Беслæны спортивон-æнæнизгæнæн комплексы æхсæз боны цыдысты РЦИ-Аланийы чемпионат æмæ кæстæр кары спортсменты ’хсæн фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ боксæй. Æдæппæтæй ринджы сæ арæхстдзинад æвдыстой цыппарсæдæмæ ’ввахс спортсмены.
Æрыгон æмæ фæсивæдон кары боксертæ, сæ азтæм гæсгæ, дихгонд уыдысты цыппар къордыл: 13-14, 15-16, 17-18 æмæ 19-22-аздзыдтыл. Ацы цыппар кары нæлгоймаг боксертæй уæлдай, ерыс-ты архайдтой нæ чызг-боксертæ дæр. Сæ нымæц, кæд лæппутæй бирæ къаддæр уыди, уæддæр сæхи равдыстой хъомысджынæй, æмæ сæ тохтæ рауадысты цымыдисаг.
Æппæты кæстæр къорды уæлахиздзаутæ систы: 36 кг – Наиля Кузяева, 42 кг – Кортиаты Маринæ, 46 кг – Харебаты Маринæ, 51 кг – Хъараты Миланæ.
15-16-аздзыд чызджыты ’хсæн фыццаг бынæттæ рамбылдтой: 46 кг – Цæгæраты Алекса, 48 кг – Дзæгъойты Миленæ, 52 кг – Гусалты Илонæ, 57 кг – Цуциты Эмилия, 60 кг – Дзылыхты Аминæ, 63 кг – Хъодзаты Аланæ, 70 кг – Хуыгаты Сабинæ.
17-18-аздзыд чызджытæ ерыс кодтой дыууæ уæзы, æмæ фыццаг бынæттæ бацахстой: 50 кг – София Суджашвили æмæ 52 кг – Хъодзаты Ангелинæ.
19-22 азы кары ерыстæ цыдысты æрмæстдæр иу уæзы (63 кг), æмæ дзы уæлахиздзау ссис Беркъаты Камиллæ.
Ерыстæм зæрдиагæй чи касти, уыдоны ’хсæн уыди, фарон Европæйы чемпионаты 1-аг бынат рамбулæг – Къуылыхты Кристинæ. Уый уым архайдта Сербийы номæй æмæ ныр дæр дунеон ерысты хъахъхъæндзæн уыцы бæстæйы спортивон кад.
Кристинæйы тренертæ сты: Кæркуысты Павел æмæ Быценты Алан. Кристинæ Сербимæ кæй ацыд, уый тыххæй нын радзырдта: – Æрыгæтты æмæ фæсивæдон кары хæцгæйæ мын бантыст Уæрæсейы 3-аг æмæ 2-аг бынæттæ рамбулын. Афæдзы размæ Анапæйы дунеон ерысты рамбылдтон 1-аг бынат, æмæ мын уым æнæнхъæлæджы ской кодтой, сербиаг тренерты фæнды, куы сразы уаис уырдæм ацæуыныл, зæгъгæ. Мæ тренертæ мæ сразы кодтой, æмæ мын ныр фадат ис дунеон ерысты архайынæн. Ацы аз нæ нысан у, дунеон чемпионатмæ куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр мæхи бацæттæ кæнын.
Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæ æппынæдзух ам, Ирыстоны, ис. Сербийы дæр мын ис хорз уавæртæ, фæлæ, уæддæр нæхимæ куы вæййын, уæд мыл цыма фылдæр тыхтæ бафты, афтæ мæхи фæхатын. Мæнæ ныр, ерыстæм кæсгæйæ, мæ зæрдæ барухс, цы бирæ нæм сæрæн чызджытæ æмæ лæппутæ ис, уыдонæй.
Æмæ, æцæгæйдæр, ринджы цы тохтæ цыдысты, уыдоны спортуарзджытæ федтой, дæсгай сæрæн боксертæ нæм кæй рæзы, уый. Алы кары дæр нæм ис, ныридæгæн Уæрæсейы стырдæр ерысты архайыны аккаг чи у, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Уый та дзурæг у семæ кусæг тренерты дæсныдзинадыл дæр.
