигæ чи кæны, ахæм кар-дзыд лæгтæ: сæхи æвдисынц æнæфендæй, æнæуаг дзыхæй дзурынц суанг кæстæрты цур дæр. Ахæмтæ сафынц сæ ирондзинад.

— Уæддæр, Солтан, уæ сæйраг хæсыл цы ныма-йут ныры дуджы?

— Цыфæнды куы фæуа, уæддæр нæ сæйраг хæс у кæстæрты раст фæндагыл сæвæрын. Æмæ муниципалон хицаудзинады оргæнтимæ архайæм уыцы вазыгджын хъуыддагыл. Стыр æххуыс нын сты скъолаты æмæ Елхоты бирæвæрсыг колледжы разамонджытæ. Фыццаджыдæр, Ныхасты уæнгтæ æмæ районы ветерантæ арæх сæмбæлынц ахуыргæнæндæтты. Радзурынц скъоладзаутæн, нæ фыдæлтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы лæгдзинад равдыстой, хæсты фæстæ та паддзахады хъомыс фылдæр кæныныл сæ удуæлдай куысты тыххæй, ныртæккæ нæ фæсивæдæн сæрмагонд æфсæддон операцийы сæ хъæбатырдзинад аргъæутты дзуринаг кæй у, уыдæттæ. Адæмы иудзинад Ирыстоныл, егъау Уæрæсейыл иузæрдион уæвыныл кæй фидар кæны сæ зондахаст. Уыцы арфæйаг куыст æвзæр æвæрд нæу æппæт хъæуты дæр.

Районы фæсивæд стыр разæнгардæй фæархайынц фольклорон бæрæгбæтты, фыццаджыдæр, Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй арæзт конкурс-æркаст «Ирон дæн æз»-ы. Уый ма иу хатт ирдæй равдисы, Иры зæххыл кæй гуыры хорз кæстæртæ — рæсугъд, ныфсджын æмæ курдиатджын. Уыдоныл арм дарын, раст фæндагыл сæ æвæрын у фæрнæйдзаг хъуыддаг.

— Бирæты зæрдæтæ риссынц ирон æвзаджы хъысмæтыл…

— Мадæлон æвзаджы фæрцы зонæм фыдæлты кадджын Æгъдау. Уымæн аргъ чи кæны, уыдоны цæрæнбон бирæ уæд. Уыдон сты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Номæй-номмæ сæ нæ фæнымайдзынæн: алчидæр сæ дысвæлдæхтæй архайы, цæмæй скъоладзау фæсивæд сæ мадæлон æвзаг ма рох кæной, кæсой æнæмæлгæ Къоста æмæ нæ иннæ ирон фысджыты уацмыстæ. Раст зæгъгæйæ, мадæлон æвзаджы уавæр фæнывылдæр кæныны хъуыддаджы нырма ис æнæлыг фарстатæ. Фыццаджыдæр, нæма æрцыд ист бындурон закъон ирон æвзаджы хуыздæр фидæны тыххæй. Йæ райсыныл зæрдиагæй архайы «Аланты Ныхас»-ы Координацион совет. Æмæ змæлды ра-йоны, хъæуты дæлхайæдтæ æмгуыст кæнынц ирон æвзаджы ахуыргæнджытимæ, культурæйы кусджытимæ. Уавæр та ноджы фæхуыздæр уыдзæн, нæ алыхуызон æмбырдты иронау дзурын куы райдайæм, суагъæтæ æмæ иннæ хъуыддаджы гæххæттытæ нæ мадæлон æвзагыл фыст æмæ мыхуыргонд куы цæуой, уæд…

 

Ныхас ныффыста
КЪУБАЛТЫ Аркади

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here