Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры репертуар фæхъæздыгдæр ног спектаклæй. Ирон сценæйыл æвæрд æрцыд зындгонд дунеон французаг классик Жан-Батист Мольеры пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Мизантроп». Сæвæрдта йæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, режиссер БИТАРТЫ Алыксандр.
Режиссер йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй французаг театр «Комеди Франсез»-ы æвæрдæй спектакль «Мизантроп» фыццаг хатт федта, студент ма куы уыд æмæ Б. Щукины номыл Мæскуыйы Театралон институты куы ахуыр кодта, уæд. Пьесæ йæ зæрдæйы ахъардта æмæ йæ нал суæгъд кодта, катайы йæ æфтыдта. Æмбæрста, искуы йын æнæсæвæргæ кæй нæ уыдзæн, уый. Æмæ ныр, куыд фæзæ-гъынц, – йæ афон æрцыд.
Чи зоны, исчи ахъуыды кæна – ныры рæстæг æмæ Мольер? Уанцон нæу! Рагон дуг, рагон пьесæ, рагон хъайтартæ… Цæмæй хъуамæ цымыдисаг уой, абоны боны цæстæй акæсгæйæ? Фæлæ хъуыддаг рауад бынтон æндæрхуызон. Театрдзауимæ ахъазынвæнд цыма скодта Битары-фырт, ахæм хъуыды сæвзæры адæймагмæ, пьесæ-
йæн йæ фыццаг сценæ фенгæйæ дæр. Хъазын хорз у, цæуылнæ? Фæлæ, куыд фæстæмæ, афтæ спектакльмæ кæсæг æмбарын райдайы: артистты æнахуыр диссаджы сурæтты, хъæлдзæг антураж æмæ худæджы сценкæты æмбæхст сты, æнусты дæргъы адæймаджы удхарæй чи мары, ахæм арф хъуыдытæ æмæ æнусон фарстатæ, йæ цæргæ бонты дзуапп ссарыныл хъуырдухæнтæ кæуыл кæны, уыдон.
Режиссер-æвæрæг æмæ, йемæ спектаклыл чи бакуыста, уыцы сфæлдыстадон къорд хъазгæ-хъазын равдыстой, æрхæндæг æнкъарæнтыл чи æфтауы, ахæм цау. Сæйраг хъайтар Альцестæн (республикæйы сгуыхт артист Мыртазты Тимур) хуымæтæг персонаж схонæн нæй. Йæ алыварс цыдæриддæр адæм ис, хорзæй дзы никæмæ ницы ары, иуæй дæр разы нæу, сæ хъæнтæн сын нæ быхсы, æхсæнадæй йæхи дард ласы. Мизантроп дæр æй уымæн хонынц. Уыимæ, нæ уарзы дам-думтæ, нæ быхсы фæлитой митæн. Йæхимæ кæсы Наполеон, раздзог. Ууыл дзурæг у йæ гуыры æвæрд, йæ сæрыл цы æртæтигъон худ дары, уый дæр. Йæ фарсмæ та – пластмассæй конд хъазæн, гыццыл къæбыла, йæ хъуырыл – бæттæн, афтæмæй йæ Альцест-Мизантроп йæ фæдыл ралас-балас кæны. Цымæ уый цы уа? Цы амоны ацы хъазæн? Спектаклы режиссер уымæй цы зæгъинаг уыд? Уый театрдзау бамбардзæн, спектакльмæ кæронмæ куы бакæса, æрмæстдæр уæд.
Нæй Альцестæн æнцойдзинад а зæххыл. Йæ зæрдæ рухс у æрмæстдæр иунæг сыгъдæг æнкъарæнæй – æнæкæрон уарзтæй уарзы Селименæйы (Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Гæбуты Жаннæ). Фæлæ цы кæна? Бæрзонддæр æхсæнады минæвар у Селименæ, йæ рæстæг æрвиты хъæлдзæг æмæ хи ирхæфсгæйæ. Чызг сæм йе ‘ргом раздаха, уый кæй фæнды æмæ, йæ алыварс чи зилы, ахæмтæ бирæ сты. Алкæмæндæр дзы йæ рæвдаугæ цæстæнгас æхсызгон у. Расай-басай кæны Альцесты дæр. Куыд фæзæгъынц, донмæ дæр æй тæры æмæ йæ æнæ донæй дæр здахы. Хатыр ын кæны алцыдæр Альцест æмæ, æппынфæстаг, чызгæн йæ размæ æвæры домæн,
ныууадз дæ бирæ табугæнджыты, дæ хъазæн митæ семæ æмæ мын сразы у, зæгъгæ. Фæлæ уый Селименæйы бон нæу. Куыд хъуамæ ныууадза йæ диссаджы рæсугъд, хъæлдзæг цард, йæ бирæ табугæнджыты æмæ йæхи Альцестæн куыд снывонд кæна? Æмæ йæм кæд йæ къух разыйы дзуаппы хуызы алæвæрдта Селименæ, уæддæр Альцест æмбары, сайды та кæй кæны æмæ ма йын кæй баззад æрмæстдæр иунæг æмбал, гадзрахатæй йыл чи никуы рацæудзæн, йæ фарсмæ алкæддæр чи балæудзæн æмæ йæ цыфæнды уавæры дæр чи бамбардзæн – йæ гыццыл къæбыла. Æмæ йæм Мизантроп, зæгъгæ, дзуры, сиды йæ къæбыламæ Альцест.
Спектаклы бирæ ис цавæрдæр æнахуыр нысантæ, ног авналæнтæ, театрдзауæн йæ фæсонæрхæджы дæр чи нæй, ахæмтæ. Сæ иу – ирон сценæйæ хъуысы французаг æвзаг. Иуæй-иу сценкæты спектаклы архайджытæ сæ кæрæдзиимæ ныхас кæнынц французагау. Ирон æвзагмæ та сын сæ ныхæстæ уыцы-иу рæстæг, сценæйыл бадгæйæ, тæлмац кæны Элиантæ (артисткæ Хынцæгты Маринæ).
Уæдæ иронау та пьесæйы архайджытæ сдзырдтой Кокайты Тотрадзы дæсны тæлмацы фæрцы.
Спектаклы иннæ ногдзинад бантыст нывгæнæг-æвæрæг Дзиуаты Асланы фæрцы: сценæйыл арæзт æрцыд… сценæ. Стæй та кæс, æмæ иу уысммæ сценæйæ рауайы, боксертæ кæрæдзийы тых кæм æвзарынц, ахæм ринг, æмæ дзы Селименæйы уарзæттæ Альцест æмæ Оронт (артист – Токаты Зауырбег) кæрæдзийы нæмынц, хойынц дымсгæ шартæй… Стæй ма бирæ æндæр æнахуыр фæзилæнтæ, æмæ дзы алкæмæндæр – йæхи нысан, йæхи хъуыды.
Афтæмæй, режиссерæн йæ бон ссис Мольеры пьесæмæ абоны цæстæй акæсын. Гъе уыцы хуызы æнусон хъуыдытыл æфтауы спектакль театрдзауы. Афтæ æнусон у классикæ дæр. Æмæ йæ чи уарзы, æнусон хъуыдытæн дзуаппытæ ссарыны фæнд æнцой кæмæн нæ дæтты, уыдон, табуафси, Ирон театрмæ, спектакль «Мизантроп» фенынмæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