Æнусы фæлмæй

0
45

Рагон къамтæ нæ сæхимæ здахынц, комкоммæ нæ æдзынæг ныккæсын кæнынц рагон адæмы цæсгæмттæм æмæ  нæ  хъуыдытыл  бафтауынц.  Хатт  нæм  æрбайхъуысы  сæ  царды  уынæр,  сæ  зæрдæты  цæф:  цæмæ тырныдтой, цæуыл уыд сæ сагъæс, сæ катай. Уæд дæр æмæ ныр дæр алкæмæндæр йæ каст уыд фидæнмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæры нæм фарст: «Цы уыдзæн нæ фидæн? Нæ фæстæ цы фæлтæртæ уа,  уыдоны  цардыуаг,  зондахаст  æмæ  æгъдау  куыд  фæивдзæн?»  Æмæ  нæм  фæзыны  бæрнондзинады æнкъарæн, цæмæй сæ разы къæм-дзæстыг ма уæм, уымæ нæ сразæнгард кæнынц.

Ацы къам нæм æрбахаста ХАДЫХЪАТЫ Светланæ. Зоны дзы æрмæстдæр иу адæймаджы — йæ фыдыфыд Хадыхъаты Еналды, рахизæрдыгæй лæууы дыккаг. Иннæтæй кæд исчи искæй базона, уæд нæм ныффыссæд газетмæ.

Хадыхъатæ  Фарны  хъæумæ (1922  азы)  æрлыгъдысты  Хохы  Санибайæ.  Къам  ист  æрцыд  бæлвырдæй Октябры революцийы агъоммæ. Ууыл дзуры, къамы чи ис, уыдоны уæлæдарæс. Æмæ дзы, æвæццæгæн, сты фылдæр Саниба æмæ Хохы Дæргъæвсы зылды уæды цæрджытæ, чи зоны, Турчы хæсты архайджытæ.

Хадыхъаты Еналды райгуырд 1885 азы. Уыд Дзампаты хæрæфырт, Дзгойты сиахс, рантыст ын иу лæппу æмæ дыууæ чызджы. Уыдоны цотæй у Светланæ.

 

Цгъойты Хазби

(Æлутоны фарсæй)

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here