Æппæты кæстæр кары 13-14-аздзыд уæлахиздзаутæ систы: 40 кг – Бицъоты Батрадз, 42 кг – Гаглойты Марат, 41 кг – Даниэл Коберидзе, 46 кг – Зассеты Георги, 48 кг – Тæкъоты Давид, 50 кг – Годжыцаты Даниэл, 52 кг – Хъоцыты Сæрмæт, 54 кг –
Кæркуысты Арсæмæг, 54 кг – Владимир Черный, 60 кг – Хъуыдаккаты Тимур, 63 кг – Хестанты Эльбрус, 66 кг – Хацырты Эльбрус, 75 кг – Григорий Зироян, 90 кг – Владислав Бризицкий, 90 кг – Дриаты Сæрмæт.
Æрыгæтты (15-16-аз-дзыд) ерысты 1-аг бынæттæ рамбылдтой: 46 кг – Икъаты Георги, 48 кг – Дзылыхты Сослан, 50 кг – Тебиаты Алан, 52 кг – Баскаты Марат, 54 кг – Годжиты Станислав, 57 кг – Байцаты Хетæг, 60 кг – Гаглойты Марк, 63 кг – Тедеты Ростислав, 66 кг – Икъаты Зауырбег, 70 кг – Цхуырбаты Давид, 80 кг – Уалыты Аслан, 80 кг – Хæллаты Тамерлан.
Ноджы цымыдисагдæр рауадысты фæсивæды дыууæ кары финалон тохтæ. 17-18-аздзыд боксертæ ерыс кодтой иуæндæс уæзы, æмæ дзы алкæцыйы дæр 1-аг бынат рамбулыныл цыдысты хъазуатон тохтæ. Хатгай зын равзарæн уыд фæуæлахизуæвæджы, æмæ-иу бахъуыд тохы ацыдмæ цалдæр хатты компьютеры фæрцы сбæлвырд кæнын.
Æппынфæстаг, 1-аг бынæттæ бацахстой: 54 кг – Хъараты Георги, 57 кг – Давид Суджашвили, 60 кг – Бериаты Ирлан, 63,5 кг – Мæцъиты Рустам, 67 кг – Торчынты Максим, 71 кг – Артур Мирошников, 75 кг – Цæлойты Сæрмæт, 80 кг – Тыджыты Артур, 86 кг – Джиоты Георги, 92 кг – Дзаттиаты Сослан, 92+кг – Джызойты Чермен.
19-22-аздзыд спорт-сменты ’хсæн уыдысты, ныридæгæн хистæр кары ерысты архайынмæ чи тырны, ахæм къорд боксеры. Кæронбæттæны тохты фæуæлахиз сты æмæ 1-аг бынæттæ рамбылдтой: 57 кг – Уалыты Батрадз, 60 кг – Танделаты Карим, 63,5 кг – Абгарян Цавак, 67 кг – Илурты Давид, 71 кг – Сергей Денисенко, 75 кг – Тыбылты Алыксандр, 80 кг – Æлбегаты Сæрмæт, 86 кг – Джиоты Тамерлан, 92 кг – Гæззаты Валери.
Хистæр кары (19-40 азы онг) ерыстæ цыдысты æрмæстдæр æртæ уæзы, æмæ сæ чемпионты ном рамбулджытæ систы: 63,5 кг – Тигран Сагоян, 67 кг – Владислав Богданов, 92+кг – Кокойты Георги.
Ерысты раззагдæр бынæттæ бацахстой, куыд Дзæуджыхъæуы иуæндæс боксы клубты, афтæ нæ республикæйы авд районы боксертæ дæр. Районты боксертæй æппæты фылдæр хæрзиуджытæ рамбылдтой Рахизфарсы районы минæвæрттæ, бантыст сын дыууадæс сыгъзæрин æмæ аст æвзист майданы рамбулын. Сæрæнæй сæхи равдыстой Алагир æмæ Горæтгæрон районы боксертæ дæр. Алагирæгтæ хорзæхджын систы авд сыгъзæрин æмæ авд æвзист майдантæй.
Ерыстæ, æнæкъуылымпыйæ цæмæй ацæуой, ууыл зæрдиагæй бацархайдтой – РЦИ-Аланийы Боксы федерацийы сæргълæууæг Дзгойты Константин æмæ йе ’ххуысгæнджытæ.
Константин йæхæдæг бузныг загъта Беслæны спортивон-æнæнизгæнæн комплексы кусджытæ æмæ сæ сæргълæууæг Гуытъиаты Вячеславæн, æхсæз боны дæргъы
ерыстæн æмбæлгæ уавæры кæй цыдысты, уый тыххæй.
Баскаты Уырызмæг